Ног нысантæ, национ æмæ паддзахадон проекттæ

0
25

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй уыд ацы азы фыццаг аппаратон æмбырд. Ныхас дзы цыд ивгъуыд азы бæрæггæнæнтыл, Ног азы бæрæгбæттæ куыд арæзт æрцыдысты, цæрджыты æдасдзинадыл, санитарон æмæ социалон фарстатыл æмæ фидæны нысантыл.

Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег фехъусын кодта республикæйы оперативон уавæры тыххæй. Йæ ныхасмæ гæсгæ, 250 уæзласæн машинæйы æнхъæлмæ кæсынц Арвыкомы фæндагыл ахизынмæ. Уыдонæй 230 ныртæккæ лæуынц сæрмагонд бынæтты. Æдæппæтæй ацы бонты арæныл ахызтысты 20030 транспортон иуæджы, – загъта Томайты Ирбег.

«Роспотребнадзор»-ы РЦИ-Аланийы управленийы разамонæг Тыбылты Аланы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, республикæйы эпидемион уавæр у нывыл.

Хицауады Сæрдар æмбырды архайджытæн бауайдзæф кодта, бæрæгбæтты рæстæг фæндæгты уавæрмæ фаг цæстдард кæй нæ цыд, боныхъæды уавæртæм гæсгæ бырынцъаг кæй уыдысты. Уый тæссагдзинад сæвзæрын кодта бæлццæтты æдас-дзинадæн. Транспорт æмæ фæндаггон инфраструктурæйы комитетæн бахæс кодта ацы фарстамæ бæрнондæр цæстæй æркæсын, цæмæй фидæны ахæм уавæр мауал сæвзæра. Ноджы ма бафиппайдта, бæрæгбæтты рæстæг бирæ Культурæйы галуантæ кæй нæ куыстой, æмæ уый фæдыл культурæйы министр Фидараты Сосланæн бафæдзæхста ацы фарстамæ æркæсын.

Финансты министры фыццаг хæдивæг Оксанæ Карова фехъусын кодта, национ проекттæ æмæ паддзахадон программæтæ ивгъуыд азы æххæстгонд кæй æрцыдысты.

Хицауады Сæрдар фæбæрæг кодта, национ проекттæ æмæ паддзахадон программæтæ ивгъуыд азы 99,9 процентæй æххæстгонд кæй æрцыдысты, уый хорз бæрæггæнæн кæй у.

Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн куыд фехъусын кодта, афтæмæй коммуналон куыстуæттæ кусынц æнæкъуылымпытæй.

Дзанайты Барис профилон ведомствæтæн бахæс кодта республикæйы ахуырадон æмæ социалон уагдæтты грипп æмæ æндæр тæссаг низтæ рапарахат кæнынæн гæрæнтæ саразын. Æппæт ведомствæтæн дæр бахæс кодта ног национ æмæ паддзахадон проектты архайдмæ фылдæр æргом аздахын.

2025 азы Уæрæсейы æххæстгонд æрцæудзысты 19 национ проекты. Уыдон архайдзысты экономикæйы алы къабазы дæр, суанг ма экологийы дæр. 20-æм нацпроект архайдзæн биоэкономикæйы райрæзты. Ног национ проекттæ фæахъаз уыдзысты нæ адæмы цард фæхуыздæр кæнынæн.

Хицауады Сæрдар ма фæбæрæг кодта, цæмæй республикæ архайа райрæзты институттæ «Стратегион хъæппæристы агентад», «ВЭБ РФ», «Газпром», «Кавказ.РФ», «Туризм.РФ» æмæ Культурон хъæппæристы президентон фонды программæтæ.

Хъойбайты Галинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here