Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Советы радон æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз.
Депутаттæ æркастысты æмæ равзæрстой республикæйы социалон-экономикон æмæ æхсæнадон-политикон цардимæ баст федералон æмæ республикон закъонты проекттæ æмæ Уæрæсейы Федерацийы иуæй-иу субъектты закъонæвæрынадон хъæппæристæ.
Советы уæнгтæ байхъуыстой «Бирæфатерон хæдзæртты иумæйаг исбоны бындурон цалцæджы республикон программæ æххæст кæныны 2024 азы бæрæггæнæнты æмæ 2025 азмæ пъланты тыххæй» республикæйы Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрады хъусынгæнинагмæ. Раныхасгæнæг – министры хæдивæг Надгериты Батрадз куыд радзырдта, афтæмæй нæ республикæйы программæ аххæсдзæн 25 азы, æмæ йæ нысан у адæмы царды уавæртæ хуыздæр кæнын. Программæйы архайджытæ сты, сæ иумæйаг фæзуат 8,7 милуан квадратон метры кæмæн у, республикæйы æппæт уыцы бирæфатерон хæдзæрттæ, кæлæддзагыл нымад чи æрцыд, уыдонæй фæстæмæ. Ивгъуыд аз бындурон цалцæггæнæн куыстытæ хъуамæ арæзт æрцыдаид 53 хæдзары, уыдонæй 15 хæдзары куыстытæ кæронмæ ахæццæ сты, 5 – кæронмæ фæхæццæ кæнынц, иннæты та нырма уал цæуы æмæ рахызтысты ацы азмæ. Афтæмæй, 2025 азы райдайæнмæ программæ æххæстгонд æрцыд 37 процентæй. Ацы аз пъланмæ гæсгæ бындурон цалцæггонд
хъуамæ æрцæуа 72 бирæфатерон хæдзары иумæйаг исбон. Уыдонæй 9 хæдзары куыстытæ фесты, 5 – кæронмæ фæхæццæ кæнынц, иннæты ныртæккæ цæуынц хъæугæ гæххæттытæ цæттæ кæныны æмæ конкурс саразыны бындурыл подрядон организаци сбæлвырд кæныны куыстытæ. Уымæй уæлдай, раныхасгæнæг йе ‘ргом аздæхта лифттæ ивыны хъуыддагмæ æмæ бындурон цалцæджы тыххæй фиддонтæ æмбырд кæныны фарстамæ. Фиддонтæ æмбырд кæныны хъуыддаг сагъæссаг кæд у, уæддæр азæй-азмæ хуыздæр кæны. Зæгъæм, 2019 азы æмбырдгонд æрцыд фиддонтæн сæ 37 проценты, 2023 азы та – 76 проценты. Фæлæ ацы нымæцæн дæр хорзыл банымайæн нæй, æмæ цæрджытимæ, иумæйаг исбоны хицæуттимæ, цæуы æмбарынгæнæн куыст. Лифтты тыххæй ныхас кæнгæйæ, министры хæдивæг куыд загъта, афтæмæй ацы аз хъуамæ баивой 34 хæдзарæн сæ зæронд лифттæ, афтæмæй 2030 азмæ æппæт лифттæ дæр ногтæй хъуамæ баивой.
Раныхасы фæдыл фарстытæ æмæ фиппаинæгтæ уыд Тускъаты Таймуразмæ, Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг Тхостаты Муратмæ, Парламенты Сæрдары хæдивæг Ортабайты Тимурмæ. Сæ фарстытæ баст уыдысты программæйы куыстæн иумæйаг аргъ скæнынимæ, ацы азы пълантæ æмæ куыстыты хæрзхъæддзинадимæ.
Фарстайы фæдыл ма доклад скодта Парламенты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад æмæ арæзтадон политикæйы фарстаты фæдыл комитеты сæрдар Остъаты Георги.
Парламенты зæххы æмæ аграрон политикæйы, экологи æмæ æрдзон фæрæзты комитеты сæрдар Кочораты Олег æркæсынмæ рахаста «Уæрæсейы Федерацийы зæххы кодексы статьямæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» федералон закъоны проект. Ныхас цæуы, зæххы хæйттæ лæвар дæттын кæмæн æмбæлы, адæмы уыцы къордтæ фæфылдæр кæныныл æмæ, Уæрæсейы Федерацийы Гæрзифтонг тыхтимæ контракт чи бафыста, уыдоны, стæй сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты сæм бафтауыныл. Хъæппæрис, æнæмæнг, у хорз, æмæ цæгатирыстойнаг депутаттæ йемæ сразы сты. Фæлæ Уæрæсейы ис, зæххытæй кадавар регионтæ, уыдонмæ хауы Цæгат Ирыстон дæр. Уымæ гæсгæ, Тускъаты Таймураз Парламенты уæнгтæн бахæс кодта зæххы хæйттæн сæ ныхмæ компенсацийы хуызы æххуысы мадзæлттыл бакусын æмæ сын закъонæвæрынадон бындуртæ саразын.
Æмбырды ма цы федералон æмæ республикон закъонты проекттæм æрцыд каст, уыдоны фæдыл ныхас кодтой Парламенты профилон комитетты сæрдартæ Черчесты Аслан, Хæдарцаты Аслæнбег, Киситы Мурат, Джиоты Георги.
Депутаттæ æрныхас кодтой Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æвдæм равзæрст Парламенты æртын фарæстæм æмбырды боны фæткыл æмæ сбæлвырд кодтой йæ саразыны æмгъуыд.
ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ