Турнир рауад бæрæгбонау

0
45

Дзæуджыхъæуы Хъуылаты Бадзийы номыл спортивон галуан «Манеж»-ы уыдысты нæ республикæйы гом турнир «Аланийы Кубок» рамбулыныл лæгæй-лæгмæ тохты хуыз «Комбат» æмæ каратэйы æмхæццæ хуызæй ерыстæ.

Турнир арæзт æрцыд паддзахадон программæ «Физикон культурæ æмæ спорты райрæзт»-ы фæлгæты. Йæ сæйраг нысан у ацы спорты хуызтæ парахат кæнын, рæзгæ фæлтæры æнæниздзинад фидардæр кæнын.

Турниры РЦИ-Аланийы спортивон клубты хъомылгæнинæгтæй уæлдай, архайдтой Кæсæг-Балхъар æмæ Хуссар Ирыстоны республикæты спортсментæ.

Æдæппæтæй спортивон галуаны цы ‘ртæ гауызы æмæ октагон æвæрд уыди, уым сæ арæхстдзинад æвдыстой æхсæзсæдæ спортсмены. Сæ кармæ гæсгæ, спортсментæ дихгонд цыдысты цалдæр къордыл.

Каратэйы æмхæццæ хуызæй чи ерыс кодта, уыдоны ’хсæн уыдысты, куыд фæсивæдон кары уæвæг, афтæ хæрз æвзонг (6-7-аздзыд) лæппутæ æмæ чызджытæ дæр.

Ерыстæ гом кæныны мадзал рауад бæрæгбонау зæрдæмæдзæугæ. Спортсментæ æмæ спортуарзджытæн зæрдиаг арфæтæ ракодтой нæ республикæйы лæгæй-лæгмæ тохты цалдæр хуызы федерациты разамонджытæ, РЦИ-Аланийы физикон культурæ æмæ спорты министр Хуадонты Артур, турнир аразджыты хистæр, ерысты сæйраг тæрхонгæнæг Таймазты Игорь. Сæ аивадæй мадзал барæсугъд кодтой ансамбль «Аивад»-ы хæдахуыр артисттæ.

Ерыстæ лæгæй-лæгмæ тохты алы хуызæй дæр рауадысты цымыдисаг. Стыр тырнындзинад равдыстой уæлахизмæ каратэйы æмхæццæ хуызæй хæцæг æвзонг лæппутæ æмæ чызджытæ. Уыдон дихгонд уыдысты 6-7, 8-9, 10-11, 12-13, 14-15, 16-17 аздзыдтыл, æмæ алы кары дæр уыди къордгай сæрæн лæппутæ æмæ чызджы-
тæ.

Лæгæй-лæгмæ тохты иннæ хуыз «Комбат»-мæ цы цалдæр хуызы тохтæ хауынц, уым бæрæггонд цыдысты уæлахиздзаутæ, куыд кæстæр кары, афтæ ас спортсменты ’хсæн дæр.

18 азæй хистæр спортсментæн уыд сæрмагонд ерыстæ уæлахиздзауы рæттæ рамбулыныл. Уыцы тохтæ рауадысты уæлдай цымыдисагдæр. Кæронбæттæнмæ чи рацыд, уыцы спортсменты тохты уæлахиздзауты рæттæ рамбылдтой: 57 кг – Пæррæстаты Олег (РХИ), 61 кг – Давид Гасанбеков (БК), 67 кг – Исламидин Нематулла (БК «Барс»), 71 кг – Зассеты Родион (БК «Колизей»), 77 кг – Марат  Макаров (БК «Барс»), 84 кг – Цхуырбаты Тимур (БК «СКИФ» Алагир).

Турниры сæрмагонд тæрхонгæнæг, зындгонд тренер Таймазты Игорь ерысты тыххæй загъта: «Нæ ерысты уый бæрц архайджытæ кæй уыди, уый йæхæдæг у æхсызгон хъуыддаг. Нæ турнир сарæзтам дыккаг хатт æмæ, цæмæй уый бæрц спортсментæн хъæугæ уавæртæ уа, уый æнцон хъуыддаг нæ вæййы. Ацы хъуыддаджы мæ фарсмæ æрбалæууыдысты æмæ зæрдиагæй бацархайдтой ерысты ацыд бахуызæнæн кæныныл: Æфсæддон къах-къухæй тохты федерацийы президент Сергей Спорыш, нæ республикæйы Айкидойы федерацийы президент Вячеслав Славин, РЦИ-Аланийы Панкратионы федерацийы президент Фардзинты Роберт, нæ республикæйы Лæгæй-лæгмæ тохты æмхæццæ хуызы федерацийы президент Ибрагим Гасанбеков, Лæгæй-лæгмæ тохты комплексы хуызы федерацийы президент Хъыбызты Юри. Се ’ххуысы хай бахастой Таймазты Вадим æмæ октагоны ринг-ононсер Куыдзиаты Сослан».

 

Баскаты Уырызмæг

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here