Инал фæуæлахиз Парижы

0
18

Францы сæйраг горæт Парижы 1-2 февралы дзюдойæ цыдысты дунеон Гран-при турнир «Стыр згъæрхуд»-ы ерыстæ. Архайдтой дзы 35 бæстæйы 300 дзюдоисты. Уæрæсейы номæй уæззау уæзы (100+кг) татамийыл хæцыди дунейы чемпион Тасойты Инал. Уый та ацы хатт дæр равдыста стыр арæхстдзинад æмæ фæуæлахиз цыппар ныхмæлæууæгыл.

 Кæронбæттæны Иналæн тыхджын ныхкъуырд ратта Хуссар Корейы минæвар Ли Сын Йоба. Сæ фембæлды уæлахиздзауы сбæрæг кæнынæн бахъуыд уæлæмхасæн рæстæг, æмæ уымæй хуыздæр спайда кодта Тасойты Инал. Афтæмæй уый дыккаг хатт ссис «Стыр згъæрхуд»-ы уæлахиздзау. Амæй размæ Парижы Иналæй уæлдай, уæрæсейаг дзюдоисттæй дыууæ хатты рамбулын никæмæн ма бантыст. Зæгъын хъæуы уый, æмæ, хъыгагæн, ацы азы турниры дæр уæрæсейæгтæй æрмæстдæр Инал рамбылдта фыццаг бынат.

Иналы тренер Айларты Ирбег куыд зæгъы, афтæмæй ныр сæхи цæттæ кæн-
дзысты Европæйы чемпионатмæ. Уый цæудзæн апрелы, æмæ ма йæ размæ Инал хъуамæ хæца, мæйы фæстæ Тбилисы чи цæудзæн, уыцы дунеон турнир «Стыр згъæрхуд»-ы.

Нæ зæрдæ йын зæгъы уырдыгæй дæр уæлахизимæ æрбаздæхын!

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here