Æртæ Нарты

0
33

ÆРТÆ НАРТЫ — Нæртон адæм уыдысты иу хъæуы æртæ сыхау, æртæ Нарты: Уæллаг Нарт — Алæгатæ, Астæуккаг Нарт — Æхсæртæггатæ æмæ Дæллаг Нарт — Борæтæ. Нарты сæйрагдæр æртæ мыггаджы: Борæтæ — фосджын æмæ бонджын уыдысты, Æхсæртæггатæ — æхсарджын æмæ зондджын, Алæгатæ та — æвзыгъд æмæ номдзыд. Борæтæ сæ дыууæтæй дæр уыдысты фылдæр, æппæты къаддæр та — Алæгатæ.

Æртæ мыггаджы знаджы раз æнгом, æмзонд уыдысты, фæлæ кæрæдзийы ‘хсæн нæ фидыдтой. Сæ хъаугъатæ, хылтæ, быцæутæ æмæ кæрæдзи цæгъдыны цаутæ фыст цæуынц бирæ кадджыты. Зæгъæм, «Æхсæртæггатæ æмæ Борæты хæст», «Тотрадз æмæ Сослан», «Батрадз Уырызмæджы куыд фервæзын кодта» æмæ æндæртæ. Фылдæр хатт сæ кæрæдзийыл ардауы, стæй бæтты «Арвы хин æмæ Зæххы кæлæн Нарты Сырдон».

АЛÆГАТÆ — Нарты сæйрагдæр æртæ мыггагæй иу. Кæс: «Æртæ Нарты». Алæгатæй сты Ацæ, Ацæмæз, Алымбег æмæ йæ фырт Тотрадз. Уырызмæджы фыццаг ус Елда. Ис сын стыр хæдзар. Алæгатæ сты зондамонæг æмæ, æвæццæгæн, дингæнджытæ. Нарты Уацамонгæ дæр уыдонмæ æвæрд ис. Уыдон æй рахæссынц Нарты Ныхасмæ. Сты Уæллаг Нарт.

АЛÆГАТЫ ЧЫЗГ — афтæ хоны Нарты Уырызмæг йæ фыццаг ус Елдайы.

ÆХСÆРТÆГГАТÆ — Нарты сæйрагдæр мыггæгтæй иу. Æхсæртæггатæй сты Æхсæртæджы байзæддаг: Уырызмæг, Хæмыц, Сослан, Батрадз, Сатана. Æхсæртæггатæ фылдæр сты хæстон адæм, тыхгæнæг сын тых нæ ары, ничи сыл уæлахиз кæны. Ныфсхаст, хъаруджын æмæ зондджын. Батрадз та у тынг ныфсхаст æмæ уæндон. Зæдтæ æмæ дзы дауджытæ дæр тæрсгæ кæнынц, Хуыцауимæ дæр кæны быцæу.

ÆХСÆРТÆГГАТЫ ЗÆРОНД ХÆДЗАР — Алæгаты стыр хæдзар, Борæты æрдамонгæ хæдзар. Нарты иумæйаг хæдзар, Нарты æмбырддон хæдзар. Адон сты Нарты мыггæгты кæнæ æнæхъæн адæмы уынаффæгæнæн бынæттæ.

ÆХСÆРТÆГГАТЫ ЗИВÆГ — куыстæн нæ уыд, Зивæг ном дæр ыл уымæн сбадт, фæлæ йæ ныхас, йæ ракуывд цæуаг уыд. Борæты Бурæфæрныджы чызг ыл кæй худт, уый тыххæй йæ æнæлæгæй басывæрджын кæнын кодта. Уый фыдæй сæ Нарт къамбецы цармы тыхтæй фурды баппæрстой. Фæлæ сæ уылæнтæ иу атагъамæ раппæрстой, æмæ уым Бурæфæрныджы чызджы уынаффæйæ, Зивæджы скуывд æмæ сæ цуанон лæппуйы фæрцы схъæздыг сты. Нарт сæ куы базыдтой, уæд сæ хатыр ракуырдтой æмæ сæ фарсмæ æрцардысты.

БОРÆТÆ — Нарты æртæ мыггагæй иу. Равзæрд Сæуæссайы фырт Борæйæ. У бонджын, мулкджын мыггаг. Сæ зындгонддæр у Борæты Бурæфæрныг (Борæфæрныг). Сæ фæрныгдзинадæн ныккæнæн дæр нæй. Сæ исбонæй сæ сæр бæрзонд хæссынц æмæ Нартæн фыдбылыз ракæнынмæ сты æмхиц. Фæлæ сыл Æхсæртæггатæ сты тых.

БОРÆТЫ ЦÆДЖДЖИНАГ — Борæтæ сты Нарты æртæ мыггагæй æппæты фылдæр, æппæты хъæздыгдæр, æмæ бæгæныфыцæн егъау æрхуы цæджджинæгтæ, агтæ дæр сты уыдонмæ.

БОРÆТЫ ЦЪÆХ ХÆРÆГ — хæрæджы кой арæх ис ирон адæмон сфæлдыстады. Борæты цъæх хæрæг æндæр у. Уый раздæр уыд кæлæнгæнæг ус æмæ Уырызмæджы йæхимæ басайдта. Уыд æм Нымæтын ехс. Уый фæрцы Уырызмæджы фестын кодта фыццаг бæх, стæй — хæрæг, фæстагмæ та — куыдз. Куыдз куы уыд, уæд æй цуанæттæ цуаны акодтой. Уым Æфсати арсы хуызы сæ размæ рацæуы æмæ Уырызмæджы йæ фæдыл асайы. Цуанæттæй куы фæиуварс вæййы, уæд æм Æфсати æрлæууы æмæ йын зæгъы: «Æз арс нæ дæн, Æфсати дæн, æмæ дын дæ хъуыддæгтæ куы бамбæрстон, уæд арсы хуызы бацыдтæн… Ныр уадз, æмæ цуанæттæ цуан кæной, ды цæугæ дæ хæдзармæ æмæ дæхи срынчын кæн». Æмæ йын бацамыдта, йæ Нымæтын ехс ын куыд адавæн ис, æмæ «дзы-иу дæ къахæй дæхи æрсæрф. Æмæ Уырызмæг уыдтæ æмæ Уырызмæг фестдзынæ».

Æфсати йын куыд бацамыдта, афтæ бакодта Уырызмæг. Кæлæнгæнæг усы Нымæтын ехсæй æрцавта, хæрæг фест, зæгъгæ, æмæ ус хæрæг фестад. «Æртардтон æй, — зæгъы Уырызмæг Нартæн, — æмæ йæ алчидæр зоны  сымахæй — уый у Борæты цъæх хæрæг».

БОРÆТЫ ЧЫЗГ — кадæг «Сатана æмæ Борæты чызг» нын зæгъы: Сатана райста йæ зæронды хуыз. Уырызмæгмæ бацыд æмæ йын зæгъы: «Мæнæй дын бинонтæ нал ис, фæлæ, дæхицæн мæ удæгасæй бинонты кой бакæн». Уырызмæг иудзæвгар нæ разы кодта, фæлæ, куы бакаст усы уынгæгдзинадмæ, уæд йæ бæх æрфæны сифтыгъта æмæ далæ Дæлæсыхы Борæтæм ныццыди. Борæты Бурæфæрныгæн авд лæппуйы æмæ иунæг чызг уыд. Уырызмæджы куы федта Бурæфæрныг, уæд ыл бацин кодта.

Æрхаста Уырызмæг йæхицæн усагæн Борæты чызджы. Хæмыц ын уыд хистæр уазæг, Сослан — нымæттухæг, Батрадз — къухылхæцæг. Гъа ныр чындзæхсæвы адæм ацыдысты, æмæ Уырызмæг Борæты чызгимæ æмуат цæудзæн, зæгъгæ, афтæ та Сатана райста йæ чызгон хуыз. Уырызмæг æй куы федта, уæд Борæты чызгмæ æмгæрон дæр нал æрцыд. Нартыл айхъуыст уыцы хъуыддаг, æмæ Борæты чызджы иу фæсмæргомау (къæйных) лæппу йæхи бакодта.

 

Цгъойты Хазби

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here