Уæрæсейы Президенты амынддзинæдтыл куыст

0
15

Цæгат Ирыстоны хицаудзинады регионалон оргæнтæн Уæрæсейы Президент цы амынддзинæдтæ ратта,  уыдон куыд æххæстгонд цæуынц? Ацы æмæ æндæр фарстатыл ныхас рауад, РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар ДЗАНАЙТЫ Барис æмæ Цæгат Кавказы федералон зылды Уæрæсейы Президенты Минæварады аппараты контролон департаменты хицау Сергей НИКИТИН цы æмбырды сæрдариуæг кодтой, уым.

Фембæлды архайдтой профилон республикон министрадты разамонджытæ, РЦИ-Аланийы сæйраг федералон инспектор Сергей Гончаров æмæ Цæгат Кавказы федералон зылды Уæрæсейы Президенты Минæварады аппараты бæрнон кусджытæ.

Ныхасы райдайæны Дзанайы-фырт бузныг загъта Сергей Никитин æмæ Минæварады иннæ кусджытæн, æппæт сæвзæргæ фарстатæ алыг кæныны хъуыддаджы дæр регионæн зæрдиаг æххуыс кæй кæнынц, уый тыххæй. Хицауады Сæрдары ныхасмæ гæсгæ, республикæ ахадгæ куыст кæны фыццаградон национ проекттæ æмæ нысанмæ арæзт паддзахадон программæты
уагæвæрдтæ царды рауадзыныл. Уыимæ, уыцы архайд 2025 азы дæр адарддæр уыдзæн. «Цæгат Ирыстон федералон программæтæ куыд æххæст кæны, уымæ бæс-
тон цæстдард ис регионы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы ’рдыгæй», – бафиппайдта премьер-министр.

Æмбырды рæстæг æргом аздæхтæуыд сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæн уæлæмхасæн социалон æххуысы, хардзгонд энергетикон фæрæзтæн фидын æмæ æндæр вазыгджын фарстатæм дæр.

Зæгъæм, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæн æххуысыл дзургæйæ, республикæйы фæллой æмæ социалон рæзты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Маматы Анджелæ куыд бафиппайдта, афтæмæй уæлæмхасæн зæрдæдарæнтæ æмæ социалон лæггæдтæ лæвæрд цæуынц 3 953 бинонтæн.

Æмбырдæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Дзанайты Барис профилон министрадтæ æмæ ведомствæты разамонджытæм фæсидт, цæмæй æппæт программæтæ æмæ проекттæ æххæст кæныны фæткмæ уа лæмбынæг цæстдард.

СЛАНТЫ Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here