РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз знон фембæлд республикæйы дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттимæ. Пресс-конференцийы рæстæг, семæ ныхас кæнгæйæ, Парламенты Сæрдар бахыгъта ивгъуыд азы куысты бæрæггæнæнтæ æмæ дзуаппытæ радта журналистты фарстытæн.
– Ралæууыд ног аз, æмæ уын мæ зæрдæ зæгъы амонд, сабыр цард, уæ бинонтæ фæрнджын куыд уой, уæ куыстæй та райгонд куыд уат, уыцы хорздзинæдтæ, – йæ ныхас арфæтæй райдыдта Парламенты Сæрдар. – Ивгъуыд аз Цæгат Ирыстонæн уыд уæлдай ахсджиаг, бæрæг кодтам нæ республикæйы историимæ баст æртæ кадджын цауы: 240 азы сæххæст Дзæуджыхъæуыл, Ирыстон Уæрæсеимæ баиуыл – 250 азы æмæ нæ республикæйы автономийы 100 азы. Уымæй уæлдай, 165 азы сæххæст Ирыстоны уарзондæр хъæбул, ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл. Ацы историон цаутимæ бастæй афæдзы дæргъы арæзт цыд алыхуызон зæрдылдарæн мадзæлттæ иунæг нысанимæ – цæмæй абоны фæлтæртæ зоной сæ ратæдзæнтæ, хъомыл кæной раст бындуртыл, цæмæй патриотизмы æнкъарæнтæй сæ зæрдæтæ цух ма уой. Уымæй уæлдай, афæдзы дæргъы Парламент йе ‘ргом тынгдæр здæхта национ проекттæ æмæ социалон фарстатæ æххæст кæнынæн ахъазгæнæг закъонæвæрынадон хæппæристæм.
Бæрæг куыд у, афтæмæй, цы ног аз ралæууыд, уый ацæудзæн Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæн кад кæныны нысанимæ. Уымæ гæсгæ Тускъаты Таймуразы бафарстой, уый фæдыл цавæр мадзæлттæ æххæст кæндзæн Парламент, зæгъгæ.
– Æппæт комитеттæ дæр се ‘ргом аздахдзысты, нæ бæстæйы Президент Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæн кад кæнынæн нæ размæ цы хæстæ сæвæрдта, уыдон æххæст кæнынмæ. Уый фæдыл араздзыстæм парламентон байхъуыстытæ, фембæлдтытæ, цæлхæмбырдтæ. Уæрæсейаг адæм сты уæлахизхæссæг адæм. Уый алчидæр хъуамæ зона æмæ æмбара. Нæ кадджын хистæрты æфсæддон намыс, сæ хъæбатырдзинад хъуамæ зона алы æрыгон адæймаг дæр æмæ архайа бæрзонддæр æй сисыныл, – загъта Парламенты Сæрдар.
Нæ таурæгъон хъæбатыр хистæртæн сæ кад дарддæр хæссынц, абон сæрмагонд æфсæддон операцийы чи архайы, нæ уыцы хъайтар фæсивæд. Уыдонæн цавæр æххуысы мадзæлттæ ис паддзахады ‘рдыгæй æмæ уыцы æххуысæн Парламент цавæр закъонæвæрынадон бындуртæ аразы, зæгъгæ, уыцы фарстæн дæр Тускъаты Таймураз дзуапп радта.
Куыд загъта, афтæмæй, ивгъуыд азы дæргъы депутаттæ цы закъонты проекттыл куыстой æмæ цы закъонтæ фидар кодтой, уыдон аххæссыдысты æфсæддонтæ æмæ сæ бинонтæн социалон æххуысы æппæт мадзæлттæ аразыныл. Уыдон баст сты æфсæддон операцийы архайджыты сывæллæттæн алыхуызон лæггæдтæ кæнынимæ, сæ фæлладуагъды æмæ цæрыны бартæ хъахъхъæнынимæ. Уымæй уæлдай, сабыр цардмæ чи æрыздæхт, раздæры уыцы æфсæддон архайæджы куыстмæ чи райса, чысыл æмæ уыцы амалхъомтæн зæрдæвæрд ис гранттæ, субсидитæ æмæ æндæр уæлæмхасæн финансон æххуыстæй.
Закъонæвæрынадон архайдæй уæлдай, Парламенты депутаттæ сæхи æгъдауæй цæстуарзон æххуыс кæнынц æфсæддон операцийы архайджытæн, гуманитарон æххуысимæ арæх ацæуынц Донецк æмæ Луганскы республикæтæм, Запорожьейы облæстмæ. «Ныртæккæ æмгуыстад кæнын райдыдтам Уæрæсейы ног регионты закъонæвæрынадон оргæнтимæ. Ныридæгæн нæ бастдзинад фæфидар, æмæ йæ дарддæр дæр æххæст кæндзыстæм», – загъта Тускъаты Таймураз.
Республикæйы районты муниципалон зылды финансон уавæр куыд у, се ‘хсæн финансон æххуыс куыд дихгонд цæуы, зæгъгæ, ацы фарстæн дзуапп дæтгæйæ, Парламенты Сæрдар куыд бафиппайдта, афтæмæй алы районæн дæр йæ царды тыхстаг æмæ лыггæнинаг фарстатæ Парламенты депутаттæн зонгæ сты иттæг хорз. Ныр фæстаг дыууæ азы дæргъы депутаттæ цæуынц районтæм, уым, бынаты уæвгæйæ, уавæримæ базонгæ вæййынц æмæ фарстатæ алыг кæнынæн бацæттæ кæнынц закъонæвæрынадон бындуртæ, рахæссынц хъæугæ æмæ хъуыддагæн ахъазгæнæг закъонæвæрынадон хъæппæристæ, стæй, уыцы хъæппæристæ фæстæдæр куыд æххæстгонд æрцæуынц, уый сбæрæг кæнынц.
– Алчидæр æнæбафиппайгæ нæу, фæстаг дæс азмæ республикæйы районты цас ивддзинæдтæ æрцыд, уый. Æрæфы æмæ Кировы районты, Мæздæджы, Хъызлары, Цæлыччы, Бруты, Дæллаг Саниба æмæ æндæр хъæуты арæзт æрцыд ног скъолатæ, цалдæр ног скъолайы фæзынд Дзæуджыхъæуы. Чи ис, уыцы скъолатæн сæ фылдæры цæуынц бындурон цалцæггæнæн куыстытæ. Зæгъæн ис, æмæ æппæт хъæуты дæр абон ис культурæйы хæдзæрттæ, фелсырон-акушерон пункттæ, амбулаторитæ. Ног спортивон-дзæбæхгæнæн комплекстæ арæзт æрцыд Елхоты, Мæздæджы, Дигорайы, Æрыдоны, Цыколайы. Рæстæмбисæй, æрвылаз арæзт æрцæуы 150-200 ног объекты. Фæлæ цард афтæ у, æмæ æххæстгæнинаг хъуыддæгтæ алкæддæр вæййынц, арæзт чи æрцыд, уымæй фылдæр. Æмæ сæ сæххæст кæнынæн аразæм мадзæлттæ, закъонæвæрынадон бындуртæ бацæттæ кæнæм, цæмæй районтæн уа уæлæмхасæн финансон æххуыс. Уымæй уæлдæй сын амонæм хи æфтиæгтæ фæфылдæр кæныны гæнæнтæ, стæй бюджетон фæрæзтæй хæдзардзиндæрæй пайда кæныны мадзæлттæ дæр. Уыцы куысты стыр ахъаз у нæ республикæйы Цæстдарæн-нымайæн палатæйы архайд. Республикæйы районтæ, стæй алыхуызон министрадтæ æмæ ведомст-
вæтæ бюджетон фæрæзтæй цас хæдзардзинæй пайда кæнынц, уый сбæрæг кæныны куысты хатдзæгтимæ Парламенты советы рæстæг Палатæйы аудиторты куыд раныхас кæнынц, уый уæхæдæг фехъусут, – загъта Парламенты Сæрдар.
Уымæй уæлдай, журналисттæм уыд бирæ æндæр фарстытæ дæр. Ацы аз нæ республикæйы закъонæвæрынадон оргæныл æххæст кæны 30 азы. Цавæр фæндаг рацыд нæ Парламент уыцы рæстæгмæ; Уæрæсейы регионты, уыимæ, Хуссар Ирыстоны парламенттимæ æмгуыстад куыд арæзт цæуы, се ‘хсæн бастдзинæдтæ куыд парахат кæнынц æмæ цас ахсджиаг сты уыцы бастдзинæдтæ; нæ республикæйы спорты уавæр; аразгæ интеллект æмæ ног технологитæ; æрыгон фæлтæры раст зондыл аразын æмæ кæстæрты удварн бахъахъхъæнын, царды аккаг бындуртыл сæ хъомыл кæнын – ацы æмæ æндар фарстытæн Тускъаты Таймураз радта бæстон, цымыдисаг æмæ бæлвырд дзуаппытæ.
– Закъонæвæрынадон оргæн цыфæнды уынаффæ дæр куы хæсса, уæддæр, фыццаджыдæр, нымайдзæн æхсæнадон хъуыды, æмæ уыцы хуызы араздзыстæм нæ дарддæры куыст, – кæронбæттæны загъта Тускъаты Таймураз.
ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ