Рауагъдонты кæронбæттæн паддзахадон аттестаци

0
38

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг ПЛАТЫ Альбинæйы разамындæй цы уæрæх æмбырд сарæзтæуыд, уым хыгъд æрцыдысты 2024 азы скъолаты рауагъдонты кæронбæттæн паддзахадон аттестацийы бæрæггæнæнтæ.

Æмбырды архайджытæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй паддзахадон фæлварæнтæ дæттыны мадзæлттæ æххæстгонд æрцыдысты рагагъоммæ фидаргонд фæткы бындурыл, къуыхцытæ дзы иу къæпхæныл дæр не ’руагъдæуыд. 2024 азы кæронбæттæн паддзахадон аттестаци æмбæлгæ уагыл æххæстгонд кæй æрцыд, уымæн, фыццаджы-фыццагдæр, фæахъаз профилон æмæ цæстдарæг ведомствæты минæвæртты æнгом æмархайд. Уыимæ, экспертты хатдзæгмæ гæсгæ, ацы азы фæлварæнты бæрæггæнæнтæ, фаронимæ абаргæйæ, рауадысты зынгæ хуыздæр.

Æппæт уыдæттыл йæ доклады бæстон æрныхас кодта Цæгат Ирыстоны ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ. Министр куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй 2024 азы скъоладзаутæ сæххæст кодтой 14,7 мин фæлварæн куыстæй фылдæр. Уыдоны бæрæггæнæнты фæдыл сæрмагонд цæстдарæг къамисмæ ныййарджытæй барвыстæуыд 5 хъасты (фарон ахæм курдиæттæ уыд фæндзайæ фылдæр). Уыимæ, ацы хатт кæронбæттæн аттестацийы бæрæггæнæнты фæдыл тæрхондонмæ хъæстытæ нæ уыд (фарон уыд 1 ахæм цау).

Министры ныхасмæ гæсгæ, паддзахадон аттестацийы сæйрагдæр бæрæггæнæнтæ, кæй зæгъын æй хъæуы, сты рауагъдонты зонындзинæдты бæрц æмæ хæрзхъæддзинад. «Ацы аз æртæ хатты фæкъаддæр, баллтæм гæсгæ фæлварæн фыццаг хатт чи нæ радта, уыцы скъоладзауты нымæц. Ахæм зæрдæзæгъгæ бæрæггæнæнтыл комкоммæ сахадыдтой фæсурокты уæлæмхасæн семинартæ, предметты бæстондæр ахуырад, фæлварæн дæттыны тренировкæтæ æмæ уæлæмхасæн ахуырады æндæр мадзæлттæ», – бафиппайдта Алыбегты Эллæ.

Æмбырдæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Платы Альбинæ бузныг загъта, паддзахадон аттестацимæ бар чи дардта, æппæт уыцы ведомствæты минæвæрттæн, фæлварæнты кампани æргомæй æмæ æнæкъуылымпытæй æххæстгонд кæй æрцыд, уый тыххæй. «Ахуырад æмæ наукæйы, Мидхъуыддæгты, Æнæнхъæлæджы уавæрты æмæ Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадтæ, компани «Ростелеком» æмæ æндæр ведомствæтæ æмхъаруйæ бакуыстой фæлварæнты æнаипп фæткыл», – фæнысан кодта Хицауады Сæрдары хæдивæг. Платы Альбинæ амынд ведомствæты минæвæрттæм фæсидт, цæмæй фидæн азы дæр ахæм фæткыл бакусой, кæронбæттæн паддзахадон аттестацимæ цæттæ кæнгæйæ.

СЛАНТЫ Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here