Фыццаг уазджытæм æнхъæлмæ кæсынц

0
16

«Мамысон»-ы æвæрд æрцы-дысты фыццаг хæдзæрттæ туристтæн. Уый тыххæй йæ телеграм-каналы фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

Хæдзæрттæм ныридæгæн ба-уагътой электрон тых, кусджытæ сын сæ донæфсадæн системæ нывыл кæнынц. Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй туристты бауазæг кæнынæн уыдзæн дыууæ хуызы – «зондджын» модулон хæдзæрттæ æмæ классикон бындурыл арæзт коттеджтæ. Тагъд дзы фæзындзæн ресторан дæр.

Фыццаг туристтæм «Мамысон»  æнхъæлмæ кæсы февралы.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here