Сæйраг фарста – æхсæнадон транспорт

0
22

Уыд РЦИ-Аланийы Хицауады æрвылкъуырион аппаратон æмбырд. Рес-публикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло фехъусын кодта, райсомы 7 сахатæй 10 сахатмæ æнæтæхæг аппараттæй тæссаг уавæр ист кæй æрцыд, уый. Уыцы рæстæгмæ йæ куыст баурæдта рес-публикæйы аэропорт дæр. Æмбырды ма архайдтой нæ республикæйы Хицауады уæнгтæ, муниципалон скондты сæргълæуджытæ, министрадтæ æмæ иннæ ведомствæты разамонджытæ.

Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег куыд загъта, афтæмæй фæстаг къуырийы дæргъы респуб-ликæйы æнæнхъæлæджы цаутæ бæрæггонд не ‘рцыд. Арвыкомы фæндаг гом у транспорты æппæт хуызтæн дæр. Хæхты 2000 метрæй уæлдæр тæссаг у зæйтæ рацæуынæй.

– Республикæйы фæндæгтыл лæууынц 410 уæзласæн машинæйы, уыдонæй 190 – сæрмагонд бынæтты. Электрон рады æнхъæлмæ кæсынц 570 машинæйы. Ивгъуыд къуырийы Гуыр-дзыстоны арæныл ахызтыс-ты 18 мин хæдтулгæйы æмæ 38,8 мин адæймаджы, – фехъусын кодта Томайы-фырт.

– Æппæт транзитон автотранспорт дæр хъуамæ нæ хъæуты рæзты ма цæуа, –загъта Сергей Меняйло.

Мидхъуыддæгты минис-трады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, куыд нæ бæстæйы, афтæ Цæгат Ирыстоны дæр рæзы, интернеты хызы руаджы цы фыдракæндтæ цæуы, уыдоны нымæц. Сергей Меняйло ацы фарстайы фæдыл Мидхъуыддæгты министрадæн бахæс кодта фылдæр кусын дзыллон хабархæссæг фæрæзтимæ, цæмæй адæм фылдæр хъусой æмæ зоной ацы фыд-ракæндты тыххæй æмæ къæрцхъусдæр уой.

Дарддæр РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Фæндагон хæдзарады комитеты ра-замонæг Солиты Тариэлæн бафæдзæхста:

– Нæ республикæйы æхсæнадон транспорты хъуыд-даг у тæккæ уæззаудæр.
Хъуамæ алы бон дæр уæ куыст райдайа æмæ фæуа ацы фарстайæ.

Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн цы доклад скодта, уым фехъусын кодта, республикæ 102 ног лифты кæй райста æмæ тагъд рæстæджы бирæуæладзыгон хæдзæртты æвæрд кæй æрцæудзысты. Уыцы рæстæг цæрджытæн хъæуы бафæразын рæстæгмæйы зындзинæдтæн.

Республикæйы Сæргълæууæг Таматы Майрæнæн бахæс кодта дендрологтæм фæдзурын æмæ афойнадыл Дзæуджыхъæуы бæлæстæм базилын.

– Уалдзæг æрхæццæ кæны, æмæ хъæуы раг-а-цау бæлæстæм базилын, сæ къалиутæ сын алыг кæнын. Ноджы ма Хетæгкаты Къостайы номыл фæллад-
уадзæн парчы цы цадтæ ис, уыдон дæр хъæуы ссыгъдæг кæнын, – загъта Сергей Меняйло.

«Роспотребнадзор»-ы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, республикæйы эпидемион уавæр сырæзыд 3,5 проценты бæрц. Ивгъуыд къуырийы дæргъы коронавирусæй фæрынчын сты 20 адæймаджы.

РЦИ-Аланийы Ахуырад æмæ наукæйы министрады минæвары ныхасмæ гæсгæ, ОРВИ æмæ æндæр хæцгæ низтæй рынчынты нымæц фæфылдæр, рæвдауæндæтты рынчынты нымæц у 16,3 проценты, скъолаты та – 12,3 проценты. Уый аххосæй республикæйы дыууæ астæуккаг скъола æмæ дыууæ къласы раивтой дæрддзæф
ахуырадмæ.

Сергей Меняйло донуа-дзæн ведомствæйæн бахæс кодта республикæйы донуадзæн хæтæлты картæ саразын æмæ дзы ихсыд, цалцæггæнинаг бынæттæ сбæрæг кæнын. Уымæ гæсгæ – аразын, цалцæг æмæ коммуникацитæ баивыны куысты пълан.

Дарддæр ма ныхас цыд æндæр фарстатыл дæр.

 

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here