Транзитон транспорт æмæ йæ тыхстдзинæдтæ

0
18

Нæ алкæй дæр химидæг тыхсын кæны уадзæн пункт «Уæллаг Ларс»-ы уавæр. Алы бон дæр адæймаг райсомæй-изæрæй фехъусы, пункты тынг бирæ уæзласæнтæ кæй сæмбырд, ацæуæн сын кæй нæма  ис, уыцы хабæрттæ. Уæдæ фæндæгты кæрæттæ уæзласæн машинæтæй кæй дзаг кæнынц, уый дæр уынæм.

Уæдæ уыцы ранмæ хæстæг чи цæры æмæ айразмæ тыхджын
митуарды сæ бон сæ хæдзæрттæм бацæуын кæмæн нæ бацис, уыдон та цы аххосджын фесты? Ахъуыды кæн, уæд  республикæйы разамынд æппынæдзух æмбæлынц федералон бæрнон чиновниктимæ, дзурынц уадзæн пункт «Уæллаг Ларс»-ы уавæртыл, фæнды сæ аккаг фадæттæ саразын, бæлццæттæ, шофыртæ цæмæй ма тыхсой… Раст цыма зымæг дæлæ дард Саудоваг Аравийы куыд æнæнхъæлæджы æрцæуы, сæдæ азмæ иу хатт, ахæм у нæ бакаст, нæ дзырд…

Мит, къæвдаæмхæццæ мит, мит, къæвдаæмхæццæ мит… Æмæ цы? Мит алы аз дæр йæ афоны æруары. Бæлццæттæ куыд цыдысты, афтæ цæуынц. Мингай машинæтæ цæмæй иу ран ма æмбырд кæной, уымæн æппын хуызæнæн фадæттæ саразæн нæй? Ахъуыды кæн, уæд Цæгат Ирыстонæй рауад æхсæнадон туалет. Фæндæгты былтæ, Уæллаг Ларсы алывæрс быронæй дзаг, туалеттæ куыд нæ уыд, афтæ нæй…Цæрæг уд та уæдæ хъуамæ кæдæм акæса, уыцы гæныстоны къудзитæ æмæ бæлæстæ цы аххосджын сты?!

Махмæ афтæ кæсы, мæнæ уынæм æдзæллаг уавæр, бырæттæ сæ былтæй хъуамæ ма кæлой, нæ рахизæнтæ, бахизæнтæ хъуамæ кæддæриддæр уой сыгъдæг. Фæлæ нæ уайы! Цымæ цæуылнæ? Уартæ кæддæр Краснодары крайæ нæхимæ цыдыс-
тæм, æмбисæхсæв иу ран шофыр баурæдта автобус, æрыгон нæлгоймаг рацæйхызт, йæ къухты бырæтты дзæкъултæ, афтæмæй. Шофыр уый куы федта, уæд ын бацамыдта, ам ахæмтæ æппарæн нæй. Ома, тыгъд быдыры, нартхор сагъд кæм уыд, уым бырæттæ æппарæн нæй. Шофыртæ дæр æй зыдтой!

Махмæ алцыдæр æппарæн ис. Ау, транзитон транспорт дæ республикæйы сæрты куы цæуа, ахæм зындзинæдтæ куы æвзара, республикæ дæр чъизиты бын куы фæуа, уæд сæм иу афон æркæсæн нæй? Ома, чъизи кæй кæнынц, сæ бырæттæ кæй тауынц, уыдæттæн ницы саразæн ис? Уæллаг Ларс абон нæ фæзынд, уыд æмæ, æвæццæгæн,
уыдзæн. Айразмæ Хицауады æмбырды цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн куыд загъта, ома, Уæллаг Ларсы чъизидзинæдтæ федералон разамындмæ хауынц… Æмæ цымæ федералон министр Мæскуыйæ Цæгат Ирыстонмæ æрцæудзæн йæ уисоимæ æмæ Уæллаг Ларсы алфамбылæйттæ мæрздзæн?

Транзитон транспорты шофыртæ хъуамæ æппæт уыдæттæн фидой цавæрдæр хъалон, нæ зонын, ныртæккæ цы æмæ кæдæм фидынц, уый. Фæлæ, уыцы æхцайæ пайда кæнгæйæ, республикæ æппæт тыхстдзинæдтыл æххæсдзæн, сæвæрдзæн фаг бырæтты къоппытæ,лæууæн бынаты, сараздзæн санитарон уæттæ, дон дзы хиæрыхсынæн куыд уа, фæллад суадзæн уæттæ, хæрæндæттæ… Мæхæдæг федтон, дæлæ Кенийы уырыссаг туристтæ æдзæрæг быдырты санитарон уатмæ куыд бацыдысты, куыд дистæ кодтой, систой йæ видеомæ. Алцыдæр конд уыд нырыккон домæнтæм гæсгæ. Мæнæ, куыд фæзæгъынц, афтæ хæлиудзыхæй баззадтæн.

Æмæ кæм ис Кени? Кæм ис Цæгат Ирыстон? Цымæ Гуырдзыстоны ‘рдыгæй дæр бырæтты бæз-бæз цæуы? Æви дзы æхсæнадон туалеттæ нæй? Шофыртæ уым дæр къудзиты фæстæмæ тæхынц? Худинаг цы у, уый цæуылнæ æмбарæм? Æмæ та мæнæ республикæйы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис фембæлд Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн хъуыддаджы советы директор Юрий Балашовимæ. Ныхас кодтой транспортон-логистикон рахæцæнтыл.

Дзанайы-фырт раппæлыд, республикæ транзитон транспорты шофыртæн цы диссаджы уавæртæ аразы Уæллаг Ларсы, уыдонæй. О, æцæг дæр дзы фæзынд цыдæр фадæттæ, фæлæ уыдон фаг не сты. Цымæ та ауалдзæг фæндæгты кæрæттæ, Уæллаг Ларсы чъизитæ, бырæттæ чи сыгъдæг кæндзæн? Сымахмæ та куыд кæсы?

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here