«Рæстдзинад»-ыл зæрдæ нæ ивут

0
36

Цæрæг уд фенхъæлмæ кæсы Ног азы æрцыдмæ, цавæрфæнды ахасты куы бахауы, уæддæр. Кæмдæр йæ зæрдæ уæддæр фæдары, фæфæнды йæ, цæмæй æрхæсса хорздзинæдтæ, цард нывылæй куыд цæуа, уыдæттæ. Уыдон – хуымæтæг адæймаджы цæстæй акæсгæйæ.

Куыд хъуамæ бауæндæм мах ахæм хуымæтæг адæймагмæ, куыд  дзы хъуамæ домæм газет «Рæстдзинад» рафыссыны хъуыддаг? Нæхи бон дзуапп райсын куы нæу, нæ фарстатæ æнæ дзуаппæй куы баззайынц, уæд нæм чи хъуамæ æрыхъуса? Иу хатт ма йæ зæгъдзынæн, нæ республикæйы разамынд сæ арфæты кадджын кæй хонынц, уыцы хистæртæ посты куыстæй сæ тæккæ къубалмæ систы. Кæд нæ хистæрты кадджынтыл намайут, уæд уæм сæ хъæр, сæ тыхст цæуылнæ хъарынц? Аккаг уавæртæ саразыныл ма сын бацархайут!

Цæмæн? Уæхæдæг газеткæсджыты фыстæджытæ бакæсут газеты фæрстыл, пост йæ хæстæ нал æххæст кæны. Адæм тухийæ мæлынц, ахæм дзуапп ма дзы уа: «Газеттæ фæхæццæ кæнынæй уын зæрдæ не ‘вæрæм», – афтæ дзуры кæцыфæнды посты хайады кусæг дæр æрбацæуæг адæймагæн. Цавæр зæрдæйы уаг хъуамæ сæвзæра хуымæтæг газеткæсæгмæ?

Айразмæ республикæйы медиафорумтæй иуы сæмбæлд Уæрæсейы Посты бастдзинады службæйы бæрнон кусæг. Йæ дзуаппытæ уыдысты ахæм: «Мæнæ кæд Уæрæсейы Хицауад Посты бастдзинады службæмæ йе ‘ргом раздахид, фæкæсид нæм субсидитæй…». Цымæ субсидитæ хъуаг баййæфта Уæрæсейы Посты стыр куыстуат? Ома, мацæмæ нæм æнхъæлмæ кæсут. Уый уын йæ дзуапп.

Боны хорзмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, бонвыддæр кæнæм. Æрæджы æмхуызонæй хъуыстам, кастыстæм республикæйы Сæргълæууæджы пресс-коференцимæ. Бирæ тыхстаг фарстатæ сæвзæрд адæммæ, уæд – транспорты, уæд – цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады лæггæдты æргътæ,  уæд  – транзитон машинæты гуппартæ, уæд – хъæутæ æмæ поселокты афтекты фарстатæ.

Адæм дзæгъæл хуымæтæджы нæ ратдзысты фарстытæ. Фæлæ кæд фарон дæр Сæргълæууæг æппæт тыхстаг хъуыддæгтæ алыг кæнынæй зæрдæ бавæрдта, уæд ма сæ цымæ рæгъмæ цæмæн рахастой  ныр? Мæ цæстæй акæсгæйæ, республикæ аналитиктæ хъуаг не ‘ййафы, уыдонмæ хауы æппæт зындзинæдтæ равзарын, æмхуызонæй сæ разамынды размæ рахæссын. Фæстæдæр хатдзæгтæ скæнын, цытæ бафтыд къухы саразын, æргом ма цæмæ аздахын хъæуы. Цымæ сын уыцы архайд фæрæстмæ? Куыднæ стæй!

Фарстатæ бирæ кæй уыдысты, уый та æвдисы республикæйы разамынды æвæлмаст куыст. Абон-райсом кæнынц, сæ къæбуттæ ныхынц, рæстæг æрвитынц. Æндæр сæ уæдæ куыд хъуамæ равдисæм?

Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæнон  Хуссайраг поселокæй Къæбысты Отары фыстæджытæ. Ома, поселок  афтек хъуаг у, адæм тыхсынц… Уый тыххæй газеты цал æмæ цал хатты ныффыстам?! Ныр æй пресс-конференцийы бæрзонд систой æмæ, дам, ыл æвæстиатæй ахъуыды кæндзыстæм… Цымæ сæ æхгæнын та цæмæн бахъуыд?! Чи уыдис уыцы хъæппæрисы хицау? Адæм хъуаг систы, мыййаг? Æви æдзæрæг бæстæ у?

Нæ разамынд газет «Рæстдзинад» нæ кæсынц, нæ зонынц иронау кæсын. Афтæ нымайынц, ома, цы хъуамæ ныффыссой? Мах фысгæ бæргæ ныккæнæм, фæлæ æмхуызонæй сæ зæрдæ сивтой æвзагыл. Раздæры заманты уымæн уæвæн дæр нæ уыд, ныр та æппæлгæ ракæнынц, нæ кæсын газеттæ, нæ хъусын радиомæ æмæ афтæ дарддæр. Æмæ уæдæ æгас цæут!

«Рæстдзинад»-ы нымаддæр кусджытæй иу – Цгъойты Хазби иу афон аф-
тæ ныффыста газеты, ома, сымах, чиновниктæ, бæрзонд бынæттæ уымæн ахсут, æмæ ис ирон æвзаг. Аргъ æмæ йын кад кæнут, æмбарут æй, зæгъгæ. Фæлæ кæмæ фехъуыст? Куы уæм фехъуыстаид, уæд абон газет «Рæстдзинад» мæгуыры къæйтæ нæ хæрид, æнхъæлмæ йæм чи фæкæсы, уыдон та цыфыддæр æвзарæнтæ не ‘взариккой. «Уыцы-иу хъуыдытæ цæмæн афтæ арæх фыссы Бутаты чызг?», – бафæрсдзæн исчи. Уымæн æмæ æфсæрмы кæнын нæ газеткæсджытæй.

О, царды цыдæн аивæн нæй, фæлæ не ‘хсæн абон чи цæры, «Рæстдзинад»-ыл æнувыд чи у, алы бон дæр æм æнхъæлмæ чи фæкæсы, уыдон цæмæн æвзарынц ахæм тыхстдзинæдтæ? Ау, æппын республикæйы бон нæу сахадын, цавæрдæр мадзæлттæ саразын? Республикæйы ном цæмæн хæссæм? Æмæ ма Уæрæсейы фидар (форпост!) дæр стæм Хуссары арæнты ‘рдыгæй!

Газеты иузæрдион хæлæрттæ йæ уæддæр рафысдзысты, æвзардзысты тыхстытæ, афтæмæй. Уæ алчидæр нæм нымад у, уæ алкæмæн дæр аргъ кæнæм. Зæ-
гъæм уын бузныг, нæ ивут зæрдæ «Рæстдзинад»-ыл. Райсом, ома, Ног аз,  цы уыдзæн, цы æрхæсдзæн, уый нæ бæлвырд ничи зоны. Фæлæ мах ныфс ис,  райсом газет рацæудзæн, дзаг уыдзæн уæ фыстæджытæй, уæ хъуыдытæй, уæ фиппаинæгтæй. Нæ бастдзинадæн сæфæн нæй…

 

Бутаты Эльзæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here