Ацы азы райдайæнæй фæстæмæ рухсадон кусæндæтты бындурон цалцæджы федералон программæмæ, иумæйагахуырадон скъолатæй уæлдай, хæссын райдайдзысты рæвдауæндæттæ дæр.
Уый тыххæй хъусын кæны РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ.
Зындгонд куыд у, афтæмæй фæстаг цалдæр азы, куыд иннæ уæрæсейаг регионты, афтæ Цæгат Ирыстоны дæр æххæстгонд цæуы ахуырадон кусæндæтты бындурон цалцæджы нысанмæ арæзт программæ. Уый фæрцы цалдæр азмæ ногæй сæ хуыз скалдтой дæсгай цæгатирыстойнаг скъолайы (æрмæст программæйы фыццаг къæпхæныл цалцæджы пъланмæ бахастой 60 скъолайæ фылдæр).
Рæстæг куыд цæуы, афтæ программæмæ хаст цæуынц ивддзинæдтæ. Сæ сæйрагдæр нысан у рацаразинаг объектты номхыгъд фæуæрæхдæр кæнын. Ведомствæтæ æмæ регионты минæвæрттæ фæндæттæ бахастой, цæмæй программæйы фæрцы цалцæггонд цæуой рæвдауæндæттæ æмæ астæуккаг профессион ахуырады кусæндæттæ дæр. Уыимæ, фарон Президент Владимир Путин Федералон Æмбырдмæ йæ æрвылазон Ныстуаны Уæрæсейы Хицауады размæ цы нысантæ сæвæрдта, уыдонæй иу комкоммæ баст уыд ахуырадон-хъомыладон кусæндæтты рацарæзтимæ.
Уыцы æууæлтæ хынцгæйæ, уынаффæ хаст æрцыд рæвдауæндæтты бындурон цалцæг дæр амынд программæмæ бахæссыны фæдыл. Цæгат Ирыстон афойнадыл бакуыста фыццаградон æгъдауæй цалцæггæнинаг рæвдауæндæтты рацарæзтæн хъæугæ гæххæттытыл. Афтæмæй программæйы фæлгæты цалцæггонд æрцæудзысты 16 рæвдауæндоны (куыд Дзæуджыхъæуы, афтæ республикæйы районты дæр). Уыимæ, рацарæзты фæстæ рæвдауæндæттæ сифтонг кæндзысты ног хæдзары дзаума æмæ æндæр кусæнгæрзтæй.
КАЛМАНТЫ Аслан