Уыдзæн музей Беслæны

0
21

Рахизфарсы районы администрацийы арæзт æрцыд районы музей саразыны организацион комитеты фыццаг æмбырд.

Рахизфарсы районы музей саразыны хъæппæрис равдыста муниципалон сконды сæргълæууæг Фрайты Сослан, йæхæдæг у оргкомитеты сæрдар дæр. Æмбырды архайджытæ бахастой къорд фæндоны: музейы равдисын районы царды фæстаг 50 азы æви, Беслæнæн бындурæвæрд куы ‘рцыди 1847 азы, уæдæй фæстæмæ.

Фрайты Сослан загъта: «Абон, Беслæн, зæгъгæ, адæймаг куы фехъусы, уæд йæ цæстытыл ауайынц 2004 азы сентябры райдайæны æвирхъау цаутæ. Фæлæ Беслæн æрмæст рыст æмæ æрхæндæг нæу – мах нæ сæр бæрзæндты хæссæм нæ районы цæрджытæй, сæ фæллойадон æмæ хæстон сгуыхтдзинæдтæй. Уыцы адæймæгты, сæ хорз хъуыддæгтæ сын хъуамæ рæзгæ фæлтæр зона, уыдоны дæнцæгыл банкъара фыдызæхмæ уарзондзинад, бахъуаджы сахат æрлæууа йæ хъахъхъæнджыты æмрæнхъ.

Музей, мæ хъуыдымæ гæсгæ, æрмæст хуызистытæй дзаг хъуамæ ма уа, фæлæ дзы хъæуы информаци, ирдæй дзы разына, нæ район, Беслæн цы фæндагыл рацыдысты, уый. Æнæмæнг хъæуы æрæмбырд кæнын æрмæг ахуырад, медицинæ, хъæууон хæдзарад, промышленность, экономикæ, культурæ, социалон царды къабаз, спорт æмæ муниципалон хицаудзинады оргæнты тыххæй. Уырны мæ, ацы ахсджиаг хъуыддагмæ куыдфæндыйы цæстæй кæй нæ ракæсдзыстæм æмæ иумæйаг хъарутæй кæй бахъахъхъæндзыстæм нæ районы кадджын фæндаг».

Дарддæр ныхасы бар райста оргкомитеты сæрдары хæдивæг Тараты Людмилæ æмæ загъта, музейы кусджытæ, бæстæзонджытæ æмæ историктæм дæр æххуысмæ кæй фæсиддзыс-ты. Дарддæр сæ хъуыдытæ загътой РЦИ-Аланийы Парламенты депутат Гуытъиаты Вячеслав, культурæйы управленийы разамонæг Хуыгаты Батрадз, администрацийы архивон хайады разамонæг Хадыхъаты Людмилæ. Бынæттон архивы дæр ис дзæвгар æрмæг, æмæ уый фæахъаз уыдзæн музей саразынæн. Йæ фæлтæрддзинады тыххæй радзырдта Лидия Шевелева дæр – уый бæстон зоны æмæ хъахъхъæны БМК-йы поселокæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджыты, стæй, ивгъуыд заманы зындгонд заводы фæллойгæнджыты намысджын царды фæндæгты истори.

Комитеты уæнгтæ фæсидтысты Рахизфарсы районы цæрджытæм, цæмæй музеймæ фæкæсой æрмæ-джытæй, сæ бинонты архивты къамтæй. Кæронбæттæны арфæ ракодтой Фрайты Сосланæн музей саразыны хъæппæрисы тыххæй.

 

Олеся КРИВОВА, Беслæн

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here