Дзæуджыхъæуы бюджеты сæйрагдæр уагæвæрдтæ

0
27

Дзæуджыхъæуы администрацийы цы дзыллон байхъуыстытæ арæзт æрцыд, уым бæстон ныхас рауад 2025 аз æмæ 2026-2027 азты пъланон æмгъуыдмæ Цæгат Ирыстоны сæйраг горæты бюджеты проектыл.

Уый тыххæй фехъусын кодта муницпалон сконды администрацийы пресс-службæ.

Фембæлды архайдтой, фиппаинæгтæ æмæ фæндæттæ бахастой Минæвæртты æмбырды депутаттæ, горæты администрацийы структурон дæлхайæдты разамонджытæ, æхсæнады минæвæрттæ.

2025 аз æмæ 2026-2027 азты пъланон æмгъуыдмæ Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды бюджеты проекты сæйраг уагæвæрдтыл уыд йæ раныхас горæты финансты управленийы хицауы хæдивæг Гоститы Ларисæйæн. Æмбырды архайджытæ бæстондæр æрдзырдтой 2025 азы бюджетыл. Куыд нысангонд цæуы, афтæмæй фидæн азы горæты бюджет схæццæ уыдзæн 7 миллиарды æмæ 418 милуан соммæ. Финансты управленийы минæвары ныхасмæ гæсгæ, бюджеты проекты бæстон хыгъд æрцыдысты социалон æмæ æндæр нысаниуæджы хæрдзтæ, сæрмагонд фæрæзтæ дзы нысангонд цæуы 15 муниципалон программæйæн.

Финансон управленийы бæрнон кусджытæ дзуаппытæ раттой æмбырды архайджыты фарстытæн, фæбæрæг кодтой бюджеты проекты хицæн статьяты нысангонд æфтиæгтæ æмæ хæрдзты бæрцытæ. Уыимæ, байхъуыстыты рæстæг бюджеты проект-
мæ цы фæндæттæ æмæ фиппаинæгтæ бахастæуыд, уыдонмæ æркæсдзæн сæрмагонд кусæг къорд.

Æмткæй райсгæйæ, дзыллон байхъуыстыты архайджытæ хорзыл банымадтой хæстæгдæр æртæ азы бюджеты проекты сæйрагдæр уагæвæрдтæ. Хæстæгдæр рæстæг бюджеты проект сфидар кæнынмæ æрвыст æрцæудзæн Дзæуджыхъæуы Минæвæртты æмбырдмæ.

КАЛМАНТЫ Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here