Къахдзоныгътыл – стырæй-чысылæй

0
39

Ногазон фæлладуадзæн бонтæ хæдзары бадынæн æвгъау сты, адæймаг сæ хъуамæ спайда кæна йæ физикон уавæр фæхуыздæр кæнынæн. Æмæ ахæм разæнгарддзинад равдыстой республикæйы 200 цæрæджы – уыдон архайдтой Дзæуджыхъæуы Ихджын аренæйы дзыллон мадзалы.

Къахдзоныгътыл слæууыдысты куыд сабитæ, афтæ хистæр кары минæвæрттæ дæр, се ‘мрæнхъ – РЦИ-Аланийы физикон культурæ æмæ спорты министр Хуадонты Артур, афтæмæй.

Министр загъта, спорт нæ царды иу хай кæй у, æмæ азы райдайæн, улæфты бонтæй спайда кæнгæйæ, Ихджын аренæмæ чи ‘рбацыд, уыдонæн фадат уыдис лæвар къахдзоныгътыл бырынæн, сæ хъарутæ бавзарынæн.

Ацы мадзал арæзт æрцыд Спорт æмæ æнæниздзинады декадæйы фæлгæты. Нæ бæстæйы 1 январæй 8-мæ арæзт æрцыдысты спортивон дзыллон бæрæгбæттæ, цымыдисаг мадзæлттæ, спартакиадæтæ, фестивальтæ æмæ ерыстæ.

 

ГАПБАТЫ Алетæ, къам систа
Татьянæ ШЕХОДАНОВА

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here