Йæ кары чи бацыд (цæуы йыл 85 азы), йæ пенсийæ чи цæры, фæлæ дзы йæ бон авналын кæмæн нæу, ахæм сылгоймаг æрбадзырдта редакцимæ. Нæ урæдта йæ тыхст ныхас, æз нырмæ кусгæ цæмæн кæнын, æви нырмæ гыццыл фæкуыстон, мæ пенси мын ницы фаг у, зæгъгæ, дзырдта.
Бынтон æй батыхсын кодта цæрæнуатон-коммуналон хадзарады лæггæдты тарифты рæзт. Радзырдта, йæ пенси йын цас рæстæджы фаг свæййы, цæуылты йæ схардз кæны, уыдæттæ. Редакцимæ йæ тыхстимæ, йæ сагъæстимæ чи æрбадзуры, йæ фарстатæ чи ратты, уыдон дзæвгар сты. Сæ фылдæр тыхсынц сæ кæстæртыл, сæ фидæныл. Æмæ сæхиуыл. Уымæн, æмæ адæймаг йæ кары куы бацæуы, уæд мæт кæны йæ царды кæроныл дæр. Нæ йæ фæфæнды йæ кæстæрты стыхсын кæнын, йæ зæрды вæййы уыдонæн уыцы бонмæ ныууадзын исты фæрæзтæ, фæлæ…
Не ‘мбарынц хистæртæ, пенсийæ куыд фæцæрой, уый. Нæ бæстæ æцæгдæр стыр æмæ парахат у, цæст ыл нæ хæцы. Хъæздыг у æрдзон фæрæзтæ æмæ пайдайаг къахинæгтæй, сыгъзæринхъуаг дæр не стæм, уæдæ газ, нефть, энергидæттæг фæрæзтæ фагæй – фылдæр. Стæм дунейы иннæ бæстæты разæй. Уæд хъуамæ дæ цæрджытæ цæмæн æвзарой ахæм тыхстдзинæдтæ, цæуылнæ ис газ, артаг, рухсæн ныллæгдæр æргътæ скæнæн? Æппынæдзух сæ фæсарæйнаг бæстæтæн куы уæй кæнæм, лæварæмхасæн рауайы фылдæр хатт.
Уыдæттыл ныхас дæр нæ цæуы, чи хъуамæ рахæсса ахæм фарстатæ разамынды размæ, чи сæ бадома дзуапп? Æрхæссон та Уæрæсейы «Газпром»-ы разамонæг Миллеры мызд иунæг бонмæ – 5 милуан сомы. Мах дæр уый æмбис мæймæ куы исиккам, уæд тарифты рæзт хъуыды дæр не ‘ркæниккам…
«Мæ бон нæу рынчындонмæ ныццæуын, афтæмæй мын ныр фондз капельницæйы хъæуы скæнын, фæлæ мæ уæд таксийæн иуæрдæм бахъæудзæн 100 сомы, фæстæмæ дæр – уый бæрц», – дзуры районтæй иуы цæрæг. «Цæуылнæ ис фаг фелcырон-акушерон пункттæ, цæмæн цæуон рынчындонмæ, æхца мын уырдæм нæ фаг кæны», – тыхсы сылгоймаг. Афтæмæй цавæр рухс фидæнæй æвæрынц зæрдæ нæ разамынд?