Бæрнондзинад æмбаргæйæ

0
26

Алчидæр нæ Ног азæй ног хæрзтæ куырдта, Иунæг Стыр Кадджын Хуыцау зæгъæд, æмæ ныл æрцæуæнт. Райгонд куыд уæм, æнæниз æмæ амондæй  – хайджын!

Бæрæгбоны зилæнты рæстæг дæр-иу кæмдæр адæймаджы хъуыдыты цавæрдæр сагъæстæ фæзындысты. Æргомæй уын æй зæгъын: мæт уыд нæ газеты тиражыл, химидæг тыхстæн, раст цыма цыдæр хъуыддæгтæ æрдæгкондæй баззадысты, уыййау.

Цымæ ма цытæ хъуыд саразын, куыд бацархайын, цæмæй иунæг ирон газет «Рæстдзинад» аива йæ уавæр, цæмæй йæ раздæры бынат бацахса æхсæнады. Иу хаттæй иннæмæ  æппæт тыхстаг фарстатæ цæмæн хъæуы дзурын, фæлæ нæ бон уый зæгъын у, æмæ газеты тираж абоны онг у 2525 экземпляры. Газет рафыссыныл зæрдиагæй чи бацархайдта, уыдонæн редакцийы номæй бузныг зæгъæм.

Бузныджы аккаг сты постхæсджытæ, кæд æмæ сæ куыстуаты фæтк  фæивта, уæддæр адæмыл аудынц, газет сæм хæццæ кæнынц. Афтæ сæ чи бауæнды зæгъын ацæргæ адæмæн, газет хæдзæрттæм хæццæ кæнын махмæ нал хауы, зæгъгæ, уыдонмæ дæр раст зонд фæзынæд. Нæ зæрдæ дарæм ивддзинæдтыл, нæ ныфс нæ сæтты. Баст у газеткæсджытимæ.

О, йæ тираж нал схиз-дзæн 40 мин экземплярмæ, афтæ æнувыд ыл чи уыд, уыцы æцæг ирæттæ цардæй ацыдысты. Ралæууыд мæнг ирæтты рад. Æмæ уыдонмæ цæмæ ис æнхъæлмæ кæсæн? Зæрдæ дæр сыл куыд хъуамæ фæхуда? Уымæй нæхи асайдзыстæм. Афтæ рауад… Ахæм уавæрты цæрæм, ахæм уавæрты уадзæм нæ газет. Ахæм рæстæг дæр ралæудзæн, æмæ иронау кæсæг адæймаг суыдзæн диссæгты диссаг…

Ныр та уал газет уадзынмæ бавнæлдтам, бузныг нæ иузæрдион хæлæрттæн. Цы хъаруйы хицау стут, уый махæн дæр тых дæтты, кæд нæ мæт нæ къаддæр кæны, уæддæр бæрнон стæм «Рæстдзинад» рауадзыныл. Æмæ кусæм, уыцы бæрнондзинад æмбаргæйæ.

 

Бутаты Эльзæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here