«Уæлахизы арт» – алы скъолайæн дæр

0
46

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 80 азы бонмæ Дзæуджыхъæуы райдыдта акци «Уæлахизы арт». Ацы хъуыды, фыццаджыдæр, æрцыд Дзæу-
джыхъæуы 11-æм скъолайы 11«б» къласы ахуырдзаутæм. Уыдон Дзæуджыхъæуы Намысы мемориалы Æнусон артæй ссыгътой «Уæлахизы арт» æмæ йæ лампадæйы хуылфы сæ уарзон скъоламæ æрбахастой.

Дарддæр «Уæлахизы арт» лæвæрд цæуы иу скъолайæ иннæмæ. Дзæуджыхъæуы 38-æм скъолайæ йæ райста 37-æм скъола. Уый фæдыл цы кадджын мадзал бацæттæ кодтой, уым архайдтой Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Ходы Мæдинæ, ахуырады управленийы разамонæг Тотойты Наталья, æфсæддон тæхæг, авиацийы  инæлар-майор Къаболаты Солтан, Афганистаны хæст æмæ десантон æфсæдты ветеранты советты минæвæрттæ, Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ, 38-æм скъолайы чи ахуыр кодта æмæ Украинæйы зæххыл чи фæмард, уыдоны ныййарджытæ, ахуыргæнджытæ æмæ скъоладзаутæ.

Ахуырдзаутæ бацæттæ кодтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты темæимæ баст цыбыр спектаклтæ. Ахæм мадзæлттæ ахъаз сты рæзгæ фæлтæры
патриотон хъомыладæн, цæмæй, йæ цард фидæны сабырдзинады сæраппонд чи радта, уыцы æдзард хæстонты нæмттæ рох ма уой.

Уазджытæн арфæ ракодта 38-æм скъолайы директор Сланты Мæдинæ.

Æхсызгон у уый, æмæ ацы акци Цæгат Ирыстоны райгуырд, фæлæ ныридæгæн æнæхъæн бæстæйыл дæр ахæлиу. «Уæлахизы арт» нæ республикæйæ дарддæр ахæццæ Мæскуы, Бетъырбух æмæ суанг Дард Скæсæнмæ дæр. Афтæмæй Уæрæсейы æппæт скъолаты дæр ацæу-
дзæн ахæм мысæн акци.

 

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here