Бæрæгбоны фидауц – Сабырдзинады фæзы

0
31

Ног аз Уæрæсейы цæрджытæн сæ уарзондæр бæрæгбон у, зæрдиагæй йæм фенхъæлмæ кæсынц, йе ‘рбацыдимæ фæбæттынц сæ бæллицтæ, сæ царды хорзæрдæм ивддзинæдтæ йемæ фæбæттынц.

Æвæццæгæн нæ алчидæр æрымысы йæ сабибонтæ, æнæмæт цард, Ногбоны лæвæрттæ-иу нын цы æхсызгондзинад æрхастой, уый… Фæбæллæм йе ‘рбацыдмæ чысылæй-стырæй, ферох кæнæм нæ зындзинæдтæ, цæлхдуртæ, вæййæм æрмæстдæр уæлмонц хъуыдыты ахæсты. Алчидæр нæ фæархайы бæрæгбоны агъоммæ йæ хæдзар сфæлындыныл, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, наз бæлас куы нæ, уæддæр ын йæ къалиутæ бæрæг ран сæвæрыныл. Сæ хæрздæф, сæ хъазæнты æрттывд нын æхсызгондзинад хæссы нæ зæрдæтæм.

Куыд æрвылаз, афтæ та Дзæуджыхъæуы Сабырдзинады фæзы æвæрд æрцыд Ног азы бæрæгбоны фидауц – йæ бæрзæнд 17 метры кæмæн у, ахæм æрвхуыз наз бæлас. Æрдз ницы бавгъау кодта 40-аздзыд бæласæн – диссаджы аив æмæ рæсугъд у, йæхимæ цæст æлвасы, кæмæй фæзæгъынц, ахæм. Горæтæн æй, администрацийы куыд фехъусын кодтой, афтæмæй балæвар кодта коммерцион компани – уый ма æртæ азы размæ дæр дзæуджыхъæуккæгтæ æмæ республикæйы уазджытæн ахæм лæвар ракодта. Диссаджы аив фæци фæз, бæлас цæхæртæ скалдта, æмæ йæм сахары цæрджытæ кæсынмæ цæуынц, йæ разы зæрдылдарынæн сæ хуыз исынц.

Уæдæ дызæрдыггаг нæу, ацы бонты нæ республикæмæ уазджытæ кæй ссæудзæн алы рæттæй, уый дæр, æмæ, æнæмæнг, тезгъо кæндзысты проспекты дæр. Рæсугъд, бæрзонд, æрвхуыз наз бæлас – бæрæгбоны фидауц сæм æнхъæлмæ кæсы.

Ног аз æрбахæстæг, йæ къахдзæф нæм хъуысы, æмæ сабырдзинадимæ, амонд æмæ фæрныгадимæ æрбакъахдзæф кæнæд!

ГАПБАТЫ Алетæ, къам систа Татьянæ ШЕХОДАНОВА

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here