Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады фарстатæ

0
24

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО дзы сæрдариуæг кодта, афтæмæй уыд Энергетикæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады куыстуæтты æнæкъуыхцы райрæзты федералон программæ æххæст кæныны фæдыл сæрмагонд штабы æмбырд.

Фембæлды архайдтой Уæрæсейы экономикон рæзты министры хæдивæг Сергей Назаров, профилон республикон министрадты, энергетикон компанитæ æмæ цæрæнуатон комплексы куыстуæтты разамонджытæ.

Штабы уæнгтæ се ’ргом аздæхтой донуадзæн, хъармдæттæн æмæ æндæр ахæм хызæгтæ иу регионалон операторы бæрны бакæныны мадзæлттæ куыд æххæстгонд цæуынц, цæрæнуатон-коммуналон фиддонтæ куыд æмбырдгонд цæуынц,  уыцы æмæ æндæр ахæм фарстатæм.

Æппæт уыцы фарстатыл сæйраг доклад скодта Цæгат Ирыстоны цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн.

Министры хъусынгæнинагмæ гæсгæ, донуадзæн, канализацион æмæ хъармдæттæн хызæгтæ иумæйаг республикон куыстуаты дæлбар бакæныны куыст ныридæгæн ахицæн, амынд фæрæзтæ æрбаиу кæныны куыст сæрмагонд графикы бындурыл æххæстгонд æрцыд. Цæрæнуатон-коммуналон лæггæдты фиддонтæ ноябры æмбырдгонд æрцыдысты 80 проценты бæрцæй.

Уый фæстæ æмбырды архайджытæ æрдзырдтой донæфсисад æмæ хъармдæттæнты
куыстуаты тарифты политикæйыл. Зындгонд куыд у, афтæмæй Цæгат Ирыстон 2022 азæй фæстæмæ архайы Энергетикæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады куыстуæтты æнæкъуыхцы райрæзты фæлварæн федералон программæйы. Уыцы программæйы сæйрагдæр нысантæ сты регионты коммуналон инфраструктурæйы модернизаци, фæлхасгонд энерегетикон фæрæзтæн фиддонты хæстæ сæхгæнын.

Программæйы уагæвæрды бындурыл ныхас цæуы, цæмæй регионалон операторы лæггæдты æргътæ льготон тарифтæй къæпхæнгай раивой, бæлвырд экономикон бындур кæмæн ис, ахæм фæткмæ. Рагагъоммæ пълантæм гæсгæ, уыцы æргътæ ивд цæудзысты 2025 азы. Уыимæ, иуæй-иу специалисттæ фæндон хæссынц, цæмæй тарифтæ фæфылдæр кæныны æмгъуыдтæ аргъæвой 2026-2027 азтæм. Ацы æмæ иннæ фиппаинæгтæ æмæ фæндæттæм дарддæр каст цæудзæн.

 

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг æмæ
Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here