Митын Дадайы арфæтæ

0
27

Алагиры районы Мидхъуыддæгты министрады хайады кусджытæ, æппæтуæрæсеон хæрзаудæн акци «Митын Дада-2025»-йы архайгæйæ, бæрæгбоны лæвæрттæ скодтой бирæсывæллонджын æмæ царды зын уавæрты чи бахауд,  уыцы бинонты сывæллæттæн.

Акцийы зæрдиаг архайджытæ систы районы мидхъуыддæгты хайады хицау Тлаттаты Аслæнбег, æхсæнадон советы уæнгтæ Баскаты Таймураз æмæ Ханайты Таймураз, æнахъомты хъуыддæгты фæдыл службæйы минæвæрттæ æмæ æппæтуæрæсеон æхсæнадон-паддзахадон фæсивæдон змæлд «Движение первых»-ы бынæттон хайады уæнгтæ.

Акцийы фæлгæты цы фембæлдтытæ сарæзтæуыд, уыдоны рæстæг сывæллæттæ æм-
дзæвгæтæ бакастысты æмæ симды бацыдысты Митын Дада æмæ Митæимæ, зындгонд аргъæутты хъайтартимæ…

Пъæлицæйы кусджытæ æмæ акцийы иннæ архайджытæ сывæллæттæн ракодтой зæрдиаг арфæтæ æмæ раттой лæвæрттæ.

Гæззаты Зæринæ,
Мидхъуыддæгты министрады
Алагиры районы хайады инспектор

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here