Дзæуджыхъæуы Хольцманы микрорайоны Афицерты гарнизонон хæдзары скодтой,
9 декабры кæй сбæрæг кæны нæ бæстæ, – Фыдыбæстæйы Хъайтарты боны кадæн кадджын мадзал.
Куыд зонæм, афтæмæй Цæгат Ирыстоны ис Уæрæсейы ссæдз Хъæбатыры. Уыдонæй æхсæзæн уыцы бæрзонд хæрзиуæг лæвæрд æрцыд сæ амæлæты фæстæ.
Мадзалы архайдтой Александр Даниловы ныййарджытæ, Есенаты Таймураз æмæ Андрей Днепровскийы мадæлтæ, Борис Якимкин, Тулпар Мусалаев æмæ Дмитрий Семеновы цардæмбæлттæ. Фембæлдмæ æрбахуыдтой республикæйы скъолаты минæвæртты. Ахуырдзаутæн радзырдтой, йæ цард нывондæн чи‘рхаста нæ бæстæйы сæрвæлтау хæстон ныхмæлæудтыты, стæй сæрмагонд æфсæддон операцийы, уыцы хъайтарты лæгдзинад æмæ æхсары тыххæй. Æрымысыдысты, Беслæны фыццæгæм скъолайы теракты рæстæг сæрмагонд æфсæддон хæйтты хæстонтæй чи фæмард, уыдоны. Хъайтарты мысгæйæ, иу минут æдзæмæй алæууыдысты.
Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæй чи фæмард, уыдоны мадæлты уæрæсейаг æхсæнадон организацийы цæгатирыстойнаг хайады сæрдар Уæрæсейы Хъæбатыры мад Татьянæ Днепровская загъта:
– Хъæбатыр, йæхи цардыл нæ ахъуыды кæнгæйæ, хъахъхъæны Райгуырæн бæстæ, цæмæй мах сабыр арвы бын цæрæм. Уымæ гæсгæ, хъуамæ рох ма уой, баззайой нæ зæрдæты. Цалынмæ сæ мысæм, уæдмæ немæ цæрдзысты. Хъайтары мад ма арфæ ракодта мадзал саразджытæн, фембæлды архайæг скъоладзаутæ æмæ ахуыр-
гæнджытæн, се ‘ххуысы тыххæй – Театралон архайджыты цæдис æмæ Дзæуджыхъæуы администрацийæн.
ГАПБАТЫ Алетæ