Нысанмæарæзт федералон программæ «Æппæтфадатджын горæтаг алфамбылай» Цæгат Ирыстоны куыд æххæстгонд цæуы? Прог-
раммæйы фæлгæты ныридæгæн цы арæзт æрцыд, стæй хæстæгдæр рæстæг куыст цæуыл цæудзæн? Ууыл ныхас цыд сæрмагонд республикон къамисы радон æмбырды. Фембæлды сæрдариуæг кодта РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис.
Хицауады уæнгтæй уæлдай, фембæлды архайдтой Цæгат Ирыстоны Парламенты депутаттæ æмæ муниципалон районты сæргълæуджытæ.
Профилон ведомствæты разамонджытæ æмæ районты сæргълæуджытæ дзуаппон докладтæ скодтой, амынд программæйы фæлгæты ивгъуыд азы цы куыстытæ æххæстгонд æрцыд, уый фæдыл. Сæ хъусынгæнинæгтæм гæсгæ, бирæ æхсæнадон бынæттæ ныр ногæй сæ хуыз скалдтой, адæмы фæлладуагъдæн сæ фæзынд зæрдæзæгъгæ фадæттæ.
Дзанайты Барис йæ раныхасы куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй уыцы
куыст ахсджиаг у, федералон Хицауады æххуысæй фæстаг æртæ азы дæргъы Цæгат Ирыстоны сарæзтой кæнæ сцалцæг кодтой дæсгай фæлладуадзæн æмæ æндæр ахсджиаг социалон объекты.
– Амынд федералон программæйы фæрцы рæзынц муниципалон скондтæ. Уыимæ, муниципалитетты цæрджытæ сæхæдæг схъæлæс кæнынц, фыццаградон æгъдауæй цы æхсæнадон бынæттæ рацаразын хъæуы, ууыл. Зæгъæм, фæстаг æртæ азы дæргъы фæлгонцгонд æрцыдысты 240 æхсæнадон бынаты æмæ бирæфатерон цæрæн хæдзæртты кæртытæ (уыцы куыстытыл хардзгонд æрцыд 1,4 миллиард сомæй фылдæр). Ацы азы пълантæ та аххæсдзысты 40 æхсæнадон фæлладуадзæн бынатыл. Уымæй уæлдай, æппæтуæрæсеон конкурс «Чысыл горæттæ æмæ историон цæрæн бынæттæ»-йы уæлахизы фæрцы республикæ сæххæст кæндзæн но-
джыдæр ма фæлгонцады 3 проекты муниципалитетты. Æппæт уыцы фарстатæм иудадзыгон цæстдард ис Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы ’рдыгæй, – загъта премьер-министр.
Æххæстгонд куыстытæ æмæ саразинаг проектты тыххæй бæстон доклад скодта цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн. Йæ ныхасмæ гæсгæ, Æрыдоны рацарæзтой Фæскомцæдисон парк, Дигорайы та – Тогойы-фырты уынг, Нары хъæуы та – æххæстгонд æрцыд сæрмагонд проект «Историон цæрæн бынат». Ахæм æмæ æндæр фæлгонцадон куыстытæ цыдысты æмæ дарддæр дæр цæудзысты республикæйы муниципалон скондты.
Кæронбæттæны Дзанайты Барис æппæт бæрнон ведомствæты разамонджытæн дæр бахæс кодта, цæмæй нысангонд пълантæ æххæст кæныны фæткмæ уа
бæстон цæстдард.
Калманты Аслан