Тыхстаг фарстатимæ – Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæгмæ

0
21

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг, парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады секретарь Сергей МЕНЯЙЛОЙÆН фембæлд уыд, сæ тыхс-таг фарстатæ æмæ æндæр куырдиæттæ зæрдæзæгъгæ хуызы алыг кæныны фæдыл хица-уадмæ чи бахатыд, уыцы адæмы къордимæ.

Фембæлд ацыд «Иугонд Уæрæсе»-йы фарсхæцджыты регионалон штабы бæстыхайы æмæ баст уыд партийы сарæзты бонимæ. Зындгонд куыд у, афтæмæй политикон партийæн бындур æвæрд æрцыд 2001 азы 1 декабры. Уыцы цауимæ бастæй æрвылаз дæр декабры райдайæны «Иугонд Уæрæсе»-йы центрон штаб æмæ регионалон дæлхайæдты арæзт æрцæуы граждæнтимæ фембæлдтыты декадæ.

Ахæм фæткы бындурыл сарæзтой ацы æмбырд дæр. Фембæлдмæ чи саккаг кодта, уыцы адæмæй алчидæр йæ фарстæн бæстон дзуапп райста.

Фембæлды архайдтой «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады секретары хæдивæг Едзойты Марат, профилон республикон министрадтæ æмæ районты муниципалон скондты разамонджытæ.

Афтæ, Дзæуджыхъæуы политехникон техникумы директор Бирæгъты Давид республикæйы разамындмæ бахатыд, цæмæй ахуырадон кусæндоны бæрны бакæна, Алагиры районы Садоны поселочы цы бæстыхæйттæ ис, уыдонæй иу. Уыцы æууæл техникумæн фадат ратдзæн ахуырадон-практикон процесс фæахадгæдæр кæнынæн.

Куырдиатмæ æркæсгæйæ, Сергей Меняйло Паддзахадон исбонад æмæ Ахуырад æмæ
наукæйы министрадтæн бахæс кодта, цæмæй Алагиры районы адми-
нистрациимæ иумæйаг уынаффæйæ амынд бæстыхай техникумыл сфидар кæной.

Дарддæр рæгъмæ рахастой Беслæны аивадон скъолайы директор Цæгæраты Альбинæйы фыстæг. Хъуыддагыл бæс-тон æрдзургæйæ, хаст æрцыд ахæм уынаффæ: нысанмæ арæзт федералон программæ «Ахуырад»-ы фæрæзты фæрцы 2025 азы райдайдзæн аивадон скъолайы ног агъуысты арæзтад.

Леуанты Фатимæйы фарста та баст уыд фæндæгты нывыладимæ. Горæты уыцы цæрæджы куырдиатмæ гæсгæ, сæрмагонд службæтæ сцалцæг кæн-дзысты Суворовон уынджы хай (Чкаловы уынгæй Дзæрæхохы-фырты уынджы онг уадздзаг). Уымæй уæлдай, Сергей Меняйло профилон ведомствæтæн бахæс кодта, цæмæй бындурон цалцæггонд æрцæуа Алагиры районы Уæллаг Фыййагдоны рæвдауæндон дæр. Уый фæдыл куырдиат æрбалæвæрдта хъомыладон кусæндоны хицау Уаниты Маргаритæ. Нысангонд куыстытæм бавналдзысты уалдзæджы.

Фембæлдмæ æрбацæуæг иннæ адæмы фарстатæ баст уыдысты медицинон лæггæдтæ æмæ æндæр æххуыстæ бакæныны хъуыддæгтимæ. Республикæйы Сæргълæууæг алкæцы куырдиаты фæдыл дæр бæлвырд амынддзинæдтæ радта профилон министрадтæ æмæ ведомствæты разамонджытæн. Уыимæ, бæлвырд æмгъуыдтæм Сæргълæууæджы Администрацимæ хъуамæ фехъусын кæной, амынд куырдиæтты фæдыл цы арæзт æрцыд, уый.

СЛАНТЫ Аслан 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here