Дзæуджыхъæуы Национ наукон библиотекæйы патриотон клуб «Райгуырæн бæстæ» РЦИ-Аланийы Ахуырад æмæ наукæйы министрады разыдзинадæй сарæзта скъоладзауты æрвылазон аив кæсджыты республикон конкурс.
Ам фæбæрæг кæнын хъæуы, ахæм мадзал патриотон клубы разамонæг, историк, бæстæзонæг Хъарданты Тимуры хъæппæрисæй республикæйы фыццаг хатт арæзт кæй не ‘рцыд, къорд азы дæргъы дзы скъоладзаутæ стыр цымыдис æмæ æхсызгонæй архайынц, уыимæ, йе ‘взæгты географи æмæ архайджыты нымæц азæй-азмæ уæрæхдæр кæны. Конкурсы фæткæвæрдмæ гæсгæ сывæллæттæ хъуамæ радзурой æмдзæвгæ дыууæ æвзагыл – иу йæ мадæлоныл, иннæ та, йæхæдæг кæй равзара, уыцы æвзагыл. Кæд фарон мадзалы азæлыд æмдзæвгæтæ 47 дунеон æвзагыл, уæд ныр та сæ нымæц схæццæ 58-мæ, уыимæ, куыд æхсæнадæмон, афтæ, фесæфынæй тæссаг кæмæн у, чысыл адæмыхæттыты уыцы æвзæгтыл дæр. Конкурсы архайджытæй бирæтæ æрмæст аив нæ кастысты æмдзæвгæтæ, фæлæ ма сæ уæлæ скодтой, цы адæмыхæттыты æвзæгтыл дзырдтой, уыдоны национ уæлæдарæс. Уыцы æвзæгтæ та уыдысты, абазинагæй райдай æмæ якутагæй фæу.
Конкурсы кадджын уазджытæ уыдысты: æхсæнад «Русь»-ы разамонæг РЦИ-Аланийы Парламенты депутат Андрей Попов, Хæлардзинады хæдзары директор Александр Охотников, Цæгат Ирыстоны регионалон культурон-рухстауæн æхсæнадон организаци «Иудзинад»-ы разамонæг Кучиты Батрадз, РЦИ-Аланийы ахуы-
рад æмæ наукæйы министрады национ ахуырад æмæ æвзагон политикæйы хайады хицау Нæкуысаты Иринæ æмæ ацы министрады уæлæмхасæн ахуырад æмæ хъомылады хайады хицау Мæрзахъуылты Элинæ, национ политикæ æмæ æддагон бастдзинæдты министрад æмæ «Аланты Ныхас»-ы минæвæрттæ Хъуылымбегты Жаннæ æмæ Уруймæгты Людмилæ, журнал «Мах дуг»-ы редактор Хетæгкаты Оксанæ. Алчидæр дзы йæ ведомствæ æмæ организацийы номæй арфæ ракодта мадзалы архайджытæн, кæронбæттæны та, конкурсмæ стырдæр æвæрæн чи бахаста, уыцы ахуыргæнджытæн ратта кады гæххæттытæ.
Мæнæ нын цы радзырдта Андрей Попов конкурсы тыххæй:
– Ныр дыккаг хатт стыр æхсызгондзинадимæ архайын ацы проекты. Фыццаг хатт – РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло конкурсы уæлахиздзаутимæ куы фембæлд, уæд. Ныр дæр тынг разæнгардæй æрбацыдтæн. Ахæм мадзæлттæ ныртæккæ тынг хъæуынц, ахъаз сты рæзгæ фæлтæры миддуне фæхъæздыгдæр кæнын æмæ Уæрæсейы адæмыхæттыты ‘хсæн ахастдзинæдтæ, хæлардзинады тæгтæ фидардæр кæнынæн.
Байхъусæм ма Дзæуджыхъæуы 8-æм скъолайы æвдæм къласы ахуырдзау Хадаты Владимирмæ дæр:
– Фыццаг хатт архайын ацы конкурсы, йæ кой та йын цалдæр азы разæй мæ мадæй фехъуыстон. Кæй зæгъын æй хъæуы, тыхстæн, фæлæ мæ ахуыргæнæг Габеты Зарæ Алыксандры чызджы разамындæй мæхи хорз бацæттæ кодтон æмæ ме скъола нæ фæхудинаг кодтон, призонты рæнхъытæм бахаудтæн. Тынг æхсызгон мын у уый, разæнгард мæ кæны фидæны дæр конкурсы архайынмæ. Мæ фыццаг æмдзæвгæ «Мæхческæ» ныффыста Темыраты Мурат, дыккаг та «Путник» («Фæндаггон») – Гуыбырты Зæлинæ.
Конкурсы бæрæггæнæнтæ бахынцгæйæ, жюри сбæрæг кодта уæлахиз-
дзаутæ æмæ призон бынæттæ бацахсджыты æмæ сын раттой майдантæ æмæ кады гæххæттытæ. Хицæнæй та ма кæстæр, астæуккаг æмæ хистæр кары æм-
дзæвгæтæ аивдæр бакæсджытæн патриотон клуб «Райгуырæн бæстæ»-йы разамонæг Хъарданты Тимур йæхи номæй саккаг кодта гран-притæ. Иу хатт ма йæ фæбæрæг кæндзыстæм, конкурс къорд азы размæ арæзт æрцыд Тимуры хъæппæрисæй, æрвылазон æй скодта, æппæт хæрдзтæ дæр йæ саразыны тыххæй йæхимæ райсы. Ирыстоны цæрджытæ йын йæ æхсæнадон архайдимæ хорз зонгæ сты, аразы æндæр республикон турниртæ дæр сывæллæттæн, зæгъæм, шахмæттæй, стæй ма бирæ алыхуызон патриотон мадзæлттæ.
ГАПБАТЫ Алетæ