Уастырджийæ арфæгонд фæци

0
41

Уæд Гуылæрты Барис йæ æстæймаг азы бацыд, фæлæ уæддæр дзыхæй нæма сдзырдта. Хъусгæ кодта æмæ йæ алыварс цыдæриддæр цыд, уый æмбæрста, зыдта. Уый уыд 1953 аз, æмæ зыдта, Мæскуыйы Сталин кæй амард. Адæм ыл тынг фæрыстысты. Йæ фыд Иликъо – хæстæфхæрд, хæствæллад лæг та йæ фырмæтæй цалдæр æхсæвы хæдзармæ дæр не ’рбацыд. Уый Сталины амардыл рыст, йæ мад Самон та йæм мæсты кодта. Афтæ дæр ма загъта: «Æмæ нын хорзæй цы фæци, ме ’фсымæртæ æмæ хиуæтты мын хæстмæ акодта, æмæ дзы цал æмæ цал нал æрыздæхт йæ хæдзармæ?!»

Ацы уавæр Барис рæстмæ не ’мбæрста, йæ мад ын йæ фыды маст уыцы хуызы басабыр кæныны тыххæй кæй дзырдта, уый. Æмæ тыхст, се ’хсæн хъаугъа куы райхæла. Йæ мады хъæбысмæ йæхи баласта, сабыртæ йæ кæны. Æвæццæгæн, уæдæй тынгдæр æй никуы бафæндыд, йæ бон дзурын куы уаид, уый.

Барисæй тынгдæр та йæ мады фæндыд, йæ хъæбул æм искуы, дзыцца, зæгъгæ, куы сдзурид, уый. Йæ сæрыхицау Иликъоимæ сын дунемæ рантыст æхсæз чызджы æмæ дыууæ лæппуйы. Чызджытæй æртæйæ дзурынц дзыхæй, иннæтæ сты гоби. Хъусгæ бæргæ кæнынц, фæлæ дзургæ нæ кæнынц. Барис сын куы райгуырд, уæд дзы ныфс бæргæ æвæрдтой, фæлæ та уымæй дæр фыдæнхъæл фесты – ныр йæ æстæм азы бацыд æмæ… Æмбаргæ алцыдæр хорз кæны, зæгъын дæр æй цыдæртæ фæфæнды, фæлæ сæ не сфæразы. Иликъо йæ Ломисы Уастырджийы бынмæ хъуамæ акæна, уымы дзуарылæгты куывд ыл кæд æрцæуид. Æмæ сæрды æрцыдмæ бæллицмæ æнхъæлмæ кæсæгау кастысты бинонтæ.

Кæрдæгхæссæны фæстæ æртыццæджы æрхæццæ Ломисы Уастырджийы бæрæгбон дæр. Бæрзонд рагъыл йæ рухс кувæндон, дардмæ дæр цæхæртæ калы. Йæ хурыскæсæны ‘рдыгæй гуырдзыйы хъæутæ, хурныгуылæны та – Хуссар Ирыстоны кæмттæ. Гуылæртæ Уехергомы цардысты æмæ зæдæн æмбæлгæ æгъдауимæ зæрдæрайæ атагъд кодтой Ломисы Уастырджийы кувæндоны бынмæ батабутæ йæм кæнынмæ.

Барис хъуыста йæ мад æмæ фыды бæллиццаг хъуыдытæ, алцыдæр æмбæрста, æнкъардта йæ удæй æмæ райзæрдæйæ сдзурын æнхъæл араст ис йæ хистæрты фæдыл. Уастырджийы рухс кувæндоны бын ыл базыртæ базад, бæллицы æнкъарæнтæ ноджы тынгдæр сабухтой йæ зæрдæйы, æмæ дзуарылæг Гуылæрты æртæ æртæдзыхонæй Стыр Хуыцау æмæ Уастырджийы ном куы ссардта, уæд омменгæнджыты «оммен»-ы ‘хсæн Барисы хъæлæс дæр райхъуыст. Адæм фæуыргъуыйау сты. Кувæг лæг Дзебысаты Уардо та йæ зонгуытыл æрхауд. Йæ къухтæ хæрдмæ систа æмæ сдзырдта: «О, табу дын уа, сыгъзæрин Уас-
тырджи! Нæ куывд кæмæ фехъуыст æмæ нын нæ зæрдæ чи барухс кодта!» Стæй йæ рахизфарс æрбахъæбыс кодта Барисы æмæ йæ йæ хъæбысы уæлæмæ систа. Куывддон адæм Барисмæ ныккомкоммæ сты,  куырдтой дзы ноджыдæр ма исты зæ-
гъын. Æмæ сын уый дæр дзуапп лæвæрдта. Йæ нана – йæ фыдымад Пагион та фырцинæй йæхи цы фæкодтаид, уый нал зыдта.

Гъе, афтæ, Гуылæрты Барис арфæгонд фæци Уастырджийæ, æмæ йæ йæ царды зын фæндагыл йæ рахиз базыры бын дары. Йæ цард та зын уый тыххæй уыд, æмæ йын æрмæст йæ зæронд фыд æмæ мад даринаг, рæвдауинаг нæ уыдысты, фæлæ йæ гоби хотæ æмæ æфсымæр дæр.

Уехергомы бахъомыл Барис æмæ йын ацы комы, стæй йæ алыварс Душеты, Ломисы, Дзимыры, Хъуды æмæ æндæр кæмтты ирон цæрджытæ базыдтой йе ’взыгъддзинад, æнæзивæг уыд хохаг лæппу алы куыстмæ дæр. Йæ фыды, йæ мады хæстæджыты зыдта номæй-номмæ, Советон æфсады рæнхъытæм æй куы кодтой, уæд сæм фыста фыстæджытæ. Ныр дæр сыл у иузæрдион. Æмæ æрмæст уыдоныл нæ, фæлæ йæ зонгæтыл дæр. Службæйæ куы сыздæхт, уæдмæ йæ хотæ Дуси, Надя æмæ Женя сæ амонд ссардтой. Сæ хъæубæстæ та цæрынмæ Цæгат Ирыстонмæ ралыгъд. Баззадысты ма дзы йæ фыд æмæ мад сæ иннæ цотимæ. Барис скъоладзауы кары йæхæдæг дæр фылдæр Цæгат Ирыстоны уыд, йæ фыды æфсымæртæм цæргæйæ ахуыр кодта Тарскæ æмæ Дæллаг Санибайы скъолаты, стæй та – техникумы. Уымæ гæсгæ уымæн дæр йæ зæрдæ рахсайдта Цæгат Ирыстонмæ, æмæ æрбынат кодта Заводы поселочы. Ардæм æркодта йæ мад æмæ фыды дæр. Ам цардæй ахицæн сты 1981 азы. Ардæм æрласта йæ рынчын хотæ Къатуса, Венерæ, Фузæ æмæ æфсымæр Хетæджы дæр.

«Бæргæ сæ нæ фæндыд, кæм райгуырдысты, кæм бахъомыл сты, йæ алы къахвæндаг, бæлас, суадон, кæм цы зайы, уый дæр кæмæн зыдтой, уыцы фыдыуæзæгæй, – са-
гъæсгæнгæ дзуры Барис. – Фæлæ цард йæхионтæ домы. Адæймаг йæ кæс-
тæрты хорз фидæны тыххæй цы нæ бакæндзæн. Хæхбæстæ фæскъуым у, дунейæ – иппæрд. Кæстæртæн та царды уæрæх фæндæгтæ хъуамæ гом уой».

Кæстæртæ Гуылæрты Барисæн йæ цардæмбал Хъалæгаты Симæимæ ис фондз: æртæ чызджы æмæ дæууæ лæппуйы. Лæг æмæ, дам, ус фæрæты хъæдæй барст сты. Симæ зыдта, йæ амондагурæг цы бинонтæм цæуы, уый, æмæ Барисы ныфсæй нæ фæтарст йæ рынчын мадызæнæг хотæ æмæ æфсымæры уавæрæй, йæ зæронд мад æмæ фыдæн лæггад кæнынæй. Æмæ йæ фыд Бæдæго, йæ мад Мæдинæты адæмы раз ницæмæй фæкъæмдзæстыг кодта. Чызгау лæггад кодта йæ хицау æмæ йе ’фсинæн, хойау рæвдыдта йæ гоби ходыгъдтæ æмæ тиуы. Абон ма рынчынтæй ис иунæг ходыгъд. Сæ алы хъуыддаг дæр сын æгъдауыл фæкодта. Йæхи никуы ницæуыл атигъ кодта, бафæлладтæн, бафæлмæцыдтæн, зæгъгæ. Хойы цард кæны, Барисæн
æдзухдæр йæ фæдисон чи у, кæрæдзи уындæй кæимæ не ’фсæдынц, уыцы хо Женяимæ. Куырттаты комы цæры Гуыриаты фæрнджын хæдзары, Дзаххотимæ (æрæджы цардæй ахицæн) сын ис фæзминаг кæстæртæ.

Барис иузæрдион у ирон литературæ æмæ аивадыл. Йæ бон у зарæг сисын дæр. Уæдæ йын ирон литературон уацмыстæй æнæбакæсгæ кæцы баззад, уый зын зæгъæн у. Йæхæдæг дæр фыссы чысыл радзырдтæ, нывтæ, у дзырдарæхст. Литературæмæ йæ ахастдзинады тыххæй мын ахæм цау радзырдта. Службæмæ йæ куы акодтой, уæд ма Уехергомы цардысты, æмæ йæ зæрдæ тынг æхсайдта йæ бинонтæм. Уæлдайдæр – сæрдыгон, зымæгмæ сын хос, суг чи æрцæттæ кæндзæн, зæгъгæ, тынг тыхст. Æмæ йæм æрцыди Хуссар Ирыстоны Фысджыты цæдисмæ, Джусойты Нафимæ йæ сагъæс ныффыссыны фæнд. Ныффыста. Æмæ куыд æнхъæл стут? Нафи йын дзуапп ратта, зæрдæ йын бавæрдта, Уехергоммæ кæй бацæудзæн æмæ йын йæ зæронд фыд, мад, рынчын мадызæнæгæн зымæгмæ хос кæй ныккæрддзæн. Нафи уыцы иу рæстæг курдиат ныффыста, Барис цы æфсæддон хайы службæ кодта, уый командирмæ, цæмæй йæ сæхимæ отпусчы рауадзой. Уыцы курдиаты руаджы Барисы æртæ азы алы сæрд дæр сæхимæ хос кæрдынмæ уагътой, æмæ Нафийы Уехергоммæ цæуын нал бахъуыд. Фæлæ, æвæдза, уый цæс аудындзинад уыд Нафийæн, зонгæ нæ, фæлæ йæ ном хъусгæ дæр кæмæн никуы фæкодта, уыцы кæстæрыл! Стыр лæгæн йæ алы ми дæр стыр у!

Гуылæрты Барис у газет «Рæстдзинад»-ы æхсæнадон уацхæссæг. Йæ фыст æрмæджытæ газеткæсджыты зæрдæмæ тынг цæуынц, вæййынц ирон нуарджын, аив æвзагæй ахсджиаг фарстатыл фыст. Барис иузæрдион у ирон æвзагыл, ирон литературæйыл, культурæйыл, аивады кусджытыл, се сфæлдыстадыл. Дзыллæты ‘хсæн сæ пропагандæ кæны, архайы, цæмæй сæ кæстæр фæлтæртæ дæр зоной. Тынг фæрыст Джыккайты Шамилы фæхъуыдыл. Уый хъæппæрисæй горæтмæ Джызæлы ‘рдыгæй æрбахизæны алвæндæгты астæу афæдзы бæрц баннерыл кондæй фæци йæ къам. Йæхи йын бирæ адæм зоны, зианы уа, цины – алы ран дæр у æгъдаудæттæг, æгъдауæвæрæг, марды уæлхъус дзургæйæ – дзырдарæхст. Уæлдайдæр та Заводы поселок æмæ Михайловскы хъæуы. Хъæу ахæмтæй фидауы, æмæ йын аккаг аргъ кæнынц адæм дæр. Йе ’гъдауæй йæхицæн ном скодта!

Гуылæры-фырт у йæ адæмы хъæбул, риссы сæ рисыл, цин кæны сæ циныл. Архайы, цæмæй уой æнгомдæр. Уымæн ын фадат дæр ис, Стыр Ныхасы номæй дзургæйæ, у Промышленнон районы Ныхасы активы уæнг. Æмбырдты йæхимæ æрыхъусын кæны дзыллæты. У горæт Дзæуджыхъæуы Æхсæнадон советы уæнг дæр. Йæ мыггаджы ном хæссы кадджынæй.

 

Цгъойты Хазби

15 мартъийы Гуылæрты Барисыл æххæст кæны 80 азы. Уый фæдыл ын газет «Рæстдзинад»-ы кусджытæ зæрдæбынæй арфæ кæнынц. Æнæниз æмæ æнæмастæй, дæ бинонты хорздзинæдтæ уынгæйæ, сæдæ азы фæцæр!

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here