Мишайы америкаг батинкæтæ

0
22

Советон Æфсад, немыцаг фашисттыл фæуæлахиз уæвгæйæ, историйы æппæты уæззаудæр хæсты стъæлф куы сæвæрдта, уæдæй нырмæ рацыд 80 азы, фидæны уалдзæджы бæрæг кæндзыстæм уыцы цытджын цау. Хæсты уæззау тугæйдзаг фæндæгтыл чи фæцыд, уыдонæй иу уыд Гаглойты Миша. Ветеран царди Камбилеевкæйы хъæуы, уырдæм бинонтæ ралыгъдысты Гуырдзыйы мидæггаг районтæй.

Миша дæр гыццыл фыдæбæттæ нæ бавзæрста, тохы быдыры æхсар æмæ лæгдзинад кæй æвдыста, уый тыххæй хорзæхджын æрцыд къорд хæрзиуæгæй. Ветерантæй бирæтæ нæ уарзтой хæсты хабæрттæ дзурын, æмæ сæ бамбарæн дæр уыд – уыцы хъизæмæрттæ та дæ зæрдыл æрлæууын кæн, æмæ та-иу цыма сног сты, æвæццæгæн-иу сæм ахæм æнкъарæнтæ сæвзæрд. Фæлæ Гаглойты Миша иу хабар арæх дзырдта йæ кæстæртæн, æмæ йæ мах дæр ам æрхæсдзыстæм, йæ чызг Наташæ нын æй куыд радзырдта, афтæ. Цæвиттон, Миша Чысыл зæххыл (Малая земля) Новороссийскы бын иу карз тохы уæззау цæф фæци, минæ йыл схæцыд, схъистæ буары арф нынныхстысты, æмæ йæ госпитæлмæ баластой. Ам ын йæ цæфмæ бæс-
тон базилын бахъуыд. Дохтыр æмæ медицинон хо сæ куыст, куыд æмбæлди, афтæ бакодтой. Медицинон хо дæр дын хо, Миша куыд дзырдта, афтæмæй – раст бæхы йас, бæрзонд, нæлгоймаг куы уыдаид, уæд дзы зæгъын æмбæлди, саджы фисынтыл амад, зæгъгæ. Сылгоймаг Мишайы батинкæтæм æдзынæг ныккаст – уыдон уыдыс-
ты америкаг, æвæццæгæн, лендлизыл кæй раттой Советон Æфсадæн, ахæмтæ. Æцæг сæракæй хуыд, раст хæстоны къæхтæн – удыбæстæ. Раздæр, дам, нын англисаг къахыдарæс раттой, æмæ, дам, мын мæ къæхтæ схауын кодтой, хъизæмарæй, дам, мæ амардтой. Ныр дын а медицинон хо Мишайы америкаг батинкæты йæ цæстытæ куы ныццæвид, æмæ йын Миша йæ цæстæнгас ацахста. Цы базонын ма йæ хъуыд, æвыдæй йæ кæй нæ ныууадздзæн, исгæ йын сæ кæй кæндзæн. Миша йæхæдæг дæр бæзæрхыг уыд, æмæ йæ къахыдарæс уыдысты 43 размер. Сылгоймаджы къæхтæ дæр раст ахæм стыр.

Миша уыцы бонæй фæстæмæ къæрцъхъус лæууыдис, батинкæтæ йæ нывæрзæны дардта. Йæ цæф бæттынмæ-иу куы цыди, уæддæр-иу сæ йæ дæларм бакодта. Афтæмæй рæстæг цыди, цæф дæр гыццылгай бадзæбæх. Æрхæццæ хæстоны госпитæлæй рафыссыны бон дæр, уæдæ цы уыдаид. Æмæ ам лæппу стыр рæдыд æруагъта. Азилын æй хъуыд, «обходной лист» кæй хонынц, уым къухтæ сæвæрыны тыххæй, æмæ иу чысыл рæстæг йæ батинкæтæ æвæгæсæгæй аззадысты. Палатæмæ куы ‘рбаздæхт, уæд дæ балгъитæг афтæ – къахыдарæс дымд-далагъан фесты. Цы базонын ма йæ хъуыд, медицинон хойы къух (растдæр зæгъгæйæ та, æвæццæгæн, йæ къах!) сæм кæй фæхæццæ, фæлæ йыл давгæ-давын куы не ‘рхæцай, уæд дын чи басæтдзæн йæ фыдракæндыл. Миша госпитæлæй куы цыд, уыцы бон медицинон хо йæ куысты бынаты нæ разынд… Сылгоймаг хæйрæг кæм нæ у, цы йæ бафæнда æмæ цы нæ бакæндзæн.

Миша бахæццæ Польшæйы зæхмæ, Уæлахизыл уым сæмбæлд, сыздæхт йæ фыдыуæзæгмæ. Кадджынæй фæцард хъæубæсты мидæг, йæ цардæмбал Плион Елычкæимæ схъомыл кодтой фæзминаг цот, царды сæ раст фæндагыл сæвæрдтой. Хæстон лæг-иу арæх ракодта уыцы батинкæты кой, ахæм æнцонвадат къахыдарæсыл, дам, уый размæ дæр, уый фæстæ дæр никæдуал сæмбæлдтæн.

ГАПБАТЫ Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here