Фидæны хорæрзадæн – фидар бындур

0
39

Зымæг йæ бартæ райста, æмæ Цæгат Ирыстоны зæхкусджытæн сæ фæллад суадзынæн фадат фæци. Фæззыгæнд байтыдтой 52 мин гектары фæзуатыл.

Куыд иннæ азты, афтæ та ныр дæр фылдæр фæзуæттæ лæвæрд æрцыдысты мæнæуæн – ацы культур бацахста 30 мин гектары. Фæззыгæнд хъæбæрхор байтыдтой 6,3 мин гектары, рапс – 15,4 мин гектары. Ацы аз фæззыгæнд тритикалейы фæзуат фæфылдæр кодтой, æмæ тыд æрцыд 325 гектары, ома, фароны бæрæггæнæнимæ абаргæйæ, 62 проценты фылдæр. Ам фæбæлвырд кæнын хъæуы, тритикале кæй у гибрид, адæймаг селекцион куысты руаджы кæй сарæзта, фыццаг ахæм культур, мæнæу æмæ цъой (сылмæнæу) сиу кæнгæйæ.

Фæззыгæнд хуымгæнды фылдæр хай ис Мæздæджы районы – 42,3 мин гектары. Фæбæрæг кæнын хъæуы иу хъуыддаг: мæздæггаг фермеры зæрдыл æрлæууыд фæлварæн саразын – байтыдта 60 гектары фæзуатыл фæззыгæнд цъæх хъæдур. Специалисттæ сæ цæст дардзысты, æркæсдзысты, ацы культур йæхи зымæгон бонты куыд æвдис-дзæн, уымæ. Фæлварæн хорз куы рауайа, уæд уый стыр ахъаз фæуыдзæн, урсаг бирæ кæм ис, ахæм фосы холлæгтæ дзæвгар фæфылдæр кæнынæн нæ регионы.

Республикæйы хъæууон хæдзарады министр Къусраты  Алан куыд зæгъы, афтæмæй фæззыгæнд тауыны кампани ацыд æнтыстджын æмæ æнæ-
къуылымпытæй. Министр ма фæбæрæг кодта, фидæны хорз тыллæгæрзад кæй ратдзæн фадат экспортæн. Цæгат Ирыстоны цы продукци æрзайы, уымæн йæ хæрзхъæддзинадæн стыр аргъ кæнынц æддагон базарады дæр. Экспорт фæфылдæр кæнгæйæ, бынæттон зæхкусджытæн гæнæнтæ фæуыдзæн æрмæст сæ уæййаг продукцийы бæрц фæфылдæр кæнынæн нæ, фæлæ нырыккон технологитæм рахизынæн дæр.

Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, РЦИ-Аланийы Хъæууон хæдзарады министрад разæнгардæй кæй архайы национ проект «Дунеон коопераци æмæ экспорт»-ы размæ æвæрд нысантæ æмæ бæрæггæнæнтæ сæххæст кæныныл  федералон программæ «Агропромышленнон комплексы продукцийы экспорт»-ы æххуысæй. Тауыны куыстытæ фесты хуыздæр агротехникон æмгъуыдтæм. Гидромедцентр куыд хъусын кæны, афтæмæй         фæззыгæнды культуртæн агрометеорологон уавæртæ, æмткæй райсгæйæ, сты æнæзæрдæхсайгæ.

 

ГАПБАТЫ Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here