Царды фæзилæнтæ, æвæдза, куыд диссаг сты. Чи кæд базыдта, кæдæм æй ахæсдзысты, цы хабæрттæ æмæ цауты йæ баппардзысты! Хуымæллæгæй
рацæугæ, фæлæ Дзæуджыхъæуы цæрæг æрыгон лæппу Цъæхилты Таймуразы фырт Олег бæхыл никуы адугъ кодта, стæй, раст зæгъгæйæ, уымæ бæлгæ дæр нæ кодта. Бирæ уарзта ирон кæфтытæ, уыдис горæты Металлургты галуаны, стæй Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты адæмон кæфтыты ансамбль «Ирыстон»-ы курдиатджындæр æмæ дæсныдæр кафджытæй иу. Иуахæмы сæ репетицимæ æрбацыд бæхты цирк «Ирыстон»-ы разамонæг, Цæгат Ирыстоны, фæстæдæр та – Уæрæсейы адæмон артисткæ Тугъанты Михалы чызг Дзерассæ. Бафæндыд æй, цæмæй йæ къордмæ бацыдаиккой галуаны кафджыты ансамблæй æртæ лæппуйы – Плиты Руслан, Къомайты Эдик æмæ Цъæхилты Олег…
Уыцы бон райдыдта Оледжы балц цирчы аивады бæллиццаг бæрзæндтæм. Дзерассæйы разамындæй «Ирыстон»-ы барджыты къорд уыдис гастрольты дунейы бирæ рæтты, йæ арæхстдзинадимæ зонгæ кодта куыд нæ егъау Советон Цæдисы, афтæ Европæйы, Латинаг Америкæйы горæтты цæрджыты дæр. Æмæ алы ран дæр аивадуарзджыты сæ цæхæркалгæ арæхстдзинадæй дисы бафтыдтой.
Уыцы азты Цъæхилты Олег бæстондæр базонгæ Ирыстоны зындгонд цирчы барджыты историимæ. Уыдонимæ уыдис Гатыгкаты Моисей дæр, фыццаг хатт фенын кодта америкæгтæн, дæсны барæг æмæ бæхæн сæ бон æцæг цирчы хабæрттæ равдисын кæй у, уый.
Нудæсæм æнусы райдайæны та, 1903 азы бонтæй иуы, Бетъырбухы италиаг Чинизеллийы цирчы къух бакæнæн нæ уыд адæмæй. Уыдон иууылдæр æмхуызонæй сыстадысты сæ бынæттæй æмæ цалдæр минуты
къухæмдзæгъд кодтой ирон барæг, хъобайнаг лæппу Гудцаты Агуыбейæн – афтæ тынг фæцыд сæ зæрдæмæ йæ архайд. Арф фæд ныууагъта Агуыбе бæхыл цирчы хъазыны историйы.
Цирчы уыцы къабазы нæ бæстæйы бындурæвæрæгыл нымад у Хъантемыраты Алыбег. Уый ацы аивад сæвæрдта тæккæ бæрзонддæр æмæ кадджындæр къæпхæныл, йæ фæстæ та йын уыцы арфæйаг хъуыддаг дарддæр ахæццæ кодтой йæ фырттæ – Хасанбег, Ирбег æмæ Мухтарбег.
Хицæн бынат бацахста цирчы барджыты аивады Тугъанты Дзерассæйы фыд Михал. Уый Алыбегимæ цасдæр рæстæг кодта æмгуыст, бантысти сын уыцы хъуыддагмæ бирæ хорз ногдзинæдтæ бахæссын, фæлæ сæ фæстæдæр алчидæр цыди йæхи арфæйаг фæндагыл.
1939 азы зындгонд æфсæддон разамонæг Буденныйы фæндонмæ гæсгæ Тугъанты Михал сарæзта Доны хъазахъхъæгты ансамбль. Уый æнтыстджынæй архайдта гастрольты Советон Цæдисы, стæй та – фæсарæнты.
1941 азы 22 июны Михал йе ’мбæлттимæ радтой фæстаг концерт æмæ æнæ иу цухæй ацыдысты фронтмæ, Лев Доваторы бæхджынты корпусмæ. Тугкалæн хæстыты ансамблы иуæндæс адæймаджы сæ цард раттой Фыдыбæстæйы сæрвæлтау. Михал йæхæдæг дæр дыууæ хатты фæцæф, фæлæ уæддæр Берлинмæ бахæццæ. Æмæ ма, йемæ йе ’мбæлттæй æгас чи баззад, уыдонимæ ратта концерт рейхстаджы раз фæзы. Михал хæст фæци гвардийы майоры цины.
Ирыстоны зындгонд барджыты традицитæ уыцы азты кадимæ дарддæр хæццæ кодтой кæстæр фæлтæры минæвæрттæ: Цæгат Ирыстоны адæмон артист Мамиаты Махарбег, Цæгат Ирыстоны сгуыхт артист Батиаты Арсен (Алик), Гæджынаты Виктор, Дзобаты Эльбрус, Дзапарты Мурат, Гугкаты Руслан, Хъаныхъуаты Таймураз, Хабæты Цæра, Урунов Виктор, Майрæмыхъуаты Руслан, стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, Тугъанты Дзерассæ, йæ курдиат æмæ сгуыхтдзинæдтæ абоны онг иунæг сылгоймаг дæр кæмæн нæма бафæзмыдта æнæхъæн дунейы.
Куыд нæ уыдаид сæрыстыр Цъæхилты Олег, фыдæлтæй баззайгæ диссаджы аивадмæ уый дæр иннæ зындгонд барджыты æмрæнхъ йæ ахадгæ хай кæй хаста, уымæй.
Дзерассæйы къорды Олег уыди авд азы бæрц, уый фæстæ – Хъантемыраты Мухтарбеджы къорды дыууæ азæй фылдæр. Цирчы барджыты сæхи къорд фæстæдæр сарæзтой Батиаты Арсенимæ Майрæмадагæй. Олег æй абон дæр нымайы Ирыстоны тæккæ курдиатджындæр æмæ дæсныдæр барджытæй иуыл. Арсены 11-аздзыдæй йæ къордмæ бахуыдта Тугъанты Михал, æмæ дзы уый æнтыстджынæй архайдта бирæ азты дæргъы.
Батиаты Арсены бæхджынты къорды ма Олегимæ уыдис йæ кæстæр æфсымæр Эльбрус дæр. Къорд бацæттæ кодта ног программæ, хъуамæ йæ равдыстаиккой Мæскуыйы. Арсен уыди къорды аивадон разамонæг æмæ сæргълæууæг, Олег та – йæ директор. Алцыдæр уыди цæттæ, гыццыл цыдæр фарстатæ ам, Ирыстоны, алыг кæнынæй уæлдай. Уыдон бабар кодтой Олегæн. Схæццæ Дзæуджыхъæумæ æмæ сæййæфта Горæтгæрон районы тугкалæн хæст. Уый уыди 1992 азы октябры мæйы кæрон. Нал ацыд Мæскуымæ, фæци Ирыстон хъахъхъæнджыты рæнхъыты кæронмæ.
Бирæ диссæгтæ федта æмæ фехъуыста Олег, «Ирыстон»-имæ дунейы алы къуымты уæвгæйæ, бирæ зæрдылдарæн нывтæ ауайы йæ цæстытыл, дзæвгар æнæферохгæнгæ фембæлдтытæ хъуыды кæны. Арæх æрымысы йæ бæх – зондджын, коммæгæс, æмбаргæ Тъузы, йе стыр къам абон дæр Олегæн йæ хæдзары ис. Никуы фæфыдæнхъæл кодта йæ хицауы Тъуз, цы дзы домдта, уый æххæст кодта æнæкъуыхцыйæ, афоныл æмæ бæстон.
Къорды уæнгты раз кæддæриддæр уыдис егъау бæрнондзинад – советон цирчы кад дæлæмæ не ’руадзын. «Ирыстон» Латинаг Америкæйы бабæрæг кодта Аргентинæ, Венесуэлæ, Перу, Уругвай. Йæ гастрольтæ цыдысты афæдзы æрдæг. Цы бахъуыды кодта уыцы балцытæй Олег? Фыццаджыдæр, æвæццæгæн, фысымты царды хицæндзинæдтæ – æндæр æхсæнадон ахастдзинæдтæ, æндæр паддзахадон цардарæзт, æндæр социалон-экономикон æууæлтæ. Стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, фембæлдтытæ. Аргентинæйы сæйраг горæт Буэнос-Айресы «Ирыстон»-ы къорд уазæг-
уаты уыдис æппæт дунейыл зындгонд зарæггæнæг æмæ актрисæ Лолитæ Торресмæ. Лолитæ æмæ «Ирыстон»-ы разамонæг Тугъанты Дзерассæ уым базонгæ æмæ фæхæлар сты. Уыцы фембæлды рæстæг Лолитæ йæхи равдыста иттæг уазæгуарзонæй, тынг сбуц кодта ирыстойнæгты, ракодта сын йæ хуыздæр зарджытæ. Уæлдай кад та сын скодта, сæ изæрмæ Буэнос-Айресы
хуыздæр артистты дæр кæй æрбахуыдта, уымæй.
Уыцы горæты ма нæ артисттæн уыдис æнæнхъæлæджы, фæлæ æхсызгон фембæлдтытæ ирыстойнæгтæ Кодзырты Мысост, Булацаты Петр æмæ Хохты Саулохимæ. Уыдон кæддæр царды зилдухæнты бахаудтой Аргентинæмæ æмæ уым æрбынæттон сты, тынг зæрдиагæй фæцинтæ кодтой се ’мзæххонтыл.
Европæйы гастрольты рæстæг та, Грецийы концерттæ дæтгæйæ, «Ирыстон»-ы программæтæй иуы архайдта кинойы зындгонд советон æмæ уæрæсейаг артист, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Юрий Никулин. Цъæхилты Олег ма республикæйы газет «Слово»-мæ дæр ныффыста йемæ ныхас. Зæгъы, уыд æгъдауджын, хæдæфсарм, хуымæтæг адæймаг. Олег куыд мысы, афтæмæй йæ Никулин арæх фарста Ирыстоны царды, не ’гъдæуттæ, традициты тыххæй дæр. «Ракуырдтон дзы, цæмæй бакæса, цы уацхъуыд ыл ныффыстон, уый æмæ зæгъа йæ фиппаинæгтæ. Уый фæлмæн бахудти æмæ загъта, алцыдæр дзы раст кæй у, æмæ бафиппайдта, дæ бон мын у раарфæ кæнын, сæххæст мыл 60 азы, зæгъгæ» – зæгъы Олег.
Бирæ цымыдисаг хабæрттæ мын фæкодта Олег, фæлæ газеты цыбыр уацхъуыды се ’ппæт чи радзурдзæн. Æрмæст ма дзы ракуырдтон йæ царды уыцы азты тыххæй йæ хъуыдытæ зæгъын.
– Афтæ мæм фæкæсы, æмæ, ацы рухс дунемæ куы фæзындтæн, уæд мын Сфæлдисæг скодта зынаргъ лæвар – мæ царды тæккæ райдайæны мыл сæмбæлдысты диссаджы рæсугъд, зæрдæхæлар, иттæг курдиатджын, цард йæхæдæг дæр чи уарзы æмæ иннæтæн дæр уыцы хорздзинадмæ чи бæллы, ахæм адæм. Мæнæн уый уыди, æппæты фыццаг, Уæрæсе æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артисткæ Тугъанты Михалы чызг Дзерассæ. Уымæн фæзæгъын мæхицæн, мæ цард кæй ацыди, куыд хъæуы, куыд мæ фæндыди, афтæ. Уый тыххæй арфæ ракæнын хъысмæтæн, – радзырдта Олег.
Бирæ номдзыд, царды алы къабæзты сгуыхтдзинæдтæй зындгонд адæм рацыд рагон ирон хъæу Хуымæллæгæй. Уыдон бæрзонд хастой æмæ хæссынц абон дæр сæ уарзон хъæубæсты ном, фылдæрæй-фылдæр ын кодтой æмæ кæнынц йæ кад æмæ намыс. Уыдоны нымæцмæ, æнæмæнг, ис бахæссæн æппæт дунейы зындгонд
Тугъанты Дзерассæйы бæхты цирк «Ирыстон»-ы раздæры барæг Цъæхилты Оледжы дæр.
Хæмыцаты Морис