Цæрдзæн адæмы зæрдæты

0
39

Ирыстон армыдзаг йеддæмæ нæу, фылдæр адæм дзы кæрæдзи зонынц. Бирæтæ æмбаст сты хион, къабаз, хæстæг æмæ хæлардзинады тæгтæй. Цæрынц, уарзынц, нымайынц, аргъ кæнынц кæрæдзийæн иумæйаг æхсæнады царды. Уыцы адæймагдзинады миниуджытæ уæлдай тынгдæр рабæрæг вæййынц исты хабары – цины уа, хъыджы. Нæ ирон æгъдæуттæ бирæ адæмтæн сты бафæзминаг, уæдæ нæ уды сыгъдæгдзинад æмæ зæрдæдзинадыл бирæ адæмыхæттытæ ахуыр дæр кæнынц суанг фæсарæнты дæр.

Æрыдоны куырыхон цæрæг Джыккайты Пирузы фырт Русланы чи нæ зыдта, ахæм адæм бирæ нæ уыд Æрыдоны районы. Бирæ бæрнон бынæтты фæкуыста, лæггадгæнаг, адæмæн уарзон, куырыхон адæймаг. Фæлæ, хъыгагæн, йæ 86-æм азы йæ рухс дунейæ ацыд йе ‘нусон бынатмæ. Ирон адæм мардмæ цæуаг сты, фæлæ ацы зианмæ цас адæм æрцыд, уый бæрц адæм æрцæугæ никуыма уыд. Афтæ нæм фæкаст, раст, цыма, Сталины йæ фæстаг фæндагыл фæндараст кодтой… Уагæры  цæмæй куыста?.. Æмæ, дам, хорз лæг уыди, ирон æфсарм æмæ æгъдаухæссæг, адæмæн уарзон, æхсæнады кадджын, хуымæтæг кусæг лæг.

Джыккайты Пирузы фырт Руслан цард æмæ куыста Боржомы районы Гудзареты. Дзæвгар азты фæкуыста совхозы зоотехникæй 1-æм, стæй та 2-æм фермæйы, фæстæдæр æй раивтой разамонæгæй 3-æм хъомты фермæмæ. Ацы хъæуы ма цалдæр азы уыдис хъæусоветы сæрдар дæр. Бинонты хистæртæ, ныййарджытæ, сæ фондз сывæллоны фидæныл хъуыды кæнгæйæ, сæхи райстой Цæгат Ирыстонмæ æмæ æрцардысты Æрыдоны.

Адæмæн уарзон, сыхбæстæйы нымад, уазæгуарзаг бинонтæ тынг сфидыдтой бынæттон цæрджытимæ. Ам дæр та Руслан, бæрнон бынæтты кусгæйæ, уыд дзырддзæугæ, цæрджытимæ æнгом, цæстуарзон, хæлар, уæздан адæймаг, фæзминаг бинонты хистæр. Йæ цардæмбал Тедеон Еленæимæ хорз кæстæртæ схъомыл кодтой нæ уарзон Ирыстонæн: æртæ фырты æмæ дыууæ чызджы: Юри, Славик, Витали, Светланæ æмæ Индирæйы.

Фырттæ дæр, раст сæ фыды хуызæн – бæзæрхыг, аив, лæггадгæнаг, сæрæн, æрхъуыдыджын, адæмуарзон, æхсæнады бæрæг дарынц сæ уаг, сæ фезмæлд, сæ лæггаддзинад æмæ сæ хорз хъуыддæгтæй. Сыхбæстæ, хиуæттæ, къабæзтæ, зонгæтæ сæрыстыр, рæвдыд æмæ райгонд сты дзæнæтыбадинаг Русланы фæдонтæй. Ныр сæ алчидæр у хицæн бинонтæ, фæлæ арæх абæрæг кæнынц сæ ныййарæг мад Еленæйы, буц æй дарынц.

Хорз, æнгом бинонтæ, фæзминаг фæдонтæ, æхсæнадмæ, адæммæ хæссынц, сæ фыдæй сын цы зондамонæнтæ æмæ ирон æгъдæуттæ баззад, уыдон: адæм хорз сты, адæмимæ цæрын хъæуы, адæм кæрæдзийы фæрцы сты, æнгом бинонтæ цард арынц, зæгъгæ, сын амыдта сæ зынаргъ æмæ уарзон фыд, бинонты хистæр Руслан.

Хæрзаудæн сыл кæнæд сæ уарзон, сæ зынаргъ фыд Руслан, йæ ном цæрдзæн бинонты, хиуæтты, хæлæртты æмæ зонгæты зæрдæты.

 

Хæлæрттæ    

 

***

Джыккайты бинонтæ бузныг зæгъынц, сæ зыны сахат, Джыккайты Пирузы фырт Русланы зианы бон сæ фарсмæ чи балæу-
уыд, сæ рис сын чи фæрогдæр кодта, уыцы хиуæттæ, хæстæ-
джытæ, стæй æппæт æрцæуæг дзыллæйæн дæр, æмæ хъусын кæнынц, йæ афæдзы боны кæнд кæй уыдзæн сабаты, 14 декабры, Æрыдоны, Дзугаты æфсымæрты уынджы 123-æм хæдзары.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here