РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй знон уыд министрадтæ æмæ ведомствæты радон æмбырд. Æмбырды архайджытæ æркастысты æмæ схъæлæс кодтой, республикæйы социалон-экономикон райрæзтæн ахъаз чи уыдзæн, ахæм вазыгджын фарстатыл.
Фыццаг уыд кадрты фарста. РЦИ-Аланийы физикон культурæ æмæ спорты министры хæдивæгæй ног æмгъуыдмæ снысан кодтой Санаты Аидæйы.
Ныхас цыдис нæ республикæйы зæххытæй пайда кæныны æмæ хъахъхъæныны фарстайыл.
РЦИ-Аланийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн ныхас кодта, республикæйы фæзуаты бирæфатерон хæдзæртты иумæйаг исбонады бындурон цалцæджы куыст чи кæны, РЦИ-Аланийы уыцы регионалон операторы архайд банывыл кæныны тыххæй уагæвæрдтæ сфидар кæныныл. Уымæй уæлдай, фæбæлвырддæргæнинаг у, бындуронæй цалцæгмæ цы бирæфатерон хæдзæрттæ æнхъæлмæ кæсы, уыдон рады æвæрыны тыххæй уагæвæрдтæ дæр. Уый фæдыл республикæйы Хицауады уынаффæмæ хаст цæуы ивддзинæдтæ.
Бинонты фермæты æмæ хъæууонхæдзарадон кооперативты райрæзтæн паддзахадон æххуысæн «Агростартап» æмæ «Агропрогресс» программæты фæрцы цы къамис арæзт æрцыд, уый номхыгъдмæ ивддзинæдтæ бахастой. Уый тыххæй фехъусын кодта нæ республикæйы хъæууон хæдзарады министры хæдивæг Мæхъиты Алан.
– Фылдæр æргом аздахдзысты спортивон хъæбысхæсты райрæзтмæ, – загъта министр Хуадонты Артур. Хицауады Сæрдар та фæнысан кодта, нæ республикæ хъæздыг кæй у курдиатджын спортсментæй, физикон культурæ æмæ спорты райрæзтмæ иудадзыг цæстдард кæй хъæуы.
«Чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады объекттæ нæм ис 20 минæй фылдæр, сæ куыст цæмæй ма бакъуылымпы уа, уый тыххæй сын регионалон æмæ федералон проектты фæрцы уыдзæн уæлæмхасæн æххуыс», – фæбæрæг кодта РЦИ-Аланийы экономикон рæзты министр Сокаты Марат.
Нæ республикæйы «Фæндагон инфраструктурæйы рæзт»-ы паддзахадон программæмæ цы ивддзинæдтæ хаст æрцыд, бæлццæттæ ласыны фæткæвæрды тыххæй, автомобилон фæндæгты арæзтадæн, цалцæггæнæн куыстытæн цы хæрдзтæ хъæудзæн æмæ æндæр фарстатыл ныхас кодта РЦИ-Аланийы Транспорт æмæ фæндагон инфраструктурæйы комитеты сæрдар Солиты Тариэль.
Æмбырдæй хатдзæгтæ кæнгæйæ, Дзанайты Барис загъта, рæгъмæ кæй рахастой бирæ ахсджиаг фарстатæ. «Дарддæр дæр фыццаградон уыдзысты социалон фарстатæ. 60 объектæй фылдæр æрцæудзысты бындурон цалцæггонд. Агропромышленнон комплексæн æххуыс уыдзæнис иу миллиард сомæй фылдæр, уый æнæмæнг фæзындзæн фермерты куыстыл. Сæйрагдæр та, нæхимæ уагъд хæрзхъæд хъæууонхæдзарадон продукци уыдзæн нæ базарты. Нæ республикæйы æппæт дæр арæзт цæуы цæрджыты удæнцойæн», – загъта Дзанайы- фырт.
Гугкаты Жаннæ