Ног азы къæсæрыл – стыр нысантимæ

0
31

Æз дæн мæхæдæг Дыгургомæй задæлескыхъæуккаг хæрæфырт, зæгъæн ис, мæ сабийы бонты æмбис уым арвыстон. Цы нæ къуылдым, цы нæ адаг æмæ уыгæрдæн кæнæ суадон зыдтон уыцы бынæтты, ахæм нæ уыди.

Задæлескæй гыццыл уæлдæр æрæнцад уымæй ноджы рагондæр хъæу – Хæнæз, йæ зындгонд нау-мæсыг-иу ын дардмæ уыдтон, фæлæ дзы уæвгæ никуы уыдтæн. Йæ цæрджытæ дæр æрвылбон цыдысты, чи – бæхыл, чи – хæргæфсыл, чи – хæрæгыл Задæлескы рæзты нарæг къахвæндагыл – хуымæтæг хохаг зæхкусæг адæм. Хатгай, кæрæдзийы фæдыл арæнхъ уæвгæйæ, Хæнæзы ’рдæм, сæ хызынтæ се ’ккой, афтæмæй-иу сивгъуыдта горæтаг туристты къорд.

Æз уæд нæ зыдтон, чи цæры Хæнæзы, цавæр мыггæгтæ, кæцæйты йæм æрцыдысты цæрынмæ, æппæт уыдæттæ æрмæстдæр хæрзæрæджы базыдтон, Хæнæзы истори, йæ равзæрд æмæ цæрджыты тыххæй Хъарданты Тимуры уацхъуыд «Иры Стыр Ныхас»-ы газеты бакæсгæйæ. Æмæ дзы иттæг разыйæ баззадтæн – æгайтма уыцы арфæйаг, ахсджиаг куыст æвæллайгæйæ, æнæзивæгæй, бæрнонæй кæны.

Тимуры сфæлдыстадимæ рагæй зонгæ дæн, арæх ын бакæсын нæ гыццыл Ирыстоны кæмтты, нæ рагон хъæуты раздæры царды тыххæй алы нымæцтæ, цаутæ æмæ архивон бæрæггæнæнтæй хъæздыг æрмæг.

Тимур каст фæци Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты историон факультет. У Уæрæсейы æфсæддон-историон æхсæнады, Уæрæсейы Журналистты цæдисы æмæ Уæрæсейы Сырх дзуары Цæгат Ирыстоны хайады уæнг, Æппæтуæрæсеон адæмон фронты активист, сайт Цæгат Ирыстоны «Æнæмæлгæ полчъы» координатор, патриотон клуб «Фыдыбæстæ»-йы разамонæг.

Коронавирусы бæллæхы рæстæг Дыгуры районы уый разамынд лæвæрдта адæмæн гуманитарон æххуысгæнæг волонтерты штабæн. У цалдæр чины-
джы автор – «Фыдæлты азфыст», «Хъæбатыртæ æнæ Сыгъзæрин Стъалыйæ» æмæ «1818 азы дæргъы дзуарæфтыд ирæттæ». Абоны онг ма йын рацыд нæ республикæ æмæ Уæрæсейы дзыллон информацийы мыхуыры фæрæзты сæдæгай уацхъуыдтæ Цæгат Ирыстоны историйы, культурæйы, æхсæнадон цард æмæ спорты тыххæй.

Тимуры хъæппæрис æмæ æххуысы фæрцы арæзт æрцыдысты алыхуызон фæсивæдон мадзæлттæ – конкурстæ, ерыстæ, равдыстытæ, акцитæ, кæцыты архайдтой скъоладзаутæ канд нæ республикæйæ нæ, фæлæ Уæрæсейы иннæ регионтæй дæр, суанг Чукоткæйæ. 2021 азы Тимур Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрадимæ иумæ царды рауагъта «Барбашовы быдыр»-ы проект «Хъæбатыры стыр сгуыхтдзинад», архайдта «Звезда», «Легенды армии», «Россия-24. Без срока давности» æмæ æндæр патриотон уæрæсейаг каналты проектты.

Ныртæккæ цæттæ кæны сывæллæтты нывты равдыст, архайынц дзы
Республикæ Башкортостан æмæ Цæгат Кавказы æртæ регионы.

Йæ арфæйаг æмæ хъомысджын куысты фæдыл Тимур хорзæхджын у Уæрæсейы Президент Владимир Путины майданæй, «Кæрæдзийæн æххуысы Æппæтуæрæсеон акци «Мах стæм иумæ» саразынмæ стыр бавæрæн бахæссыны тыххæй», Хуссар Ирыстоны Республикæйы «Хæлардзинад»-ы орденæй æмæ майданæй «Дзæуджыхъæу – намысы горæт».

2019 азы Хъарданты Тимур райста Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы афæдзы хуыздæр журналисты куысты тыххæй преми номинацийы «Кад æмæ намыс».

Сæрмагондæй мæ зæгъын фæнды Тимуры чиныг «Хъæбатыртæ æнæ Сыгъзæрин стъалыйæ», зæгъгæ, уый тыххæй. Ныхас дзы цæуы, Фыдыбæс-тæйы Стыр хæсты рæс-
тæг не ’мзæххонтæй сæ хæстон сгуыхтдзинæдты фæдыл Советон Цæдисы Хъæбатыры ном райсынмæ кæй бавдыстой, æмæ, æцæгæйдæр, уыцы бæрзонд хæрзиуæджы аккаг чи уыди, фæлæ йæ кæмæн нæ раттой, уыдоныл – æдæппæт 46 адæймагыл. Уыцы хабæрттæ Тимур сбæрæг кодта, алыхуызон æфсæддон документтæ æмæ архивты бæстон бакусгæйæ. Уыцы арфæйаг куыст кæнын райдыдта, суанг ма астæуккаг скъолайы хистæр кълæсты ахуыргæнгæйæ. Фæстæдæр та йын иудадзыг баст-
дзинад уыди нæ бæстæйы Хъахъхъæнынады министрады сæйраг архивимæ дæр горæт Подольскы.

Тынг фæнды Тимуры нæ адæмы историимæ хуыздæр базонгæ уæвыны тыххæй Гуырдзыстоны сæйраг архивы бакусын дæр, суанг ма гуырдзиаг фыссынад дæр сахуыр кодта æмæ йæ уырны, абон уа, райсом, уæддæр ын ахæм фадат кæй фæуыдзæн.

Куы йæ бафарстам, уыцы ахсджиаг, вазыгджын куысты ахадгæдæр æххуыс кæмæй зоны Тимур, уæд нын æппæты фыццаг загъта «Иры Стыр Ныхас»-ы раздæры сæрдар Уататы Зелимы ном. Бацамыдта Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады сæйраг архивы бæрнон кусæг Панков Оледжы дæр, уый йын æнæзивæгæй æмæ хъæу-
гæ хуызы сæххæст кæны йæ курдиæттæ. Нæ дзы ферох сты, Цæгат Кавказы иннæ регионты дæр уыцы куыстыл хæст чи у, йæ хорз зонгæ уыцы адæм дæр – Ахмед Нахушев Кæсæг-Балхъарæй, Адлан Динаев – Цæцæны Республикæйæ.

Зæгъæн ис афтæ, æмæ ивгъуыд азы йæ куысты бæрæггæнæнтæй Хъарданты Тимур у разы, фæлæ цы ног аз ралæууыд, уым дæр йæ размæ æвæры ног, бæрзонддæр æмæ ахсджиагдæр нысантæ. Царды рауадзын ын сæ кæй бантысдзæн, уый та дызæрдыггаг нæу.

Хæмыцаты Морис

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here