Хъæбатырдзинады кадæн

0
20

Нæ бæстæйы намысджын азфысты 1944 азы 27 январь ахсы сæрмагонд бынат. Амынд бон æххæстæй ист æрцыд 872 тугæйдзаг боны дæргъы ахæссæг Ленинграды æрхъула. Стыр хъизæмæрттæ бавзаргæйæ, советон æфсæдтæ ленинградæгтимæ иумæ фашистон тыхгæнджыты зианхæссæг æрхъулайæн бафæрæзтой æмæ знагæн мæлæтдзаг ныхкъуырд раттой.

Ленинградæгты æнæмæлгæ сгуыхтдзинады кадæн ацы аз 23 æмæ 27 январы Уæрæсейы Æдасдзинады федералон службæйы цæгатирыстойнаг арæнхъахъхъæнæг управленийы кусджытæ Цыкола æмæ Буроны культурæйы хæдзæртты равдыстой концерт-реквием. Кадджын æмбырды архайдтой арæнхъахъхъæнджытæ, арæнхъахъхъæнæг æфсæдты ветерантæ, Æрхонкæйы скъолайы кадетон къласы ахуырдзаутæ, сывæллæтты æппæтуæрæсеон «Фыццæгты змæлд»-ы уæнгтæ, стæй бынæттон администрацийы минæвæрттæ.

Æмбырды архайджыты раз ныхас кæнгæйæ, амынд управленийы Ветеранты советы сæрдар Валерий Устинов загъта:

– Æрхъулайы бахауæг ленинградæгты фæразондзинад æмæ ныфсхастдзинад рохгæнинаг не сты. Абон кæй сарæзтам, ахæм дзыллон мадзæлттæ фæсивæдæн ахъаз кæнынц Райгуырæн бæстæйы истори хуыздæр рахатынæн.

Концерт æвдисгæйæ, арæнхъахъхъæнæг управленийы оркестры уæнгтæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты заманы зарджытæ акодтой. Сценæйæ рай-
хъуыстысты ленинградæгты æхсар æмæ ныфсхастдзинадыл дзурæг хабæрттæ, фембæлды кæрон та æрбацæуæг адæмæн Ленинграды æрхъулайы тыххæй равдыстой мидисджын цыбырметражон документалон киноныв. Хæсты заман советон æфсæдтæ кæй равдыстой, уыцы хъæбатырдзинад æмæ фæразондзинады дæнцæгтæ концерт фенынмæ ’рбацæуæг адæмы зæрдæтæ агайдтой.

Ленинграды æрхъула æххæстæй сисыны цауы 81 азы кадæн арæзт дзыллон мадзал ахъаз кæны хъæбатыртæн кад кæнынæн, фæсивæды æхсæн патриотон хъомылад æххæст кæнынæн, стæй нæ бæстæйы истори зыгъуыммæ равдисыны фæлтæрæнтæн кæрон сæвæрынæн.

 

УФ-йы Æдасдзинады федералон службæйы цæгатирыстойнаг
арæнхъахъхъæнæг управленийы
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here