РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис министрадтæ æмæ ведомствæты разамонджытæн цы æмбырд сарæзта, уым ныхас рауад, республикæ 2024 азы фыццаградон национ проекттыл куыд бакуыста, ууыл. Уымæй уæлдай, æмбырды архайджытæ æрдзырдтой фидæны ног национ проекттыл бакусыны фæткыл.
Æмбырды рæстæг куыд загъдæуыд, афтæмæй 2024 азы национ проектты уагæвæрдтæ æххæст кæныныл республикæ схардз кодта 9 миллиард сомæй фылдæр (уыдонæй 7,1 миллиард сомы – федералон бюджеты фæрæзтæ). Азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, алыхуызон регионалон проекттæ æххæст кæныны нысантæ къухы бафтыдысты 99,8 проценты бæрцæй, национ проекттæ та – 100 проценты бæрцæй.
Уыцы бæрæггæнæнтæ хорзыл банымайгæйæ, Хицауады уæнгтæ се ’ргом аздæхтой, хæстæгдæр 5 азы дæргъы республикæ цы 12 фыццаградон национ проекты архайдзæн, уыдонмæ. Профилон министрадты минæвæрттæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй архайд цæу-дзæн уыцы программæты бындурыл арæзт 38 федералон дæлпроектыл. Уыцы программæтæм къæпхæнгай хаст цæуынц ахсджиаг республикон инфраструктурон объекттæ. Уыдоны арæзтад æмæ цалцæджы фæдыл ныридæгæн цы бадзырдтæ бафыстæуыд, уыдоны иумæйаг аргъ схæццæ 7,5 миллиард соммæ (уыцы фæрæзтæй 7,1 миллиарды – федералон бюджеты æххуыс).
Уыцы нысантыл цы организацион-цæттæгæнæн куыст цæуы, уый тыххæй бæстон радзырдтой профилон ведомствæты ра-замонджытæ.
Æмбырдæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Дзанайты Барис министрадтæ æмæ ведомствæты минæвæрттæм фæсидт, цæмæй æппæт нысангонд пълантæ æххæст кæнынмæ дæр аздахой фыццаградон æргом.
– Федералон программæтæм баххæсинаг æппæт регионалон проектты паспорттæ дæр хæстæгдæр рæстæг хъуамæ уой цæттæ. Уыимæ, кæронбæттæн документацийы хъуамæ хыгъд æрцæуой æппæт фиппаинæгтæ æмæ уæлæфтуантæ дæр. Ахæм амынддзинад Хицауадæн ратта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Уыимæ, иудадзыгдæр зæрдыл дарын хъæуы, национ проекттæ экономикæйы бирæ къабæзтæ бæрзонддæр æмвæзадмæ кæй кæнынц, не ’мбæстæгты цардыл хорзæрдæм кæй ахадынц, уый. Разæй нæм бирæ
куыст кæй æнхъæлмæ кæсы, уый хынцгæйæ, æппæт æвæрд нысантыл дæр хъæуы бæрнон архайд, – бафиппайдта Хицауады Сæрдар.
Сланты Аслан