Уæрæсейы хъæбатырты мысæн бон

0
13

Уæрæсейы хъæбатырты мысæн бон Дзæуджыхъæуы Намысы аллейы арæзт æрцыд 58-æм Æфсады сгарджыты хайады командир, Уæрæсейы Федерацийы Хъæбатыр, булкъон Александр Михаилы фырт СТыцинайы мысæн мадзал.

Мадзалмæ æрбацыдысты Александр Стыцинайы æмслужбæгæнджытæ, йæ хæлæрттæ, 19-æм дивизийы оркестр, йæ номхæссæг Дзæуджыхъæуы 18-æм скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ ахуырдзаутæ. Архайдтой дзы республикæйы Ахуырад æмæ наукæйы министрад æмæ Дзæуджыхъæуы администрацийы минæвæрттæ, æвзонг æфсæддонтæ, арæнхъахъхъæнджытæ. Амыдтой йæ Хъæбæлоты Билары номыл Сывæллæтты сфæлдыстадон республикон галуаны мультимедион фæзуат «Ногдзау»-ы æрыгон журналисттæ  – Гиоты Хъазыбег æмæ Плиты Мария. Дзанæгаты Аланæ æмæ Сихъоты Анжеликæ аив бакастысты хъайтары кадæн æмдзæвгæтæ.

Александр Михаилы фырт Стыцина райгуырд нæ республикæйы сæйраг горæты 1950 азы 24 декабры. 18-æм скъола каст фæуыны фæстæ Дзæуджы-
хъæуы маршал А.И. Еременкойы номыл уæлдæр æфсæддон училищæ каст фæци æмæ æрыгон афицер йæ службæ райдыдта Германы зæххыл. Дарддæр æй йе ‘фсæддон фæндæгтæ ахуыдтой Закарпатьемæ, Амуры облæстмæ, Дард Хурыскæсæнмæ, бирæ гарнизонты йæ хъуыды кæнынц, куыд арæхстджын командиры. Уыцы-иу рæстæг каст фæци Фрунзейы номыл академийы сгарджыты факультет, æмæ йæ æппынфæстаг раивтой йæ чысыл райгуырæн бæстæ – Ирыстонмæ. Нысангонд æрцыд 58-æм Æфсады сгарджыты хайады командирæй. Уыцы рæстæг æфсад хъазуатон тох кодта террористон къордтимæ, æмæ сгарджыты размæ лæууыд ахсджиаг хæстæ.

1996 азы январы фыдгæнджыты къорд, æртæсæдæйæ, Хъызлармæ балæбурдтой, 3000 адæймаджы рынчындон æмæ арæндоны райстой амынæты, сабыр цæрджытæй дæсгæйттæ сæ къухтæй мæрдтæм бацыдысты. Булкъон Александр Стыцина, террористты ныхмæ цы оперативон къорд архайдта, уый рæнхъыты йæхи хъæбатырæй равдыста, уæззау тохты архайгæйæ.

Историмæ бацыдысты рынчындон æмæ арæндон знагæй суæгъд кæныны трагикон цаутæ. Нæ хъайтар æмзæххон цы уавæрты фæмард, уый тыххæй дзы загъд ис, дыууæ хатты уæззау цæф кæй фæци, æмæ, йæ уавæр хынцгæйæ, йæ дæлбар хæстонтæн фадат ратта ацæуынæн, йæхæдæг иунæгæй знаджы ныхмæ æрлæууыд. Уыцы ран 70 фыдгæнæгæй фылдæр сæ мæлæт ссардтой, фæлæ дзы фæмард нæхи авд хъайтар хæстоны, уыдонимæ – Александр Стыцина дæр. Уæрæсейы Президенты Указмæ гæсгæ йын йæ мæлæты фæстæ лæвæрд æрцыд Уæрæсейы Федерацийы Хъæбатыры ном. Уыдис æм Лæгдзинады орден дæр, стæй бирæ æндæр паддзахадон хæрзиуджытæ.

Мадзал арæзт æрцыд Фæмардуæвæг Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты бинонты Æппæтуæрæсеон организацийы цæгатирыстойнаг хайады сæрдар Татьянæ Днепровскаяйы хъæппæрисæй.

 

ГАГЛОЙТЫ Дзерассæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here