Мидисджын æмæ зæрдæмæдзæугæ

0
28

Афæдзы мидæг цы бирæ бæрæгбæттæ сбæрæг кæнæм, уыдонæй нын уарзондæр, æвæццæгæн, Ног аз у. Йæ ралæудмæ фæбæллæм, рагацау æм нæхи цæттæ кæнын райдайæм æмæ йыл зæрдæхъæлдзæгæй сæмбæлæм. Алчи йемæ бæтты йæ хуыздæр хъуыдытæ, йæ бæллицтæ æмæ пълантæ, æууæндын æй фæфæнды, ног аз ивгъуыдæй хуыздæр, амондджындæр кæй уыдзæн, ууыл.

Уæлдай æхсызгондæрæй Ног азы бæрæгбонмæ фенхъæлмæ кæсынц сывæллæттæ, уымæн æмæ æрбахæццæ вæййынц сæ улæфты бонтæ, стæй ма сын фадат вæййы алыхуызон хъæлдзæг мадзæлтты архайынæн. Дзæуджыхъæуы æвдæм скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ сæ хъомылгæнинæгтæ дæр зæрдиагæй сæхи бацæттæ кодтой фидæны азыл æмбæлгæ уагыл фембæлынмæ. Алы кълас дæр бацæттæ кодта йæхи хъæздыг программæ. Дзыхъхъы нæ ныллæууыдысты 3 «Д» къласы сабитæ дæр. Ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ Хайманты Жаклинæ æмæ Хъæлæбегты Альбинæйы разамындæй сарæзтой мидисджын, зæрдæмæдзæугæ бæрæгбон. Митын Дада æмæ Митæ сын зæрдиаг арфæ ракодтой, стæй уæд сабитæ сæ
арæхстдзинад равдыстой кафын,зарын, æмдзæвгæтæ кæсынæй. Бацæттæ кодтой чысыл сценкæтæ ногазон тематикæйыл дæр. Иудзырдæй, хъæлдзæгæй арвыстой сæ бæрæгбон, куыд сæхæдæг, афтæ сæ хуынд уазджытæ – ныййарджытæ дæр.

БУТАТЫ Азæмæт

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here