Фæрсын худинаг нæу

0
44

Ныр æртыккаг хатт мыхуыры рацыд Цгъойты Хазбийы чиныг «Ирон царды æгъдæуттæ».

Адæймаг, æвæццæгæн, йæ мады гуыбынæй, гуырдзæй дæр истытæ рахæссы, фæлæ фылдæр хъуыддæгтæ базоны фенгæйæ, бавзаргæйæ, фехъусгæйæ, бакæсгæйæ… Æмæ уый тыххæй фыссы Хазби дæр, чиныджы раззаг цъар рафæлдахгæйæ, уым: «Ацы чиныджы ныхас цы фарны хъуыддæгтыл цæуы, уыдоны иу хайы архайæг уыдтæн мæхæдæг, иннæты базыдтон, куырыхон хистæрты фæрсгæйæ, бакастæн чингуыты æмæ сæ адæмы рæгъмæ хæссын хатдзæгты хуызы, сæ арф хъуыдытыл æнцой кæнгæйæ».

Чиныг æртыккаг хатт джиппы рацыд адæмы курдиæттæм гæсгæ.

Ныртæккæ ахæмтæ дæр ис, æмæ йæхи хыссæйы тулайæ йæ хæдзары æртæ кæрдзыны не скодта, æртæ лæджы се скувынмæ не ’рбахуыдта, афтæмæй æгъдæуттыл дзурæг, æгъдæуттæ амонæг сси. Не ’гъдæуттæ дæр адæмы сфæлдыст сты, æмæ алкæмæн дæр бар ис уыдоныл дзурынæн, æрмæст сæ бындуронæй зонын хъæуы æмæ æххæст кæнын, Цгъойты Хазбийы хуызæн. Уый, алы бæрæгбоныл дзургæйæ дæр, уымæн агуры йæ уидæгтæ, кæд æмæ сæ куыд кодтой ирон адæм, уый халгай равзары, æмæ сыл адæм дæр уымæн æууæндынц. Зæгъæм, «Рагон ирон Ногбон», зæгъгæ, уым Хазби фыссы: «Уæлдæр куыд загътон, афтæмæй-иу рагон ирайнаг адæмтæм ног аз райдыдта уалдзæджы, бон æмæ æхсæв-иу æмиас куы систы, уæд. Мах, ирæттæ дæр, стæм ирайнаг адæмтæй. Уый бæрæг у не ’взагæй, нæ дунеæмбарынадæй, не ’гъдæуттæ æмæ рагон динæй. Ацы хъуыды алы бæстæты ахуыргæндтæ раджы сфидар кодтой, ныр дызæрдыггаг нал у. Æмæ иннæ ирайнаг адæмты царды æгъдæуттæ кæд пысылмон дины бын фесты, уæддæр сæ рох нæу, сæ фыдæлты ног аз-иу куыд райдыдта, уый. Хонгæ та йæ кæнынц Навруз, ома, Ногбон. Махмæ куыд у, афтæ. Мах нæ дзурæм Ног азы æхсæв, фæлæ Ногбоны æхсæв. Къостамæ дæр ис æмдзæвгæтæ «Ногбоны æхсæв», «Ногбоны зарæг». Ног бонæй райдайы Ног аз.

Афтæ у æппæт ирайнаг адæмтæм дæр, æмæ йæ сбæрæг кæнынц 21 мартъийы… Æмæ дарддæр: «Мах, ирæттæ, уыцы бон æцæг Ногбон кæй ралæууы, нæ фыдæлтæ йæ уæд кæй бæрæг кодтой, уый рох кæнын райдыдтам. Уым дæр та фæразæй стæм? Афтæмæй Ногбоны æрцыд ’ппæты растдæр нымад уæдмæ цæуы. Уый у æцæг æр-
дзон ногбон. Хъарм уазалыл куы фæтых вæййы, рухс та – талынгыл, уыцы бон. Æмæ æрдз йæхиуыл схæцы, бæстæ базмæлы: цæрæгойтæ-зайæгойтæ. Алчи, алцы цот кæнынмæ, билцъ, тау уадзынмæ, дидинæг калынæ фæвæййы».

Æз мæхи ирон бæрæгбæттæ хорз зонæгыл нæ нымайын æмæ сыл фысгæ дæр арæх нæ кодтон. Афтæмæй-иу бæрæгбонмæ зад дæр бафтыдтам, арахъхъ дæр рауагътам, ирон бæгæны дæр бахсыстам, кусæрттаг дæр снывонд кодтам, æртæ кæрдзыны дæр скодтам нæхи хидвæллой, нæхи тугвæллойæ. Уымæн æмæ йæ зыдтам, Хуыцау æмæ йе сконд зæдтæ дæр нын нæ куывдтытæ афтæмæй айсдзысты, æрмæст сæм сыгъдæг зæрдæйæ скувгæйæ.

Цæрæнбонты ирон æгъдæуттыл дзурæм, фыссæм, райваз-байваз сæ кæнæм, иухуызон скæныныл сæ архайæм, фæлæ – никуы æмæ ницы. Æмæ кæмдæр чысыл истæмæй куы хицæн кæной, уæд уым быцæуныхас цæмæн хъæуы? Уыгæрдæны иухуызон рæсугъд дидинджытæй дæр зæрдæ иуафон фæцъæх вæййы, фæлæ алыхуызон кæркæ-мæркæ дидинджытæй хуыздæр фидауы. Уæддæр уыцы уыгæрдæн нæу, нæхи уыгæрдæн…

Чи зоны, Цгъойты Хазбийы чиныг «Ирон царды æгъдæуттæ»-йæ истытæ кæйдæрты зæрдæмæ нæ фæцæуа, фæлæ, йæхи загъдау, «фæрсын хорз у  – чи фæрсы, уый зоны», Хазби та у, ирон æгъдæуттæ хорз чи зоны, ахæм лæг. Æмæ, уæ хорзæхæй, фæрсын худинаг нæу, уымæй уæ чиныджы автор фæбузныг уыдзæн.

 

Абайты Эдуард

Чиныг балхæнæн ис: «Мыхуыры хæдзар»-ы,
тел: 8-8672-25-96-18

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here