Цæгат Ирыстоны автономон облæсты 100 азы кадæн РЦИ-Аланийы Национ музейы равдыстыты залы 6 декабры йæ куыст райдыдта сувенирон продукцийы, стæй нæ республикæйы куыстуæтты цæттæгонд национ æмæ юбилейон нывæфтыдтæй аивгонд алыхуызон дзаумæтты равдыст.
«Ирон традицитæ – дæсныдзинадæн ныфсдæттæг» – ацы цымыдисаг равдыст цæудзæнис ног азы 12 январмæ. Фенæн дзы ис нырыккон æрмдæсныты конд дзау-
мæттæ керамикæйæ, дурæй, згъæрæй, нымæтæй. Уыдзæн дзы сыгъзæринæй конд рæсугъдгæнæн дзаумæттæ, ирон кæлмæрзæнтæ æмæ æндæр зынаргъ дзаумæттæ, уыимæ, нæ республикæйы Национ музейы фондæй ист экспонаттæ. Равдыстмæ æрбацæуæг уазджытæ æхсызгонæй бакæсдзысты фарфорæй конд дурынтæм, аргъ скæндзысты панно, сувениртæ, скульптурæ æмæ статуэткæтæн.
Равдысты эспонаттæй алкæцыдæр, æнæмæнг, сфидаудзæн ирон национ нывæфтыдтæй.
Мæйæ фылдæр цы равдыст цæудзæн, уый фæлгæты арæзт уыдзысты ахуыр-
тæ хъуымацæй куклатæ кæнынæй, амондзæн сæ Хъесаты Маргаритæ. Цыллæйæ ирон кæлмæрзæнтæ бийыныл, кæй бафæнда, уыдоны сахуыр кæндзæн æрмдæсны
Косты Иринæ. Нымæт цæгъдын æмæ дзы дзаума скæныны сусæгдзинæдтæ равдисдзæн Бзарты Аланæ. Кувæг лæг дын нуазæны сыкъа куы ратта, уæд уый кады нысан у. Куыд саив кæнынц, уыцы сыкъатæ, уый тыххæй та бæстон дзурдзæн æмæ æвдисдзæн мастер Зассеты Алан.
Равдысты проект бацæттæ кодта РЦИ-Аланийы Национ музей.
Гугкаты Жаннæ