Ивгъуыд хуыцаубоны, 22 декабры, советон номдзыд сгарджытæй иу, Лохты Иосифы фырт Владимиры райгуырдыл сæххæст сæдæ азы. Ирон адæмы зынгзæрдæ хъæбул, советон æмæ уæрæсейаг æцæг афицер, булкъон Лохты Иосифы фырт Владимир уыд ныфсхаст æмæ фæлтæрдджын сгарæг, иузæрдион æмбал æмæ аудæг разамонæг.
ССР Цæдисы æддаг сгарджыты рæнхъыты дæсгай азты фæкусгæйæ, уый иунæг хатт дæр никуы фæкъуыхцы. Йæ фæндæгтæ æмæ, цы бæстæты архайдта, уыдон абон дæр нырма сты сусæггаг.
Лохты Владимир астæуккагазиаг регионты бæстæты архайдта «сæрмагонд уавæрты». Уый фыццагдæр фехъусын кодта Мæскуымæ Советон Цæдис фесафыны фæдыл АИШ-ы егъау æфсæддон-техникон программæйы сырæзты тыххæй. Куы æрбаздæхт, уæд разамынд лæвæрдта сусæг сгарджыты æрмæст хуымæтæг хайадæн нæ, фæлæ йæ ахсджиагдæр хайæн.
Булкъон Лохы-фырты дзырддзæугæдзинадыл дзурæг у, Центры уæвгæйæ, бирæ азты æппæты æнтыстджындæр æмæ зындгонддæр сусæг сгарджытæ Геворк æмæ Гоар Вартанянты архайдæн разамынд кæй лæвæрдта, æрмæст уый дæр.
Номхуындæй, уый, сæ архайды алы фæзилæн дæр бæлвырд зонгæйæ, ныффыста Геворк Андрейы фырты Советон Цæдисы Хъайтары Стъалыйæ схорзæхджын кæныны тыххæй. Хæсты фæстæйы азты сусæг сгарæджы ахæм хæрзиуæгæй схорзæхджын кæнын уыд фыццаг цау.
Хуссар Ирыстоны Знауыры районы хæххон чысыл хъæу Пичьиджынæй рацæугæ æрыгон лæппу Азербайджаны университет каст фæуыны фæстæ райста юристы дæсныйад. Бакуйы сахуыр кодта азербайджайнаг æвзаг. Æвзæгтæ ахуыр кæнынмæ хорз кæй арæхст, уый бафиппайдтой Паддзахадон Æдасдзинады Комитеты кусджытæ æмæ йыл сæ цæст æрæвæрдтой. Йæ фидæны бинойнагимæ дæр базонгæ университеты. Ноннæ Владимиры чызг Толстая йæ мыггагæй дæр зындгонд уыдис. Толстойты уæздан мыггагæй кæй у, уый æрыгон чекисты бахъуыд хицауадмæ ныффыссын, цæмæй йын бар раттой, йæ цард Ноннæимæ баиу кæнынæн. Уыцы рæстæг сæрмагонд службæтæ ахæм хъуыддæгтæм лæмбынæг кастысты, фæлæ йын бар раттой, æмæ иумæ фæцардысты амондджынæй. Йæ бинойнаг уыд Лев
Толстойы æфсымæры лæппуйы чызг. Фæлæ, хъыгагæн, Владимир фылдæр рæстæг фæсарæнты уыд, йæ бинойнаг та йæм æнхъæлмæ каст æмæ-иу цин кодта йæ цыбыр
рæстæджы фæзындтыл. Афтæмæй схъомыл кодтой чызг Аллæ æмæ лæппу Игоры. Хуссарирыстойнаг сгарæджы зыдтой куыд «Булкъон К».
Лохты Владимир хъомыл кодта бирæсывæллонджын бинонты ’хсæн: уыдысты цыппар æфсымæры – Иосиф, Владимир (Мурман), Шота, Зауыр æмæ хо Верæ.
Зыдта цалдæр æвзаджы, æмæ йын уый тынг æххуыс уыд йæ куысты. 20 азæй фылдæр цард æндæр номимæ, куыста Æввахс Хурыскæсæны. Йæ фыд Иосиф (Асан) ныгæд у Знауыры районы Пичъиджыны. Лохты Владимир бирæ азты цард фæсарæнты, фæлæ-иу ын рæстæг куы фæцис, уæд, æнæмæнг, цыд йæ райгуырæн хъæумæ.
Адæймаг йæ царды бирæ лыггæнинаг фарстатыл сæмбæлы, уæлдайдæр та сæрмагонд уавæрты архайгæйæ. 1963 азы Владимиры бахъуыд, цы бæстæйы уыд, уырдыгæй æндæр бæстæмæ ацæуын. Самал кодта, йæ хæдæмхуызон чи уыд, ахæм нæлгоймаджы гæххæттытæ. Сæ хицау амард, фæлæ йæ мæлæт нысангонд никуы ’рцыд. Кæм хъуамæ æрбынæттон уыдаид, уыцы бæстæйы сгарæг фæхæст хорз коммерцион архайдыл. Фæсарæйнаг-амалхъом бахауд æрзæткъахджыты компанийы разамонджыты нымæцмæ. Сарæзта йæхи кинопрокатон фирмæ. Балхæдта чысыл автоцалцæггæнæн æрмадз. Хъуыддæгтæ цыдысты нывыл. Фæлæ йæ бахъуыд, фæс-
арæнты цы гæххæттытæм гæсгæ цард, уыцы хъуыддаг æвдисæнтæй бафидар кæнын. Уый та бафидар кодтаид дард хъæуы йæ мад. Владимир базыдта, йæ мад цы хъæуы цæры, уым ын цы хæстæджытæ ис, уыдоны адристæ. Райдыдта сæм фыстæджытæ фыссын. Баууæндын сæ кодта, æгас кæй у æмæ тагъд кæй фæзындзæн. Уыцы рæстæгмæ лæппуйы мад базæронд, бакуырм. Владимир хæстæджытæн алы æххуыстæ кæнгæйæ, иу бон æрцыд, кæй гæххæттытæм гæсгæ цард, уый мадимæ фембæлынмæ.
Дуармæ бадтысты цалдæр зæронд усы. Владимир æрлæууыд сæ разы. Хъуыды кæны, кæцы дзы у йæ мад? Уалынмæ дзы иу сыстад, æрхауд йæ уæрджытыл, Хуыцаумæ скуывта йæ фырты фæзындыл. Владимир æй ныхъхъæбыс кодта. Мад йæ фырты сæрыл æруагъта йæ къухтæ æмæ дарддæр куывта. Афтæ базонгæ сты мад æмæ йæ «фырт». Владимир ын бирæ азты æххуыс кодта, касти йæм йæхи мадмæ кæсæгау. Фæстæдæр ын Центры æххуысæй сарæзта пенси æмæ ма уыцы сылгоймаг пенси фæиста дæс азы дæргъы.
Лохты Владимиры сгуыхтдзинæдтæн нырма æргомгæнæн нæй. Зындгонд у æрмæст, Æввахс Хурыскæсæны кæй куыста æмæ йæ профессион архайды иунæг рæдыд дæр кæй никуы ‘руагъта, уымæй. Уый нымайынц идеалон сгарæгыл.
Лохты Владимир ССР Цæдисы Паддзахадон Æдасдзинады Комитеты службæ кодта 1957-1991 азты, 1979 азæй фæстæмæ, цалынмæ отставкæйы ацыд, уæдмæ службæ кодта, разамынд лæвæрдта ССР Цæдисы Паддзахадон Æдасдзинады Комитеты фыццаг сæйраг управленийы, уæлдай сусæг управлени «С»-йы 1-аг хайадæн.
Паддзахадон Æдасдзинады Комитеты булкъон Лохты Иосифы фырт Владимир йæ æнтыстдзинæдты тыххæй хорзæхджын æрцыд майдан «Хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй», ССР Цæдисы Паддзахадон Æдасдзинады оргæнты æппæты бæрзонддæр хæрзиуæг – риуылдаргæ нысан «Паддзахадон æдасдзинады кадджын кусæг»-æй, Сырх Стъалы æмæ Фæллойадон Сырх Тырысайы ордентæй.
Владимир йæ цардæй ахицæн 2002 азы. Æфсæддон намысы æгъдæуттимæ йæ баныгæдтой Мæскуыйы Троекуровскы уæлмæрды.
Ацы аз Уæлахизы боны агъоммæ Цхинвалы се ‘мзæххон æхсарджын сгарæгæн байгом кодтой цыртдзæвæн.
Гом информацион
фæрæзтæй пайда
кæнгæйæ, æрмæг бацæттæ кодта
Касаты Батрадз