Ацы ном не ’ппæтæн дæр зонгæ у Нарты кадджытæй. Уæдæ нæ царды дæр Уырызмæг зындгонд ном у. Уæртæ Ирон театры – Хуырымты Уырызмæг, инæлар Огойты Уырызмæг, иннæ ахæм – Баскаты Уырызмæг! Кæуылты сты, кæ, се’ппæт дæр – хъуыстгонд, уарзон нæ Ирыстоны! Абон иу-дыууæ ныхасы зæгъинаг дæн Баскаты Уырызмæджы тыххæй.
Кæддæр ВРЗ-йы клубы уыд хихъæппæрисадон къордты фестиваль. Æз уырдæм бацыдтæн. Баййæфтон, сценæйы иу æрыгон лæппу Къостайы æмдзæвгæ «Перед судом» куыд кастис, уый. Дисы мæ бафтыдта. Концерты фæстæ йæ агуырдтон, фæлæ йæ нал ссардтон.
Азтæ цыдысты. Мæскуыйы Нывкæнынады академийы куы ахуыр кодтон, уæд нын Щукины номыл театралон училищæимæ иу æмдзæрæн уыдис. Иу изæр фæцæуын æмдзæрæны, æмæ мæ комкоммæ иу лæппу æрбацæуы. Цыдæр зонгæ мæм фæ-
кастис. Баурæдтон æй, фæрсын æй, чи дæ, ам цы архайыс, уæд æмæ, зæ-
гъын, уæд ВРЗ-йы клубы «Перед судом» нæ кастæ?
– О, уыд ахæм хабар, – дзуапп ратта æмæ мын йæ ном, йæ мыггаг загъта. Æз æй мæ хъæбысы ныккодтон, ныр дæ, зæгъын, цалдæр азы куы агурын! Уæдæй абонмæ æфсымæртау æнгом цæрæм. Мæскуыйы ахуыры рæстæг цы театры нæ уыдыстæм, ахæм нæ баззад. Иу хатт «Королевский-Шекспировский» театр гастрольты уыд МХАТ-ы. Билет ссарæн нæ уыд, фæлæ мах уырдæм дæр куыддæртæй бахаудыстæм. Иннæ хатт та Гуырдзыйы Руставелийы номыл театр гастрольты уыдис Кремлы
театры. Уырдæм дæр тынг зын бахауæн уыд. Уырызмæгимæ администрацийы бацæуæнмæ бацыдыстæм, исты амалæй уæлæмхасæн (приставной) бынæттæ кæд нæ къухы бафтид, зæгъгæ, ахæм хъуыдыимæ. Æз рудзынджы раз лæугæ ауыдтон Георгий Жженовы. Бацыдтæн æм. Фæрсын æй, ды дæр, зæгъын, «приставной» бынат агурыс? Уый дæр мæ бафарста, чи дæн, уымæй, æмæ йын мæхи бацамыдтон. Уый кассæмæ хæстæг бацыд, бадзырдта, дыууæ «приставнойы» ма æри, зæгъгæ. Тынг хорз бынæттæ нын рауадысты. Æвдисгæ та кодтой «Король Лир», сæйраг ролы – къарол Лиры хъазыд Серго Закариадзе. Спектакль куы фæци, уæд «къарол Лир» бацыд, , «королевское ложе» кæй хонынц, уырдæм, бадтыс-ты дзы Георгий Жженов æмæ Иннокентий Смоктуновский, æмæ сын йæ сæрæй ныллæг акуывта. Уырызмæгимæ нæ цард лымæнæй-лымæндæр кодта. Абон бутылкæтæ бырондонмæ калынц, уæд та сæ истой дуканитæм, æхца сын лæвæрдтой. Мах
Уырызмæгимæ ахæм бутылкæтæ æмбырд кодтам, дуканимæ сæ лæвæрдтам. Æхца-иу нæм æрбахауд нæ стипендийæ бирæ фылдæр. Бутылкæтæ чи лæвæрдта, уыцы рады-иу лæууыдысты зындгонд артисттæ дæр.
Ахуыр фестæм. Уырызмæг кусын райдыдта Ирон театры, истой йæ кинонывты дæр. Иу рæстæджы Ирон театры уыд спектакль Георгий Дмитриевы пьесæйыл, æмæ дзы Уырызмæг хъазыд фашис-ты ролы. Афтæ бакуыста йæ сурæтыл, æмæ бирæ фашисттæй фашистдæр рауад. Ныртæккæ Уырызмæг кусы «Рæстдзинад»-ы, спорты темæ у йæ бæрныгонд.
Ме ‘рдхорд мæ хæдзары кæддæриддæр вæййы хистæры бынаты. Иу хатт Нафийы æрбахуыдтон нæхимæ, æмæ уыцы фынгæн дæр Уырызмæг уыд хистæр. Мæ хорз хæлар, ме ‘фсымæр Уырызмæгыл ма бирæ хорз хабæрттæ ис радзурын. Мæ хъысмæт афтæ рауад, æмæ дыккаг хатт кодтон бинонты хъуыддаг. Скодтон æй, къухылхæцæг, æмæ нын уæдæй фæстæмæ бынтон хион сси. Иуахæмы мæ бинойнаг ме ‘мбæлттæй æппæлы, фæлæ Уырызмæджы уæлдæр кæны. Ацы хъуыддаг мæхæдæг анекдотау æрхъуыды кодтон, уадз æмæ уа худæджы хуызы! Мæ цардæмбал загъта: «Де ‘мбæлттæ – сæ иу иннæмæй хуыздæр, фæлæ дзы уæддæр Уырызмæгæй хуыздæр нæй». Уый та, зæгъын, куыд, Дамир та, Зауыр та, Марклен та? «Уыдон дæр хорз сты, фæлæ дзы Уырызмæгæй лæгдæр нæй, ахæм сæрыхицау мын мæ хай чи фæкодта!» Афтæ Уырызмæгимæ нæ цард цæуы хъæлдзæгæй, зæрдæрухсæй.
Алкæмæн дæр мæ зæрдæ зæгъы ахæм æмбæлттæ. Бирæ ма ахæссæнт нæ царды бонтæ.
ДЗБОЙТЫ Михал, Уæрæсейы Федерацийы
сгуыхт нывгæнæг