Æрымысæм нæ Ног азы митæ

0
18

Æвæдза, цы диссаджы змæлд-иу уыдис алы ирон хæдзары дæр Ногбоны хæдразмæ. Мах дæр-иу цыппар æфсымæрæй нæ мад æмæ нæ фыдымады фæстæ рауай-бауай кодтам, сæ алы змæлдмæ дæр сын кастыстæм. Фыркъатæ, цæукъатæ, адæймаджы сурæттæ нартхоры ссады хыссæйæ æвзалы цæстытимæ, æмæ Ног азмæ цæттæ кæныны бирæ æндæр диссæгтæ.

Хæдзары цы дурын пец уыд, уым-иу суг бандзæрстой, стæй йыл-иу уæле æвзалы ныккалдтой. Уæттæн-иу сæ дуæрттæ байгом кодтой æмæ-иу къуымтæ иууылдæр схъарм сты. Сылгоймæгтæ пецы цур архайдтой, æмæ сæ хъыгдаргæ кодтам. Мæ мад-иу дзулфыцæны дуар рæстæгæй-рæстæгмæ фегом кодта, æмæ, йæ цæстæй царв кæмæн лæпиры, ахæм уæливых-иу райста. Хъазы сис-иу хъарм царвы атылдта æмæ йæ байсæрста. Рæстæггай-иу пецы зынгтæ æртыскæн кæнæ къадзонæгæй асхъаудта, цæмæй ма мынæг кæной. Хъыгдаргæ кæй кодтам, уымæ гæсгæ-иу нæ иннæ уатмæ нæ фыдыфыдимæ арвыста. Уымæн йæ сынтæг уыд пецы фæсчъылдыммæ. Пецы тæвдæй-иу къул дзæбæх схъарм, æмæ-иу уыцы хъарммæ мах дæр иуафон тæгæрфынæй аистæм, йæ таурæгъмæ хъусгæйæ. Фæлæ-иу уæддæр нæ зæрдæ фынгмæ æхсайдта, æмæ-иу иуафон, æмбисæхсæвмæ æввахс, райхъал стæм æмæ-иу Ног азы дзаджджын фынгыл рабадтыстæм. Æмæ ма дæ хъæуы – нал…

Бон-иу дзир-дзур кодта, уасджытæ ныууасыдысты, афтæ-иу мæ мæ фыдыфыд сæумæцъæхæй сыстын кодта, цом æмæ «сой-сой» скæнæм, зæгъгæ. Хуыссæгхъуагæй-иу хъæдхъиутæй рабадтæн. Уый-иу уæхстыл фиутæ бакодта æмæ цæхæрадоны бандзæрста, рагацау-иу цы хус цъыхырытæ æмæ хъæмп æрцæттæ кодта, уыдоныл. Арт-иу уайтагъд схæцыд, йæ базыртæ сцагъта. Уый-иу мын мæ къухы уæхст фæсагъта æмæ загъта: «Артмæ йæ бадар æмæ «сой-сой, хингæнæджы цæстытæ басудзæнт» ныхъхъæр кæн». Æз æрдзæй æфсæрмыгæнаг рахастон, фылдæр мæхинымæр дзурын уарзтон, æмæ мæ хъæр мæхимæ дæр нæ фехъуыст. Ныхъхъæр кæн тынгдæр, нæ цъыхырытæ фæуд кæнынц, зæгъгæ, мыл схъæр кодта, фæлæ дзы ницы рауад, æрмæст сæргуыбырæй кастæн, уæхстæй фиутæ артмæ куыд тæдзынц, уымæ. Дæлæсыхæй, уæлæсыхæй хъуыстис хъæлæсджын лæппуты «сой-сой!»

Адæм «сой-сой» дæр уымæн кодтой, æмæ æвзæрстой къух, къах, цæст, йæ къах, йæ къух бæззы, йæ цæст уарзы, нæ уарзы, уый. Æууæндыдысты цæстæфхæрд, цæстдзыдыл, роды, хъуджы къæдзилыл, цæхæрадоны лыстæг хуымты астæу-иу бабастой сырх хæцъил, уымæн æмæ алкæуыл не ’ууæндыдысты, тарстысты хингæнджытæй, кæлæнгæнджытæй, æдзæстуарзонтæй, фыдзæрдæтæй… Æмæ цалынмæ удæй уды ‘хсæн, адæмæй адæмы ‘хсæн сыгъдæг æууæнк сæвзæра, уæдмæ цæмæйдæрты кæрæдзимæ сæ зæрдæ къæпп кæндзæн, æхсайдзæн.

Бирæ азтæ рацыд уæдæй нырмæ. «Сой-сой» ничиуал кæны, æз дæр хъæргæнагдæр нæ фæдæн, цы уыдтæн, уымæй баззадтæн. Раздæрау уарзын искæмæ, мæхимæ, мæ зæрдæмæ хъусын.

Æмæ алы Ног азы сæумæрайсом дæр мæ зæрдæйы хъармæй скæнын фæлмæн арт, ныхъхъусын, ныккæсын мæ зæрдæмæ, мæ цæстыты фиутæ уыцы артмæ фæтæдзынц, æрмæст хæлæгæй нæ, фæлæ тæхудытæй. Сой-сой фæкæнын мæхинымæр.

Сой-сой-сой! Нæ бинонтæ кæрæдзиуыл хæцгæ цы уой, Ног боны къуыдыры арт-иу сæ йæ алыварс куыд æмбырд кодта, сæ уарзондзинад афтæ куыд судза æмæ сæ хъарм куыд кæна, ахæм амонд ратт, рæстæджы фарн!

Сой-сой-сой! Фырау ныхджын куыд уæм, арсау – хъæбулджын, каркау – бæдулджын, æмæ нæ фæндæгтæ даргъ æмæ уæрæх цы уой, ахæм амонд ратт, рæстæджы фарн!

Сой-сой-сой! Хорзæй дæр æмæ æвзæрæй дæр чи цы кæны, уый йæ фыццагдæр йæхицæн кæны, æмæ искæй бын арт чи æндзары, уый дзы йæхи судзы.

Сой-сой-сой! Хингæнæджы, кæлæнгæнæджы, æдзæстуарзоны, æнæфсис, фыдзæрдæйы цæстытæ артмæ æрдардæуæд, æмæ йæм хуыздæр зонд æрцæуæд. Махæн та фарн æмæ амонд ратт, рæстæджы фарн!

 

Абайты Эдуард

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here