Башар Асад президенты бынатæй фестад æмæ, хицаудзинад йæ ныхмæлæуджытæн ныууадзгæйæ, алыгъд Сирийæ. Уый фæстæ Голаны бæрзæндтæй Сирийаг Араббаг Республикæмæ, фæндзай азмæ фыццаг хатт, æрбафсæрстой дзуттаг танктæ. Израилы мидхъуыддæгты министрад сæ интервенци схуыдтой «арæнтæ бахъахъхъæныны рæстæгмæ мадзал».
Хæстæг Скæсæны æнкъуыстытæ æмæ Сирийы басаст цыма æваст æрцыдысты, афтæ искæмæ фæкæсдзæн. Фæлæ, лæмбынæгдæр æркæсгæйæ, уый афтæ нæу. Уый тыххæй Владимир Жириновский, цыма йе уæны каст, афтæ раджы дзырдта!
Жириновский дзырдта: Америкæйы Иугонд Штаттæ сæ доллар фервæзын
кæныныл архайынц.
Владимир Вольфы фырт дызæрдыг нæ кодта: АИШ Хæстæг Скæсæн змæнтдзысты, цæмæй нефть æмæ газы хомаджы базарадыл сæ арм дарой – сæ аргъ сын фæныллæгдæр кæныныл, уый та, æнæмæнг, Уæрæсейæн финансон æгъдауæй йæ размæ стыр цæлхдуртæ сæвæрдзæн.
– Сæ нысан у Сири куыд паддзахад аиуварс кæнын, уæд араббаг газæн, сæйрагдæр – Катарæй, фадат фæуыдзæн Зæххастæу денджызмæ рацæуынæн, æмæ Турчы газы хæтæлтыл аивылдзæн Европæмæ, цæмæй уæрæсейаг газæй гыццылдæр пайда кæной. Уый Уæрæсейы экономикæ æмæ политикæйæн уыдзæн æнкъаргæ цæф, Европæимæ йæ бастдзинæдтæ дзæвгар фæлæмæгъдæр уыдзысты, – дзырдта Жириновский иуæндæс азы размæ!
Америкæйы Иугонд Штатты дыккаг нысан та, таурæгъон политик куыд нымадта, афтæмæй у Хæстæг Скæсæн, йæхи куыд фæнды, уыцы нывтыл скæрдын.
– Ам ис Иранимæ арæн, ам Израиль хъазы сæйрагдæр роль. Израиль Сирийæ нæ тарс-
ти, фæлæ йæ фæндыд, цæмæй уыцы паддзахæдты альянс ныццæва Ираны. Фæлæ Иранимæ хæст цы æфсонæй райдайа? Уырдæм, Сиримæ куыд, афтæ бурбын хуыз (игилы)* æфсад нæ арвитдзынæ. Афтæмæй, Асады хицаудзинадæн кæрон скæнгæйæ, фæзындзæн бындур Иран ныццæвынæн.
Жириновский дызæрдыг нæ кодта – ууыл хæстон быцæутæ æмæ революцитæ нæ фæуыдзысты.
– Дарддæр афæлдахдзысты, Америкæйы Иугонд Штаттимæ арæх разы чи нæ вæййы æмæ сын тасын чи нæ комы, уыцы Саудоваг Аравийы режим, монархитæ – Оман, Кувейт, Катар. Америкæ архайдзæн Хæстæг Скæсæн сæхи пайдайæн сызмæнтыныл, æмæ афтæмæй сæ къухы бафтдзæн нефть æмæ газæн хицауиуæг кæнын – сæ экономикæ æмæ доллар фервæзын кæнын.
Асад худти, куыд æй раппардзысты йæ къæлæтджынæй, уыцы рагагъоммæйы ныхас фехъусгæйæ.
Цымыдисаг у, Америкæйы Иугонд Штаттæ Хæстæг Скæсæн куыд ратон-батон кæндзысты, сæхи гуылы бын æндзаргæйæ, уый тыххæй чи сагъæс кодта, уыдонæй Жириновский фыццаг нæ уыди. 2008 азы фæстæ Ливийы сæргълæууæг Муаммар Каддафи, Араббаг паддзахæдты лигæйы саммиты Сирийы, Асады цæстытæм комкоммæ кæсгæйæ, куыд æй раппардзысты йæ бынатæй, уый тыххæй рагзагъд кодта.
– Иракы уыдис дзыллон дæрæнгæнæн хæцæнгарз? Нæ дзы уыди, фæсарæйнаг паддзахад араббаг паддзахадмæ æрбалæгæрста æмæ йын йæ президенты сауыгъта, мах та ам бадæм, фæрсæй кæсæм æмæ худæм,– мæстджынæй дзырдта Каддафи. – Цæуылнæ сбæлвырд кæнынц, Саддам Хусейны куыд æмæ цæй тыххæй амардтой, уый? Æнæхъæн араббаг паддзахады хицауы сауыгътой, мах та иуварсæй бадæм. Цæй тыххæй? Ныртæккæ ныхас, Саддам Хусейн цы политикæ арæзта, кæнæ йæм мах цы цæстæй кастыстæм, ууыл нæ цæуы. Политикæйы мидæг æм не `ппæтмæ дæр уыди цыдæр фиппаинæгтæ æмæ фарстатæ, мæнæ ам нæ кæрæдзимæ куыд ис, афтæ. Ацы залы æдде нæ ницы иу кæны. Фæлæ махæй алчидæр Саддамы фæстæ уыдзæн! Алчидæр!
Камерæйы разындысты, Ливийы разамонæджы ныхасмæ чи хъуыста, уыцы президентты цæсгæмттæ. Æнæрвæссон æмæ схъæлæй йæ мидбылты худтис Мысыры президент Хосни Мубарак. Уый æппæрст æрцыд æртæ азы фæстæ – 2011 азы. Худгæ чи кодта, уыцы Башар Асад та ма «бафæстиат» 16. Чи уыдзæн иннæ?
Æрмæг бацæттæ кодта ГАПБАТЫ Алетæ
*ИГИЛ –Уæрæсейы нымад у
террористон организацийыл