Ивгъуыд æнусы, бæлвырддæр зæгъгæйæ та 1970 азы мæ цæст дардтон, чи цы ныв кæны, уымæ. Чи кодта сыгъдæг доны æртах, чи – карчы гыццыл цъиу, чи – гыццыл бæлас.
Чи зоны, темæ гом кодтой се ‘ппæт дæр, фæлæ мæнмæ фæкастысты куыддæр роггомау. Уым ахуыр кæнгæйæ, мемæ уыдис «Нарты кадджыты» чингуытæ, арæх сæ кастæн. Æфсатийы сурæты уыдтон æрдзхъахъхъæнæг бардуаджы. Къостайы Æфсатийы дæр бæрæг дары, йæ фос куыд хъахъхъæны, уый. Райсомæй фараст барæджы курынц Æфсатийæ саг. Уый йæ кæстæры арвыста, «акæс-ма, афтæ раджы чи куры саг».
Фараст барæджы уыдысты хъæздыг уæлæдарæсы, бадтысты бæхтыл. Æфсати сын мур дæр нæ ратта. Изæры та чи зарыд: «О, Фсати, дæу руаджы куы дарæм нæ бинонты, фæкæс та нæм», уыдонæн ратта саг.
Афтæ скодтон конкурсмæ Фсатийы сурæт. Йæ къæхтыбын – саст фæттæ, иу фарс хуыссы сæгуыты лæппын. Уымæн ацы бардуаджы раз æнцон у цæрын.
Иу ныхасæй, конкурсы фыццаг бынат æрцахста мæ куыст. Академийы ректор Н.В.Томский дзы тынг раппæлыд. Преми дæтгæйæ мын загъта: «Ацы
куыст Ирыстоны хæхты уæлиау, тынг стырæй хъуамæ скæнай, амæй рауайдзæн шедевр».
Йæ ныхас мæ ныфс бауагъта. Æз фембæлдтæн Алагиры районы уæды фыццаг нымæрдар Дудиаты Моисеимæ. Уый сразы уыцы хъуыддагыл. Афтæ, 1975 азы Буронæй чысыл фалдæр фæзынд «Æфсати». Хъыгагæн, æз æй кæм æвæринаг уыдтæн, уым нæ, фæлæ чысыл дæлдæр. Абайты Васо тынг раппæлыд мæ куыстæй. Йæ къамтæ ма-иу мæм æрбарвит, зæгъгæ, мæ ракуырдта. Йæ курдиат ын сæххæст кодтон, æмæ мæм арфæйы фыстæг сæрвыста. Джусойты Нафи уыцы фыстæг йæ чиныг «Письма В.Абаева»-йы рауагъта.
Иу рæстæг Лейпцигы уыдис дунеон равдыст, æмæ дзы мах республикæ дæр архайдта. Нæ павильон саразынмæ ацыдысты æртæ нывгæнæджы. Куы æрбаздæхтысты, уæд рахабар кодтой, мæ «Æфсати»-йы къам дзы стырæй (5 х 5 м)-æй кæй федтой рубрикæ «Достопримечательности СССР»-йы.
Фарон, 3 июны, хæрнæджы фынджы уæлхъус уæвгæйæ мæм иу лæг дзуры: «Ды мæн нæ зоныс, фæлæ дæ æз зонын. Æз уыдтæн хæстон заводы инженер, арæх-иу уыдтæн командировкæты алы паддзахæдты. Иу авд паддзахады федтон «Æфсати»-йы хуызист стырæй».
Мæн уый дисы бафтыдта. Ныр мæ фæнды, исты амалæй уыцы хуызисты тыххæй исты æрмæг куы фæзынид телеуынынады. Архайдзыстæм ууыл. Алы куысты тыххæй ахæм уавæр нæ вæййы.
ДЗБОЙТЫ Михал, Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт нывгæнæг