Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Советы æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз.
Депутаттæ адарддæр кодтой, ныр дыууæ азы дæргъы цы фæтк æххæст кæнынц, уый –
республикæйы районтæ радыгай бæрæг кæнын æмæ, бынаты уæвгæйæ, уавæримæ зонгæ кæнын, стæй фарстатæ лыг кæнынæн ахъазгæнæг комкоммæ уынаффæтæ хæссын.
Афтæ, ацы аз райдыдтой Алагиры районæй æмæ Парламенты Советы æмбырд сарæзтой уым. Æмбырд гом кæнгæйæ, Тускъаты Таймураз загъта, ивгъуыд, 2024 азы районы цæрджытæн сæ къухы æнтыстытæ кæй бафтыд, æмæ бафиппайдта, республикæйы социалон-экономикон рæзтмæ район ахсджиаг бавæрæн кæй хæссы.
Ивгъуыд азы социалон-экономикон рæзты тыххæй, национ проекттæ куыд æххæст кæнынц, стæй сæм ацы азмæ цы пълантæ ис, уый фæдыл ныхас кодта районы сæргълæууæг Дзантиаты Ислам æмæ йæ раныхасы бафиппайдта хъалонты æмæ æнæхъалонты æфтиæгты, стæй иумæйаг продукцийы куыстады рæзт. Загъта, кæй фæфылдæр цæрæнуатон арæзтады гуырахст дæр. «Ивгъуыд аз районы бюджеты æфтиæгтæ рауадысты 101,3 проценты, хæрдзтæ – 99 проценты. Æппæт хæрдз-ты нысан уыд районы социалон-экономикон уавæримæ баст проекттæ æххæст кæнын», – загъта Дзантиаты Ислам æмæ бæстон æрныхас кодта уыцы проекттæ æмæ
программæтыл, æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарадыл, экономикæйыл, хъæууон хæдзарадыл, туризм æмæ æндæр къабæзтыл.
Ахсджиагдæр лыггæнинаг фарстаты ‘хсæн районы сæргълæууæг ранымадта муниципалон зылды мидæг бæлццæттæ ласыны хъуыддаг рацаразын æмæ скъолатæ (сæ 42 процент), стæй рæвда-уæндæттæ (25 проценты) бындуронæй сцалцæг кæнын.
Алагиры районы экономикон рæзты уавæр æмæ йæ гæнæнтыл ныхас кодта Парламенты цæрæн-уатон-коммуналон хæ-дзарады æмæ арæзтадон политикæйы фарстаты комитеты сæрдар Остъаты Георги.
Куыд загъта, афтæмæй, муниципалон оргæнтæн сæ куыст цас æнтыстджын у, уыцы цæстæй акæсгæйæ, республикæйы æппæт муниципалон зылдты ‘хсæн Алагиры район ныртæккæ ахсы æртыккаг бынат. Уый у хорз бæрæггæнæн. Ивгъуыд азы сæ бюджет рауад æфтиагджын 34 милуан сомæй. Фæлæ уыцы æхцайæн ис фæфылдæр гæнæн: бынæттон организацитæй, стæй, зæххы хæйтты хицæуттæй хъалон фидынæй хæс чи дары, ахæмтæ районы ис. Чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомадон куыст сæм кæнынц 617 субъекты, æмæ сæ алчидæр аккаг бавæрæн хæссы районы социалон-экономикон рæзтмæ. Районы цалцæггонд æрцыд автомобилон фæндæгты аст километры, фæлæ, уыимæ, æппæт фæндæгтæн сæ 57 проценты нормативон домæнтæн
дзуапп нæ дæттынц.
Хъæууон хæдзарадыл ныхас кæнгæйæ, Остъайы-фырт бафиппайдта, ацы къабазы районæн йæ гæнæнтæ бирæ кæй сты, уый. «Хъæууон хæдзарады нысаниуæ-джы зæххытæй районы ис 87 422 гектары, фæлæ се ‘ппæтæй пайдагонд нæ цæуы», – загъта депутат.
Парламенты Сæрдары хæдивæг Дойаты Светланæ раныхас кодта, социалон политикæйы фарстатæ районы куыд лыггонд цæуынц, ууыл æмæ йе ‘ргом уæлдай фылдæр аздæхта ахуырады къабазмæ æмæ ахуырадон процесс рацаразыны хъуыддагмæ. «Ахуыргæнджытæн сæ фылдæр сты хистæр кары адæймæгтæ, æрыгон
ахуыргæнджытæй скъолатæ, раздæрау, æййафынц хъуаг. Ацы фарста алыг кæнын къухы нæма æфты, уымæ гæсгæ дарддæр æххæстгæнинаг у программæ «Хъæу-
уон ахуыргæнæг». Адонæн сæ халдих тыхстдзинæдтæ æвзары æнæниз-дзинад хъахъхъæнынады къабаз дæр. Уыимæ, фæхуыздæргæнинаг у районы медицинон кусæндæтты уавæр, сæ материалон-техникон бындур. Уымæй уæлдай, Дойаты Светланæ æрныхас кодта районы цæрджытæн социалон æххуысы, туризм æмæ культурæйы къабæзты лыггæнинаг фарстатыл дæр.
Ивгъуыд азы Алагиры районмæ депутатты кусæг балцы фæдыл хаст уынаффæтæ куыд æххæстгонд æрцыдысты, ууыл ныхас кодта Парламенты закъонæвæрынады, закъонад æмæ бынæттон хиынаффæйады комитеты сæрдар Черчесты Аслан æмæ загъта, Парламенты амынддзинæдтæн сæ фылдæр æххæстгонд кæй æрцыдысты, уый. «Национ проекттæ, федералон æмæ республикон программæтæ æххæст кæнынæн районæн лæвæрд æрцыд 3,3 миллиард сомы. Уымæй уæлдай, бынæттон нысаниуæджы фæндæгтыл фæндаггон архайд рацаразынæн
республикон бюджетæй дихгонд æрцыд 140 милуан сомы», – загъта Черчесы-фырт.
Советы æмбырды ма каст æрцыд республикон закъонты проекттæй иуцалдæрмæ. Уыдоны фæдыл ныхас кодтой Парламенты Сæрдары хæдивæг Гутнаты Аслæнбег, Черчесты Аслан æмæ Парламенты бюджеты, хъалонты, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдары хæдивæг Тауитты Алыксандр.
Алагиры районмæ кусæг балцы рæстæг Тускъаты Таймураз бабæрæг кодта Алагиры 2-æм скъола. Ацы астæуккаг ахуыргæнæндон сæрыстыр у йæ рауагъдонтæй, се ‘хсæн – республикæйы сæргъы алы рæстæджыты чи уыд, ахæм адæймæгтæ: Дзасохты Алыксандр, Æгъуызарты Тамерлан, республикæйы ныры Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Скъолайы директор Фатимæ Сидомонидзе куыд радзырдта, афтæмæй ныртæккæ сæ ахуырдзауты нымæц у 757 сывæллоны. Скъолайы кусынц æрдзон-наукон, гуманитарон æмæ технологон къордтæ, байгом дзы дыууæ «курчатоваг», инженерон æмæ кадетон кълæстæ. Фаронæй фæстæмæ та сæм фæзынд Нымæцон ахуырады центр «IT-куб». Йæ нысан у, абон ахсджиаг чи у, нымæцон æмæ информацион технологиты уыцы къабæзтæ парахат кæнын æмæ, цы зонындзинæдтæ дæттынц, уыдонмæ скъоладзауты æмхиц кæнын. Центры ахуыргæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сывæллæттæ уæлдай цымыдисдæр сты робототехникæмæ æмæ компьютерон программæтæ аразыны хъуыддагмæ. Центр кусын куы райдыдта, уæд йæ ахуырдзауты нымæц уыд 200, ныр та у 700. Уый дзурæг у, скъоладзаутæ дзы стыр æхсызгонæй кæй архайынц, ууыл.
Уыцы бон ма Парламенты Сæрдар бабæрæг кодта Црауы Культурæйы хæдзар æмæ амбулатори.
Фæндзай азæй фылдæр кæуыл цæуы, Культурæйы уыцы хæдзар бындурон цалцæгмæ рагæй æнхъæлмæ каст, æмæ 2022 азы йæ хуыз бынтон раивта. 2023-2024 азты та аивгонд æрцыд, йæ алыварс цы фæзуат ис, уый. Культурæйы хæдзары директор Икъаты Алянæ куыд радзырдта, афтæмæй сæм кусы дæс сфæлдыстадон къорды – ирон кафджыты къорд, театралон къорд, музыкалон студи, суанг ма аив дзырды къорд æмæ æндæртæ. Сæ архайджыты иумæйаг нымæц у 225 адæймаджы. Культурæйы хæдзары бæстыхайы æрбынæттон, 12 мин чиныджы кæм ис, ахæм чиныгдон дæр.
Уæдæ хъæуы амбулатори дæр цалцæггонд æрцыд 2021 азы æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазы фыццаградон къæпхæн рацаразыны программæйы фæлгæты. Амбулаторийы ис терапевтон, педиатрон, акушерон, процедурон кабинеттæ. Иумæйаг практикæйы дохтыр, фæлтæрдджын специалист Гуытцæлты Валери стыр æхсызгонæй радзырдта, диспансеризаци сæм кæй аххæссыд хъæуы цæрджыты 97 процентыл. Æмæ уый сæрыстырдзинады хос цæуылнæ хъуамæ уа, кæд æмæ æппæт Алагиры районы уыцы процент 54 фылдæр нæу, уæд? Фæлæ амбулаторийы ис лыггæнинаг фарстатæ дæр. Зæгъæм, рынчынты боныгон кæм æрхуыссын кæной æмæ сæ афтæмæй кæм дзæбæх кæной, ахæм кабинеттæ дзы цæмæй кусын райдайой, уый тыххæй сæ хъæуы медицинон ифтонггæрзтæ. Уымæй уæлдай, Црауы нæй афтек, æмæ уыцы хъуыддаг дæр тынг тыхсын кæны бынæттон цæрджыты. Æппæт фарстатæм дæр депутаттæ сæ хъус, æнæмæнг, æрдардзысты.
Алагиры районмæ йæ кусæг балцæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Тускъаты Таймураз загъта:
– Афæдзмæ районы арæзт цы ‘рцыд, уымæн аргъ скодтам. Фæбæрæг кодтам, цы æххæстгæнинаг хъуыддæгтæ ис, уыдон дæр. Æххæстгæнинаг та сты æппæт æмвæзæдты хицаудзинады оргæнтæн сæ иумæйаг архайды фæрцы. Хицаудзинад хъуамæ уа æргом, уæд ыл адæм дæр æууæнд-дзысты, цы куыст цæуы, уый дæр уындзысты æмæ дзуапдæттæг бæрнон адæймæгтæ дæр раст уынаффæтæ хæссынмæ кæндзысты разæнгард.
ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ