Æххуыс уыдзæн

0
34

Дзæуджыхъуы базарадон центр «Алания Молл»-ы фыдбæллæхы фæстиуджыты фæдыл æмæ центры цы амалиуæггæнæг адæймæгты фæллой фесæфт, уыдонæн æххуысы мадзæлттæ саразыны тыххæй РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ центры хицау Бердиаты Вадим журналисттæн бæстон радзырдтой.

– Иууылдæр зонут, цы фыдракæнд æрцыд, уый. Мах сгарæн куыстытæ бакодтам. Нæ сæйрагдæр архайд у цыбыр рæстæгмæ центр фæстæмæ рацаразын, цалцæджы куыс-
тытæ дзы бакæнын, цыппæрæм уæладзыгæй фæстæмæ. Уымæн æмæ уæллаг уæладзыг æнæхъæнæй дæр басыгъд, æмæ йæ тагъд саразæн нæй. Центры хицауимæ баныхас кодтам, æххуысы мадзæлттæ махæрдыгæй кæй уыдзæн амалиуæггæнæг адæймæгтæн. Банымайдзыстæм сæ исбонады зиантæ æмæ сын æххуыс уыдзæн. Абоны онг слестгæнæг оргæнтæ сæ куыст æххæст кæнынц. Фæмардуæвæг сылгоймаджы бинонтæн республикæйы бюджетæй барвитдзысты 1 милуан сомы, центры хицауæн дæр бахæс кодтам сылгоймаджы бинонтæм фæкæсын. Цалдæр адæймаджы нымад æрцыдысты хъыгдардбаййафджытыл, фæлæ сæ иу дæр медицинон æххуыс нæ бакуымдта, – загъта нæ республикæйы Сæргълæууæг.

Бердиаты Вадим та тæфæрфæс ракодта, фыдбæллæхы чи фæмард, уый бинонтæн.

– Цалцæджы куыстытæ райдыдтой, бафæдзæхстам, хъæугæ æрмæгæй нæ цыдæриддæр хъæуы, уыдон. Дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ хъуамæ куыстытæ фæуой. Сæйрагдæр хъыгдард баййæфта ресторан, дуканитæ æмæ хиирхæфсæн мадзæлттæ кæм уыдысты, уыцы цыппæрæм уæладзыг. Ацы уæладзыг уал æхгæд æрцæудзæн рæстæгмæ, иннæтæ та рæхджы скусдзысты, цæмæй адæм сæ куыст райдайой. Бузныг зæгъын оперативон штаб æмæ структурæтæн, æвæстиатæй кæй бавнæлдтой фыдбылызы фæстиуджытæ равзарын æмæ сæ аиуварс кæнынмæ, – загъта Бердийы фырт.

 

Саутæты Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here