Знон РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг ПЛАТЫ Альбинæйæн горæт Пятигорскы уыд пресс-конференци регионалон информацион центр «ТАСС Кавказ»-ы. Цæгат Ирыстоны Хицауады бæрнон кусæг журналисттæн радзырдта, регионы социалон политикæйы уагæвæрдтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый тыххæй.
Ныхасы рæстæг æргом аздæхтой бирæ ахсджиаг фарстатæм: æнæниздзинад хъахъхъæнынады, ахуырады, культурæйы кусæндæтты цалцæг æмæ арæзтад, медицинæ æмæ иннæ къабæзты кусджыты кадавар, рæзгæ фæлтæры профориентаци, ахуырадон чингуытæ æмæ афтæ дарддæр.
Платы Альбинæ куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазы дæр кадрты фарстаимæ ис тыхстдзинæдтæ. Йæ ныхасмæ гæсгæ, хъæугæ специалистты кадавар уæлдай тынгдæр зыны дæрддзæф æмæ хæххон цæрæн бынæтты уавæрыл. Хицауады Сæрдары хæдивæг куыд загъта, афтæмæй фарста алыг кæныныл арæзт цæуы бæлвырд мадзæлттæ.
Сывæллæтты сæрдыгон фæлладуагъды кампанийыл дзургæйæ, Платы Альбинæ фехъусын кодта бæлвырд нымæцтæ. Афтæ, сæрдыгон фæлладуагъд æмæ æнæниздзинад фæфидардæр кæныны мадзæлттæ аххæсдзысты 36 мин сывæллоныл. Скъоладзаутæ æмæ иннæ æнахъомтæ сæ фæллад кæм æмæ куыд уадздзысты, ууыл ныртæккæ кусынц профилон республикон ведомствæтæ.
Фæстаг рæстæг бирæ ныхас цæуы Ирыстоны историйы тыххæй ног ахуырадон пособитæ бацæттæ кæныныл. Хицауады Сæрдары хæдивæджы ныхасмæ гæсгæ, ныртæккæ кæронмæ фæхæццæ кæны Ирыстоны историйы ног чиныг. Куыд нысангонд цæуы, афтæмæй ног ахуыры азы райдайæнмæ чиныг хъуамæ мыхуыры рацæуа. Ахæм фæткыл куыст цæуы æндæр ахуырадон литературæйыл дæр.
Пресс-конференцийы архайджытæ се ’ргом аздæхтой Уæлахизы 80 азы кадæн мадзæлттæм дæр. Платы Альбинæйы ныхасмæ гæсгæ, Цæгат Ирыстон ахадгæ мадзæлттæ цæттæ кæны Уæлахизы бæрæгбонмæ. Уыдоны ‘хсæн: æфсæддон парад Дзæу-
джыхъæуы, фембæлдтытæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæ æмæ фæсчъылдымы фæллойгæнджытимæ, патриотон акцитæ «Æнæмæлгæ полкъ», «Георгийы лент» æмæ «Сæ цæсгæмттæм сын бакæс», историон-рухстауæн конференцитæ, равдыстытæ…
Дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæ цымыдисдзинад равдыстой республикæйы культурон цардмæ дæр. Культурæйы къабазы ахсджиагдæр цаутыл дзургæйæ, Платы Альбинæ куыд бафиппайдта, афтæмæй Ирыстон йæхи цæттæ кæны дыккаг дунеон театралон фестиваль «Вахтангов. Фыдыуæзæгмæ фæндагыл»- мæ. Уыцы егъау аивадон мадзал уыдзæн сæрды, йæ архайджытæ уыдзысты Мæскуы æмæ æндæр уæрæсейаг регионты зындгонддæр театртæ…
Фембæлды рæстæг бынат уыд бирæ æндæр фарстытæн дæр. Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдары хæдивæг бацархайдта се ’ппæтæн дæр бæстон æмæ æппæтвæрсыг дзуаппытæ раттыныл.
СЛАНТЫ Аслан