«Мамысон» туристты зæрдæтæ барухс кæндзæн

0
20

2025 азы фыццаг мæйты хæххон-рекреацион комплекс «Мамысон» суазæг кæндзæн фыццаг туристты. Ахæм хъуыдыимæ раныхас кодта корпораци «Кавказ.РФ»-йы генералон директоры хæдивæг Владимир Лапухин.

Журналистты фарстытæн дзуапп дæтгæйæ, компанийы минæвар иу хатт ма фæбæлвырд кодта, курорт «Мамысон»-ы фыццаг къæпхæны объекттæ ацы зымæг кусын кæй райдайдзысты, уый.

«Кæронмæ фæхæццæ кæны курорты фыццаг къæпхæны объектты арæзтад. Ныртæккæ уал кусæм хæстæгдæр рæстæджы сæйрагдæр нысаныл – фыццаг туристты суазæг кæныныл. Фæстæдæр та, кæй зæгъын æй хъæуы, архайд цæудзæн курорты арæзтады иннæ къæпхæнтыл, цæмæй дзы фидæны рауайа æппæтвæрсыг фæлладуадзæн-туристон комплекс. Æндæр хуызы йын уæвæн дæр нæй», –бафиппайдта генералон директоры хæдивæг.

Владимир Лапухины ныхасмæ гæсгæ, ныртæккæ кæронмæ фæхæццæ кæны дыууæ канатон фæндаг æмæ 14-километрон лыжæтыл бырæн трассæты арæзтад. Уымæй уæлдай, подрядчиктæ кусынц хæдтулгæтæн æрлæууæн бынат æмæ æндæр инфраструктурон объектты арæзтад ахицæн кæныныл дæр. Уыцы объекттæ дæр 2025 азы байгом уыдзыс-ты. Уыцы иу рæстæг архайд цæуы фæлладуадзæн тæлмы æдасдзинад æмæ фæлгонцады иумæйаг системæтæ саразыныл дæр.

«Кавказ.РФ»-йы минæвар сæрмагондæй фæбæрæг кодта, фидæны курорты арæзтады студентты къордтæ дæр кусынц, уый. «Уыдоны нымæцыл ма хæстæгдæр рæстæг бафтдзæн 70 адæймаджы бæрц. Мæ зæрдæ дарын, уыцы фæсивæдæй бирæтæ сæ ахуыры фæстæ сæхицæн куысты бынатæн «Мамысон» кæй равзар-дзысты, ууыл», – кæронбæттæны загъта Владимир Лапухин.

 Дмитрий Астахов

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here