2004 азы 1-3 сентябры арæзт террористон фыдракæнды рæстæг хъыгдард чи баййæфта, Беслæны уыцы цæрджытæн уæлæмхасæн социалон æххуысы мадзæлттæн федералон бюджетæй хæстæгдæр æртæ азы дихгонд цæудзæн фæйнæ 93,7 милуан сомы бæрц. Уый фæдыл сæрмагонд уынаффæйы проект УФ-йы Экономикон рæзты министрад балæвæрдта федералон Хицауадмæ.
Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Фæллой æмæ социалон рæзты министрады пресс-службæ.
Пресс-службæйы минæвары ныхасмæ гæсгæ, федералон ведомствæтæ хорзыл банымадтой, амынд террористон фыд-ракæнды хъыгдард чи баййæфта, уыцы адæмæн уæлæмхасæн социалон лæггæдтæн хъæугæ финансон фæрæзты бæрц 67 милуан сомæй 93,7 милуаны онг фæфылдæр кæныны фæндон. Уыцы бæрцытæ ныр сæ бынат ссардзысты 2025 аз æмæ 2026-2027 азты бюджеты проекты.
Зындгонд куыд у, афтæмæй Уæрæсейы Президенты амынддзинадмæ гæсгæ, санаторон-курортон кусæндæттæм балцæгтæ райсыны бар ныр лæвæрд æрцыд хъыгдард баййафæг адæмы чысыл сывæллæттæн дæр. Уыцы æууæл хынцгæйæ, УФ-йы Экономикон рæзты æмæ Фæллой æмæ социалон хъахъхъæнынады федералон министрадты бавдыс-тæй ивддзинæдтæ хаст æрцыд Цæгат Ирыстонæн бюджетон субсидитæ дæттыны фæткмæ.
РЦИ-Аланийы Фæллой æмæ социалон рæзты министрады куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй уæлдæр амынд уынаффæты бындурыл сæрмагонд медицинон æххуыс æмæ социалон реабилитацийы мадзæлттæй спайда кæныны фадат æрвылаз дæр уыдзæн 800 адæймагæй фылдæрæн (уыдоны нымæцы – 297 сывæллоны).
КАЛМАНТЫ Аслан














