«Кавказаг инвестицион форум»-мæ цæттæдзинады фарстатæ

0
139

Цæгат Ирыстоны Экономикон рæзты министрад æмæ иннæ профилон ведомствæтæ бавнæлдтой æрвылазон егъау равдыст «Кавказаг инвестицион форум»-мæ цæттæдзинады мадзæлттæм. Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ.

Азы сæйрагдæр экономикон æмбырдтæй иуы архайджыты размæ республикæ рахæсдзæн йæ ахсджиагдæр инвестицион проекттæ. Уымæй уæлдай, регионы экспозицийы равæрдзысты ирыстойнаг куыстуæтты продукци æмæ адæмон промыслæты æрмдæсныты куыстытæ.

Ацы хатт форум йæ куыст кæндзæн горæт Минеральные Водыйы 25-27 майы. Равдыстыты бирæкъабазджын центр «МинводыЭкспо»-йы фæзуæттыл æрбынæттон уыдзысты Цæгат Кавказы федералон зылды регионты экспозицитæ, Мæскуы æмæ иннæ уæрæсейаг регионты кусæг промышленнон æмæ инвестицион компаниты стендтæ. Уымæй уæлдай, равдысты архайыны фæнд равдыстой Сау æмæ Хъаспы денджызты алыварс бæстæты минæвæрттæ дæр.

Зæгъæм, фарон форумы архайджытæ æмæ уазджыты нымæц уыд 4 мины бæрц. Ацы аз цæттæгæнæг комитетмæ барвыстæуыд зынгæ фылдæр курдиæттæ – экономикон æмбырды архайынвæнд кæнынц 5 мин адæймагæй фылдæр: хицаудзинады оргæнты минæвæрттæ, уæрæсейаг æмæ фæсарæйнаг компаниты разамонджытæ, ахуыргæндтæ, эксперттæ, дзыллон информацийы фæрæзты кусджытæ…

Форумы архайджытæ бæстон æрдзурдзысты Цæгат Кавказы регионты социалон-экономикон райрæзтыл, ахадгæдæр инвестицион проекттыл. Пленарон æмбырд, тематикон сесситæ, презентацитæ – форумы ацы æмæ иннæ мадзæлтты рæстæг ныхас уыдзæн амалхъомады, агропромышленнон комплексы, транспорты, энергетикæйы, туризм æмæ иннæ къабæзты рæзтыл, дунеон æмгуыстад парахатдæр кæныныл…

2024 азы форумы архайджытæ цы инвестицион бадзырдтæ бафыстой, уыдоны иумæйаг аргъ уыд 106 миллиард сомы бæрц. Уæд Цæгат Ирыстон дæр цалдæр бадзырды сфидар кодта «Æфснайæн банк», «Дом.РФ» æмæ æндæр уæрæсейаг компанитимæ.

СЛАНТЫ Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here